Комбӕсты хистӕртӕ

0
239

Ӕвӕдза, куыд ӕхсызгон вӕййы адӕймагӕн мӕнӕ ахӕм рагон къамты фенд. 

Ацы къам ист у ивгъуыд ӕнусы 60-70 азты. Къамы уынӕм Куырттаты комы куырыхон ӕмӕ дзырддзӕугӕ хистӕрты, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты ӕмӕ фӕллойы ветеранты.

Галиуырдыгӕй рахизырдӕм бадынц: Ситохаты Созырыхъо, Цӕгӕраты Созырыхъо, Мырзаганты Сахъман.

Лӕууынц: Ситохаты Дзантемыр, Томайты Созырыхъо, Андиаты Хадзымурат.

Кӕд сӕ абон иу дӕр не ‘хсӕн нал ис, уӕддӕр  комбӕсты адӕмӕй рох нӕу сӕ уӕздандзинад, сӕ ирондзинад, сӕ зӕрдӕхӕлардзинад. Ирон цардыуагӕвӕрдыл къӕм абадын нӕ уагътой, фыдӕлты рӕсугъд ӕгъдӕуттыл фидар хӕцыдысты ӕмӕ сӕ лӕвӕрдтой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Комбӕсты куырыхон хистӕртӕ сӕ фарн семӕ нӕ ахастой — ныууагътой сӕ кӕстӕртӕн.

Се ‘ппӕты кӕстӕртӕ дӕр, фыдыуӕзӕгыл иузӕрдион уӕвгӕйӕ, сӕ хистӕрты фарн цудын нӕ уадзынц, кад ӕмӕ йӕ радимӕ хӕссынц.  Сӕ цӕстуарзон зондамонӕнтӕй абон дӕр пайда кӕнынц комбӕсты ныры хистӕртӕ.

Куыд ис ферохгӕнӕн Цӕгӕраты Созырыхъойы дзырдарӕхстдзинад? Комбӕсты-иу алы циндзинад  дӕр бабӕлвырд кодта. Йӕ аив зард-иу  цы чындзӕхсӕвы нӕ райхъуыст, уый-иу зӕрдӕмӕ дӕр нӕ цыд. Бӕллиццаг-иу уыд  ирон фынджы бадт. Уӕдӕ-иу зианы табӕты раз дзургӕйӕ,  дзыллӕты йӕхимӕ ӕрыхъусын кодта. Мӕнӕ куыд фӕзӕгъынц, йӕ дзыхы ныхасы уыдис  стыр фарн, зӕгъгӕ. Иры дзыхъхъы  цавӕрфӕнды туджджынты дӕр — иу ма бафидауын кодтаид, уымӕн  уӕвӕн никуы уыд.

 Фӕрниаты Рая,

Уӕллаг Фыййагдон

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here