Хӕрзиуджыты хуын Наро-Фоминскӕй

0
243

Мӕскуыйы облӕсты, горӕт Наро-Фоминскы фесты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы чемпионаты ерыстӕ.

Куыд амӕй размӕйы азты, афтӕ та ацы хатт дӕр чемпионаты ӕппӕты фылдӕр архайджытӕ уыди Дагестанӕй. Нымӕцмӕ гӕсгӕ, дыккаг бынаты уыди Ирыстоны командӕ. Хӕрзиуджытӕ рамбулыныл сӕйраг ерысгӕнджытӕ дӕр уыдысты уыдон. Кӕд ирыстойнаг богӕлттӕ ерысты цыппорӕй архайдтой, уӕд дагестайнӕгтӕ та уыдысты дыууӕ хатты фылдӕр.

Чемпионаты ерыстӕ цы дӕс уӕзы цыдысты, уыдонӕй асты фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дагестаны минӕвӕрттӕ, ирыстойнӕгтӕ та фӕуӕлахиз сты дыууӕ уӕзы. ӕвзист майдантӕ дагестайнаг богӕлттӕ рамбылдтой цыппар, ирон богӕлттӕ та — фондз. ӕртыккаг бынӕттӕ, куыд Дагестан, афтӕ Ирыстон дӕр бацахстой фӕйнӕ ӕхсӕз хатты. Афтӕмӕй Дагестаны командӕ рамбылдта 18 майданы, Ирыстон та — 13.

Нӕ богӕлттӕй фыццаг фесгуыхт Тускъаты Азӕмӕт. Уый 57 кг онг уӕзы йӕхи равдыста тынг сӕрӕнӕй. Фӕд-фӕдыл фӕуӕлахиз ӕртӕ ныхмӕлӕууӕгыл ӕмӕ кӕронбӕттӕны фембӕлд Дагестаны минӕвар Заур Угуевимӕ. Сӕ дыууӕ дӕр кӕрӕдзийы рагӕй зонынц, ӕмӕ сӕ фембӕлд рауад тынг хъазуатон. Размӕ бырсыныл фылдӕр архайдта Тускъаты Азӕмӕт, фӕлӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг тынг къӕрцхъусӕй йӕхи хъахъхъӕдта. Минутӕй фылдӕр куы рацыди, уӕд тӕрхонгӕнӕг Угуевы фӕивар кодта, ӕмӕ хыгъд сси Азӕмӕты пайдайӕн 1:0. Ацы хыгъд фембӕлды дыккаг ӕмбисмӕ баззад. Заур Угуев фылдӕр архайдта йӕхи бахъахъхъӕныныл ӕмӕ Тускъайы-фырт, кӕд размӕ бырста, уӕддӕр тӕрхонгӕнӕг уый дӕр фӕивар кодта, ӕмӕ хыгъд сси 1:1. Ахӕм уавӕры фембӕлд куы фӕуа, уӕд уӕлахиз фӕдӕттынц, фӕстаг балл кӕмӕн радтой, уымӕн. Афтӕмӕй уӕлахиздзауыл нымад ӕрцыд Угуев, Тускъаты Азӕмӕт та 2-аг бынатмӕ рацыд. Фембӕлдмӕ чи касти, уыдонӕй бирӕтӕ тӕрхонгӕнӕджы уынаффӕимӕ разы не сты ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, раст сты. Ӕппынкъаддӕр уый хъуамӕ дыккаг хатт фӕивар кодтаид Угуевы, размӕ цӕуыныл кӕй нӕ архайдта, уый тыххӕй.

61 кг онг уӕзы Ирыстонӕй цы дыууӕ ӕрыгон богалы хӕцыдысты, уыдонӕй хӕрзиуӕг рамбулын никӕмӕн бантыст.

65 кг онг уӕзы Олимпиаг чемпион Рӕмонты Сослан йӕ фыццаг дыууӕ ныхмӕлӕууӕгыл бӕргӕ  фӕуӕлахиз и, фӕлӕ уый фӕстӕ ӕнӕнхъӕлӕджы фӕхӕрд дагестайнаг богал Загир Шахиевӕн ӕмӕ ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй баззад. Ацы уӕзы 3-аг бынатмӕ рацыд Гогаты Алан.

Тынг хорз рахӕцыдысты нӕ богӕлттӕ 70 кг онг уӕзы. Дунейы фароны чемпион Байаты Давид ӕмӕ Уалыты Чермен ӕнӕкъуыхцыйӕ фӕуӕлахиз сты фӕйнӕ цыппар ныхмӕлӕууӕгыл ӕмӕ кӕронбӕттӕны фембӕлдысты 1-аг бынат бацахсыныл ерысы. Сӕ тох уыди тынг цымыдисаг. Фыццаг Чермен  цырд ныббырст ацарӕзта ӕмӕ ӕмбулын райдыдта 4:0 хыгъдӕй. Куыдфӕстӕмӕ Байаты Давид йӕ архайд фӕдӕрзӕгдӕр кодта ӕмӕ йын бантыст хыгъд 2:4 скӕнын, фӕлӕ дарддӕр Уалыйы-фырт рӕдыд нал ӕруагъта, ӕмӕ афтӕмӕй фыццаг хатт сси Уӕрӕсейы чемпион, Байаты Давид та рацыд 2-аг бынатмӕ.

