Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн фембӕлд уыд Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы разамонӕг Руслан Лечхаджиевимӕ. Ныхасы архайджытӕ ӕрдзырдтой автомобилон фӕндӕгты арӕзтад ӕмӕ цалцӕгыл, стӕй республикӕйы фӕндагон инфраструктурӕйы объекты иумӕйаг нывылдзинадыл.
Фембӕлды рӕстӕг куыд загъдӕуыд, афтӕмӕй фӕстаг дыууӕ азы дӕргъы Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы тыхтӕй республикӕйы бакодтой бирӕ ахсджиаг куыстытӕ — бындуронӕй цалцӕггонд ӕрцыдысты автомобилон фӕндӕгты бирӕ хӕйтты ӕмӕ ӕндӕр инфраструктурон объекттӕ. Уыдоны нымӕцы — ӕрыдон ӕмӕ Фыййагдоны цӕугӕдӕтты сӕрты хидтӕ, автомобилон фӕндӕгтӕ «Кавказ» ӕмӕ «Дон»-ы республикон хӕйтты рацарӕзт ӕмӕ ӕндӕртӕ.
— Ӕрмӕст фаронимӕ абаргӕйӕ, ацы аз 30 проценты бӕрц бафтыд, Цӕгат Ирыстоны нӕ управленийы дӕлхайӕдтӕ цы куыстытӕ кӕнынц, ууыл. Зӕрдӕ дарӕн ис, 2021 азы уыцы фӕндагон-арӕзтадон куыстытӕ ноджы ахадгӕдӕр кӕй фӕуыдзысты, ууыл, — фӕнысан кодта Руслан Лечхаджиев.
Управленийы разамонӕг йӕ раныхасы сӕрмагонд ӕргом аздӕхта Дзӕуджыхъӕуы иувӕрсты ног автомобилон фӕндаджы арӕзтадмӕ. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй уыцы ахсджиаг объектты фӕдыл проектон-сметон документацийӕн хорз аргъ скодта Паддзахадон экспертизӕйы службӕ. Арӕзтад райдайынӕн хъӕугӕ фӕрӕзтӕ фидӕн азы бюджеты ӕвӕрд ӕрцӕудзысты. Ныхасы архайджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ӕппӕт организацион фарстытӕ дӕр афойнадыл лыггонд цӕуынц. Уыцы ӕууӕл фадат ратдзӕн ног фӕндаджы арӕзтад фидӕн азы райдайынӕн.
Битарты Вячеслав Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы разамонӕгӕн арфӕ ракодта, Цӕгат Ирыстоны фӕндагон хӕдзарады райрӕзтмӕ стыр ӕргом кӕй здахы, уый тыххӕй. РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы Указӕй Руслан Лечхаджиев хорзӕхджын ӕрцыд майдан «Ирыстоны Намысӕн»-ӕй.
— Цӕгат Ирыстоны ӕппӕт цӕрджыты номӕй дын бузныг зӕгъын дӕ арфӕйаг куысты тыххӕй. Управленийы дӕлхайӕдтӕ искӕцы куыстмӕ куы бавналой, уӕд ӕй зон — фӕндаг арӕзт ӕрцӕудзӕн афойнадыл. Дзӕуджыхъӕуы иувӕрсты ног автомобилон фӕндаг саразыны проект сӕрмагонд федералон программӕмӕ хаст кӕй ӕрцыд, уыцы хъуыддаджы дӕ бавӕрӕн дӕр ис. Уый тыххӕй дын сӕрмагондӕй бузныг зӕгъын, — бафиппайдта Битарты Вячеслав.
Руслан Лечхаджиев йӕ дзуаппон раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй разы у, управлени ӕмӕ республикӕйӕн цы ӕнгом ӕмгуыстад ис, уымӕй.
— Нӕ къухы цы бирӕ арфӕйаг хъуыддӕгтӕ саразын бантыст, уым нын алкӕддӕр ахсджиаг вӕййы де ‘ххуыс дӕр. Зонын ӕй, Уӕрӕсейы транспорты министр Евгений Дитрихимӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фембӕлдтӕ республикӕйы фӕндагон инфраструктурӕйы дарддӕры райрӕзты фарстыты фӕдыл. ӕмӕ уыцы фембӕлдтытӕ дӕр, куыд уынӕм, афтӕмӕй хорзӕрдӕм ахадынц Цӕгат Ирыстоны фӕндагон хӕдзарады уавӕрыл. Мах управленийӕ цы аразгӕ уа, уыцы куыст дӕр афойнадыл ӕххӕст кӕндзыстӕм, — загъта Кавказы автомобилон фӕндӕгты управленийы хицау.
Фембӕлды архайджытӕ ӕрдзырдтой хӕстӕгдӕр азты ахсджиагдӕр арӕзтӕдтыл дӕр. Зӕгъӕм, 2021-2025 азты бындурон цалцӕггонд цӕудзӕн «Транскам»-ы фӕндаг Кӕрдзынӕй Дӕллаг Зӕрӕмӕджы онг, стӕй рацарӕзты куыстытӕ ӕххӕст кӕндзысты Дзӕуджыхъӕуӕй Дӕллаг Ларсмӕ ӕмӕ ӕндӕр фӕндӕгтыл дӕр.
РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ














