Цӕгат Ирыстон ӕмӕ 58-ӕм ӕфсады ӕмархайды фарстытӕ

0
256

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн кусӕг фембӕлд уыд 58-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсады ног командыгӕнӕг, инӕлар-майор Михаил Зуськоимӕ.

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг инӕларӕн арфӕ ракодта, бӕрнон бынатмӕ йӕ кӕй снысан кодтой, уый фӕдыл.

— Ӕхсызгон мын у, 58-ӕм ӕфсады сӕргъы кӕй ӕрлӕууыдтӕ, уый. Не ‘мгуыстад райдыдта, 58-ӕм ӕфсады штабы хицау куы уыдтӕ, уӕд. Уӕд нын уыд ӕнгом ӕмгуыстад ӕппӕт фарстыты фӕдыл дӕр. Дызӕрдыг нӕ кӕнын, нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нын ахӕм фидар бастдзинӕдтӕ кӕй уыдзӕн, ууыл. Республикон Хицауады оргӕнтӕй цы аразгӕ уа, ууыл нӕ бацауӕрддзыстӕм, цӕмӕй 58-ӕм ӕфсадимӕ ӕмгуыстад ноджы хъомысджындӕр кӕна, — йӕ арфӕйы ныхасы фӕбӕрӕг кодта Битарты Вячеслав.

Михаил Зусько бузныг загъта ӕмӕ, куыд бафиппайдта, афтӕмӕй йын ӕхсызгон у ногӕй Цӕгат Ирыстонмӕ сыздӕхын.

— Уӕлдӕр командыгӕнынады уынаффӕйӕ мӕ службӕ ногӕй адарддӕр кӕндзынӕн республикӕйы. ӕмӕ мын уый уӕлдай ӕхсызгон у, уымӕн ӕмӕ нӕ раздӕры хӕлар ахастдзинӕдтӕ фидӕны ӕнгомдӕр ӕмархайдӕн аразынц хорз фадӕттӕ, — бафиппайдта инӕлар-майор.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here