Тынг цымыдисаг рауадысты ерыстӕ 74 кг он уӕзы. Ацы уӕзы хӕцыдысты, дунейы чемпионты нӕмттӕ чи хӕссы, нӕ уыцы лӕппутӕ Сидахъаты Зауырбег ӕмӕ Цӕболты Хетӕг. Дыууӕ ӕмбалы ерысты хӕлттӕ сӕ кӕрӕдзиимӕ ӕгӕр раджы фембӕлын кодтой. Уыцы фембӕлды Цӕболы-фырт фӕуӕлахиз ӕмӕ, уый фӕстӕ кӕронбӕттӕнмӕ куы рацыд, уӕд Зауырбегӕн фадат фӕци 3-аг бынатыл атох кӕнынӕн.

Зауырбег ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕуӕлахиз йӕ ныхмӕлӕуджытыл ӕмӕ бацахста 3-аг бынат.

Цӕболты Хетӕг кӕронбӕттӕны 1-аг бынат бацахсыныл тох кодта дагестайнаг богал Разамбек Шамаловимӕ ӕмӕ йын фӕхӕрд 1:5-хыгъдӕй.

79 кг онг уӕзы ирыстойнаг богӕлттӕй хӕрзиуӕг никӕмӕ ӕрхауди.

Ӕнӕмӕнг, сыгъзӕрин майданы аккаг уыди Найфонты Артур. 86 кг онг уӕзы Артур тынг сӕрӕн хӕст ракодта йӕ цыппар ныхмӕлӕуджытимӕ. Фӕуӕлахиз сыл ис ӕнӕдызӕрдыгӕй ӕмӕ кӕронбӕттӕны 1-аг бынат бацахсыныл ерысы Даурен Куруглиевимӕ куы фембӕлд, уӕддӕр тырныдта уӕлахизмӕ. Дагестайнаг богал фембӕлды фыццаг ӕмбисы 2:1 хыгъдӕй цыди разӕй, фӕлӕ уый фӕстӕ, Найфоны-фырт йӕ архайд куы фӕхъазуатондӕр кодта, уӕд ма ӕрмӕстдӕр архайдта йӕхи Артуры ныббырстытӕй бахъахъхъӕныныл. Уыцы рӕстӕг дисы бафтыдта тӕрхонгӕнӕджы архайд. Куыддӕр-иу Артур йӕ ныхмӕлӕууӕджы къахмӕ баирвӕзт мӕнӕ йӕ, гъеныр гауызыл ӕрӕппара, зӕгъгӕ, афтӕ та-иу ныхситт кодта ӕмӕ-иу тохы цыд баурӕдта. Афтӕмӕй фембӕлды кӕронмӕ хыгъд баззад 2:1 — Даурен Куруглиевы пайдайӕн, ӕмӕ уый 1-аг бынат бацахста, Найфонты Артур та  2-аг бынатыл ӕрлӕууыд.

92-кг онг уӕзы ирыстойнаг богӕлттӕн бантыст ӕрмӕстдӕр иу бронзӕ майдан рамбулын. Уыцы хӕрзиуӕгӕй хорзӕхджын сси Цӕкулаты Батырбег.

Ирон богӕлттӕ ӕртӕ хӕрзиуӕджы рамбылдтой 97 кг онг уӕзы. 3-аг бынӕттӕм рацыдысты Гӕззаты Аслӕнбег ӕмӕ Джиоты Эрик. Нӕ иннӕ богал Соттиты Аслӕнбег та кӕронбӕттӕны фембӕлд дагестайнаг богал, Олимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау Абдулрашид Садулаевимӕ. Ацы фембӕлды Садулаев рамбылдта 8:2 хыгъдӕй, фӕлӕ Соттийы-фырты архайд дӕр рауад тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

Ирыстоны богӕлтты архайдӕн рӕсугъд кӕрон скодтой нӕ уӕззау уӕзон богӕлттӕ. Уыдонӕн бантыст сыгъзӕрин ӕмӕ бронзӕ майдантӕ рамбулын.

Бронзӕ майданӕй хорзӕхджын сси Голоты Витали, сыгъзӕрин майдан та рамбылдта Хуыгаты Алан. Кӕронбӕттӕны Алан 7:4 хыгъдӕй фӕуӕлахиз дагестайнаг богал Шамиль Шариповыл ӕмӕ дыккаг хатт сси Уӕрӕсейы чемпион.

Нӕ богӕлттӕ, ӕмткӕй райсгӕйӕ, 13 хӕрзиуӕджы кӕй рамбылдтой, уый банымайын хъӕуы хорз бӕрӕггӕнӕныл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕндыдис нӕ, 1-аг бынӕттӕ фылдӕр куы уыдаиккой, уый. Уӕлдайдӕр та хардзау кӕсы, нӕ богӕлттӕй кӕйдӕрты ӕнӕнхъӕлӕджы аххоссӕгтӕ кӕй бахъыгдардтой, уый.

Уӕрӕсейы 2020 азы чемпионтӕ систы: 57 кг — Заур Угуев (Дагестан), 61кг — Абасгаджи Магомедов (Дагестан), 65 кг — Гаджимурад Рашидов (Дагестан), 70 кг — Уалыты Чермен (Ирыстон), 74 кг — Разамбек Жамалов (Дагестан), 79 кг — Ахмед Усманов (Дагестан), 86 кг — Даурен Куруглиев (Дагестан), 92 кг — Алихан Жабраилов (Дагестан), 97 кг — Абдулрашид Садулаев (Дагестан), 125 кг — Хуыгаты Алан (Ирыстон).

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here