Социалон рӕзты ахсджиаг мадзӕлттӕ

0
397

РЦИ-Аланийы фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис кусӕг фембӕлд сарӕзта республикӕйы дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзты минӕвӕрттимӕ. Ныхас дзы цыд, мӕгуырдзинады ныхмӕ тохы фӕдыл федералон программӕ нӕ республикӕйы куыд ӕххӕстгонд цӕуы, ууыл.

— Бӕлвырддӕрӕй, мӕгуырдзинады ныхмӕ тохы фӕдыл федералон программӕ йӕ  архайд хъуамӕ 2021 азӕй райдайа. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ абон уыцы фарстайыл куыст нӕ цӕуы. Цы национ проекттыл кусӕм, уыдон иууылдӕр здӕхт сты нӕ республикӕйы цӕрджыты цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Зӕгъӕм, Адӕмӕн куысты бынӕттӕ дӕттыны комитет национ программӕты фӕрцы архайы хистӕр кары адӕмы ног дӕсныйӕдтыл сахуыр кӕныныл, кӕнӕ сӕ зонындзинӕдтӕ фӕфылдӕр кӕныныл ӕмӕ сын ног куысты бынӕттӕ ссарыныл. Уымӕй уӕлдай, Наукӕ ӕмӕ ахуырады министрад рӕвдауӕндӕтты гом кӕны фылдӕр бынӕттӕ сабитӕн, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕн фадат уа ахуыр ӕмӕ фӕллой кӕнынӕн дӕр. Ахӕм уавӕр ис хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ арӕзтадон министрадты дӕр. Ома, цы инфраструктурӕ арӕзт цӕуы, уый здӕхт у адӕмы цард фӕхуыздӕр кӕнынмӕ. Уыцы хъуыддаджы нӕ сӕйрагдӕр хӕс у адӕмӕн баххуыс кӕнын царды зын уавӕрӕй рацӕуынӕн. Фыццаджыдӕр, ӕнӕмӕнгӕй уый у финансон ӕххуыс. Уымӕ гӕсгӕ ныхас цӕуы ӕвӕрӕз цӕрджытыл. Уый фӕдыл нӕм бюджеты сӕрмагондӕй ацы программӕйӕн ӕвӕрд ӕрцыдысты ӕхцайы фӕрӕзтӕ 151 милуан сомы. Уыдон ӕрцӕудзысты дих цыппар хайыл. Уыцы хӕйттӕй иу уыдзӕн  амалхъомады рӕзт. ӕвӕрӕз адӕймаг хъуамӕ равдиса бизнес-пълан, йӕ зӕрды цы куыст кӕнын ис, уый, ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн 250 мин сомы.

Иннӕ хай у, йӕ хӕдзарады ӕххуыс кӕй хъӕуы, уыдонӕн. Ахӕм адӕм абон сты 280 адӕймаджы, ӕмӕ дзы алчидӕр райсдзӕн 100 мин сомы. Дарддӕр сӕхӕдӕг хъуыды кӕндзысты, сӕ хӕдзарады рӕзтӕн сӕ ахсджиагдӕр цы хъӕуы, фӕрӕзтӕ цӕуыл схардз кӕной, ууыл.

Ӕртыккаг хай уыдзӕн куысты бынӕттӕ ссарыны хъуыддаг. Уырдӕм хауынц 420 адӕймаджы. Алчидӕр дзы райсдзӕн 63 мин сомы. Ацы фӕрӕзтӕ сӕ бон уыдзӕн схардз кӕнын, зӕгъӕм, ног дӕсныйад райсыныл.

Цыппӕрӕм хай лӕвӕрд цӕудзӕн куыд финансон ӕххуыс, алы аххосӕгтӕм гӕсгӕ йӕ бон кусын кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕмӕн. Зӕгъӕм, бирӕсывӕллонджын ныййарджытӕ, кӕнӕ йӕ ӕнӕниздзинад хъыгдард кӕмӕн у, ахӕм адӕмӕн сӕ бон нӕу коммуналон хӕрдзтӕн бафидын. Уӕд сын ӕнӕмӕнг хъӕуы баххуыс кӕнын. Уыцы граждӕнты категоримӕ хауынц 420 адӕймаджы. Алчидӕр дзы ӕххуысы фӕрӕзӕн райсдзӕн 38 мин сомы бӕрц.

Хъойбайты Галинӕ

Къам систа Хъайырты Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here