Адӕмӕн ӕнӕмӕнг зонинаг

0
370

Нӕ зынаргъ ӕмзӕххонтӕ!

«Роспотребнадзор»-ы цӕгатирыстойнаг управлени  адӕмы зӕрдыл лӕууын кӕны: ӕхсӕнадон бынӕтты, дзыллон ӕмбырдты рӕстӕг, транспорты лӕггӕдтӕй пайда кӕнгӕйӕ, санитарон-эпидемиологон ӕдасдзинады мадзӕлттӕ ӕххӕстгонд куы нӕ цӕуой, уӕд административон ӕфхӕрд ӕййафынц, куыд транспорты хицӕуттӕ, афтӕ бӕлццӕттӕ дӕр.

Ӕхсӕнадон транспорты хицӕутты УФ-йы Административон ӕгъдаухӕлдтыты тыххӕй кодексы 6.3-ӕм статьяйы 2-ӕм хайы бындурыл бафхӕрӕн ис 500 мин сомы онг иварӕй, кӕнӕ йын йӕ куыст 90 боны онг бауромӕн.

Бӕлццӕтты та УФ-йы Административон ӕгъдаухӕлдтыты кодексы 20.6.1-ӕм статьяйы 1-ӕм хайы бындурыл бафхӕрӕн ис 1 мин сомӕй 30 мин сомы онг иварӕй.

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here