Цӕрӕнуӕттӕ — хӕсты ветерантӕн

0
354

 

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветерантӕн цӕрӕнуӕттӕн Цӕгат Ирыстонӕн радих кӕндзысты 23 милуан сомӕй фылдӕр.

Уый фӕдыл уынаффӕ сфидар кодта Уӕрӕсейы Хицауады Сӕрдар Михаил Мишустин. УФ-йы Хицауадӕн 8 октябры цы ӕмбырд уыд, уым премьер-министр профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ регионты разамонджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй уыцы уынаффӕ ӕххӕст кӕныны мадзӕлттӕ ахицӕн уой 2020 азы кӕронмӕ.

Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ветеранты цӕрӕнуӕттӕй сифтонг кӕнынӕн уӕлӕмхасӕн фӕрӕзтӕ радих кӕндзысты 65 уӕрӕсейаг регионӕн. Уыцы фӕрӕзты фӕрцы ног фатертӕ ратдзысты, йӕ царды уавӕртӕ фӕхуыздӕр кӕныны нысанимӕ сӕрмагонд рады чи лӕууы, уыцы 607 ветеранӕн. Ӕмткӕй райсгӕйӕ, уыцы нысанӕн Хицауад радих кӕндзӕн 1 миллиард сомы бӕрц.

(«ТАСС»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here