Фембӕлд — Ирыстоны хъӕппӕрисджын фӕсивӕдимӕ

0
249

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав видеоконференцийы бастдзинады фӕрцы фембӕлд, Уӕрӕсейы Стратегион хъӕппӕристы фӕндонӕй арӕзт форум «Тыхджын хъуыдытӕ ног рӕстӕгӕн»-мӕ сӕ инвестицион проекттӕ чи балӕвӕрдта, уыцы ирыстойнаг фӕсивӕды къордимӕ.

Ныхасы архайдтой республикӕйы экономикон рӕзты министр Томайты Хъазыбег, Уӕрӕсейы Стратегион хъӕппӕристы агентады РЦИ-Аланийы регионалон ӕхсӕнадон минӕвар Мрикъаты Марат, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы ӕххуысгӕнӕг Гусаты Юри, стӕй регионалон министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты разамонджытӕ.

Фембӕлды райдайӕны Битары-фырт куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстон 2013 азӕй фӕстӕмӕ ӕнгом ӕмгуыстад кӕны Уӕрӕсейы Стратегион хъӕппӕристы агентадимӕ. Уыцы ӕмархайды сӕйраг нысантӕ сты инвестицион проекттӕн цардмӕ уӕрӕх фӕндаг дӕттын, профессион ахуырады системӕ хъомысджындӕр кӕнын, фӕсивӕдон ӕмӕ социалон амалхъомады рӕзтӕн уӕлӕмхасӕн фадӕттӕ аразын.

— Республикӕйы дарддӕры экономикон рӕзт йӕ инвестицион хъомысӕй бирӕ аразгӕ кӕй у, уый дызӕрдыггаг нӕу. Ӕмӕ цӕмӕй уыцы нысан къухы ӕфта, уый тыххӕй бирӕ организацион фарстытӕ алыг кӕнын хъӕуы. Фӕрныгдӕр экономикон фидӕнмӕ фӕндагыл нӕ къухы цы ӕнтыстдзинӕдтӕ ӕфты, Стратегион хъӕппӕристы агентадимӕ ӕмархайд куыд рӕзы, уымӕн аргъ скӕнӕн ис, ацы федералон ведомствӕ цы ӕрвылазон национ рейтинг саразы, уый бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ.

Зӕгъӕм, фаронимӕ абаргӕйӕ, 2020 азы Цӕгат Ирыстон уыцы рейтингы 8 къӕпхӕны фӕуӕлдӕр ӕмӕ ныртӕккӕ 85 уӕрӕсейаг регионы ‘хсӕн ис 46-ӕм бынаты. Абарынӕн ма ахӕм нымӕцтӕ: 2016 азы Цӕгат Ирыстон уыцы рейтингмӕ бахастой фыццаг хатт — уӕд республикӕ уыд 79 бынаты. Уӕдӕй нырмӕ рейтингы 33 къӕпхӕны фӕуӕлдӕр.

Стратегион хъӕппӕристы агентадимӕ ӕмгуыстады, стӕй ӕндӕр мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныны фӕрцы уӕлӕмхасӕн мадзӕлттӕ аразӕм фӕсивӕдон ӕмӕ социалон амалхъомады райрӕзтӕн. Мӕ зӕрдӕ дарын, ирыстойнаг фӕсивӕды проекттӕ ӕппӕтуӕрӕсеон форум «Тыхджын хъуыдытӕ ног рӕстӕгӕн»-ы ӕнтыстджынӕй кӕй архайдзысты, ууыл», — загъта Битарты Вячеслав.

Томайты Хъазыбег куыд радзырдта, афтӕмӕй уӕлдӕр амынд ӕппӕтуӕрӕсеон форум кусдзӕн 11-12 ноябры горӕт Сочийы. Уыцы уӕрӕх равдыстмӕ цӕттӕ кӕныны куысты фӕлгӕты августы-сентябры РЦИ-Аланийы Экономикон рӕзты министрад бамбырд кодта, республикӕйы дарддӕры социалон-экономикон райрӕзтӕн ахъаз чи фӕуыдзӕн, уыцы инвестицион проекттӕ. Афтӕмӕй сӕрмагонд федералон къамис ӕппӕтуӕрӕсеон форуммӕ нӕ республикӕйӕ равзӕрста 17 алыхуызон инвестицион проекты (уыдон бацӕттӕ кодтой 10 авторы).

Уый фӕстӕ ӕрыгон автортӕ бӕстон радзырдтой сӕ проектты тыххӕй. Зӕгъӕм, сӕрмагонд программӕ «Зондаби»-йы координатор Лазарты Зӕринӕ бацӕттӕ кодта ахуырадон курсыты проект райдайгӕ ӕрыгон амалхъомтӕн. Зӕринӕйы ныхасмӕ гӕсгӕ, программӕйы фӕрцы ӕрыгон амалхъомтӕн бындурӕвӕрӕн зонындзинӕдтӕ дӕтдзысты закъонӕвӕрынады уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ хи бизнес райдайыны сусӕгдзинӕдты тыххӕй.

Ӕнӕххӕст бӕрнондзинады ӕхсӕнад «Кристалл»-ы директор Хацъӕты Олег та форумы бавдисдзӕн промышленон технологийы къабазимӕ баст проект «Ног дуджы промышленност ӕмӕ экологи рагон цивилизациты технологитимӕ». Автор фӕндон хӕссы, рагон технологитӕй пайда кӕнгӕйӕ, хӕххон-ӕрзӕткъахӕн куыстады хауӕццӕгтӕй нырыккон экологон арӕзтадон ӕрмӕджытӕ уадзын. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм экологон ӕгъдауӕй ӕдас дур ӕмӕ плиткӕ зынгӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзысты республикӕйы арӕзтадон къабазы фадӕттӕ.

Афтӕ, Вячеслав Фокин, Тауаситы Марат ӕмӕ иннӕ автортӕ дӕр радзырдтой сӕ проектты хицӕндзинӕдты тыххӕй.

Ӕмбырды архайӕг специалисттӕ хорз аргъ скодтой ӕппӕт проекттӕн дӕр.

Фембӕлдӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав арфӕ ракодта автортӕн, цымыдисаг ӕмӕ рӕстӕджы домӕнты аккаг проекттӕ кӕй бацӕттӕ кодтой, уый тыххӕй. Республикӕйы Сӕргълӕууӕг профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ министрадты разамонджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй проекттӕ царды рауадзынӕн мадзӕлттӕ саразой.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here