Хуыбылты Ирэнӕ рамбылдта ӕвзист майдан

0
273

Хорватаг горӕт Поречейы ацы бонты дзюдойӕ цӕуынц Европӕйы 1-аг бынат бацахсыныл ерыстӕ фӕсивӕды (23 азы онг) ‘хсӕн.

Чызджыты ерысты Уӕрӕсейы иугонд командӕйӕ 48 кг онг уӕзы архайдта тренер Кӕсойты Станиславы хъомылгӕнинаг, 19-аздзыд суинаг дзюдоисткӕ Хуыбылты Ирэнӕ.

Нӕ сӕрӕн чызг амӕй размӕ ӕнтыстджынӕй архайдта ӕрыгӕтты (17 азы онг) ӕмӕ фӕсивӕды (20 азы онг) бӕрнон ерысты. 2018 азы Ирэнӕ ӕрыгӕтты ‘хсӕн сси Уӕрӕсейы, Европӕйы ӕмӕ Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзау.

Хорватийы 48 кг онг уӕзы хӕцгӕйӕ, Ирэнӕ кӕд йӕ ныхмӕлӕуджытӕй 2-3 азы кӕстӕр уыди, уӕддӕр равдыста хорз цӕттӕдзинад. Йӕ фыццаг ныхмӕлӕууӕг уыди бельгиаг чызг Пети. Уый  фӕсивӕды дунеон чемпионаты бацахста 3-аг бынат ӕмӕ ныр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, татамимӕ рацыд Европӕйы чемпион суӕвыны зондӕй. Бельгиаг чызджы фӕндтӕ минутмӕ ӕрбайхӕлдта Ирэнӕ. Уый, куыддӕр тӕрхонгӕнӕг бар радта тох райдайынмӕ, афтӕ йӕ ныхмӕлӕууӕджы ацахста ӕмӕ йӕ йе уӕнтыл ӕрӕппӕрста. Тӕрхонгӕнӕг тох баурӕдта ӕмӕ бацамыдта «иппон»-омӕ сыгъдӕгӕй уӕлахиз Хуыбылты Ирэнӕйы пайдайӕн.

Тынг цымыдисаг рауад Ирэнӕ ӕмӕ францаг чызг Понтейы фембӕлд ерысты 1/4 хайы. Дыууӕ ныхмӕлӕууӕджы дӕр арӕзтой цырд ныббырстытӕ иу иннӕйы фӕстӕ, фӕлӕ уӕддӕр Ирэнӕйы архайд рауад ӕрхъуыдыджындӕр ӕмӕ тӕрхонгӕнӕг ӕнӕдызӕрдыгӕй уӕлахиз радта Хуыбылонӕн.

Ерысты ӕрдӕг кӕронбӕттӕны Ирэнӕ фембӕлд испайнаг чызг Лапуэрту Комасимӕ. Ацы тох дӕр рауад тынг цымыдисаг. Испайнаг  чызг уый размӕ фӕуӕлахиз дыууӕ ныхмӕлӕууӕгыл ӕмӕ равдыста хорз арӕхстдзинад. Ирэнӕимӕ дӕр ахъавыд йӕ хуыздӕр гӕнӕнтӕ равдисынмӕ, фӕлӕ уый тынг къӕрцхъус фӕлӕууыди ӕмӕ йӕхӕдӕг йӕ ныхмӕлӕууӕджы рӕсугъд фехста, ӕмӕ  тӕрхонгӕнӕг банымадта «иппон» Хуыбылты Ирэнӕйы пайдайӕн.

Кӕронбӕттӕны Ирэнӕ фембӕлд йӕхицӕй 3 азы хистӕр ӕмӕ фӕлтӕрддджындӕр  францаг дзюдоистктӕ Вьюимӕ. Ирэнӕ тырныдта ацы тох дӕр рӕсугъдӕй рамбулынмӕ ӕмӕ фӕндӕгтӕ агуырдта йӕ ныхмӕлӕууӕджы аппарынмӕ. Вью тынг къӕрцхъус фӕлӕууыди ӕмӕ йӕхӕдӕг дыууӕ хатты спайда кодта Ирэнӕйы рӕдыдтытӕй ӕмӕ йын бантыст фӕуӕлахиз уӕвын.

Ирэнӕ бацахста 2-аг бынат, фӕлӕ йӕ архайд фӕцыди ерыстӕм кӕсджыты зӕрдӕмӕ. ӕнӕмӕнг, Хуыбылон у суинаг дзюдоисткӕ, ӕмӕ йӕ фидӕны стырдӕр уӕлахизтӕн ӕвдисӕн кӕй уыдзыстӕм, уый у уырнинаг хъуыддаг.

Баскаты Уырызмӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here