Тыбылты Георги фӕуӕлахиз дунеон турниры

0
228

Мӕскуыйы уӕгъдибар ӕмӕ грекъаг-ромаг хъӕбысхӕстӕй цы дунеон Гран-при турнир цыди, уым фесгуыхт ирон богал Тыбылты Георги.

Ерысты архайдта 60 кг онг уӕзы ӕмӕ равдыста хорз цӕттӕдзинад. Георги йӕ фыццаг ныхмӕлӕуджытыл куы фӕуӕлахиз, уӕд кӕронбӕттӕны фембӕлд Цӕцӕны республикӕйы минӕвар Анвар Аллахьяровимӕ. Георги ӕмӕ Анварӕн ахӕм фембӕлд фыццаг хатт нӕ уыд. Амӕй размӕ ма Аллахьяров ӕмӕ Тыбылы-фырт кӕронбӕттӕны тох кодтой фӕсивӕды ‘хсӕн Уӕрӕсейы фыццаг бынат бацахсыныл ерысты.

Уыцы фембӕлды фӕуӕлахиз Анвар Аллахьяров ӕмӕ сси Уӕрӕсейы чемпион фӕсивӕды ‘хсӕн, Георги та бацахста 2-аг бынат.

Мӕскуыйы дунеон турниры сӕ фембӕлд рауад цымыдисаг. Дыууӕ богалы дӕр хорз зыдтой кӕрӕдзи гӕнӕнтӕ ӕмӕ тынг къӕрцхъус уыдысты сӕ алы фезмӕлдмӕ дӕр. Ахӕм уавӕры фӕуӕлахиз уӕвын бантысы, тактикон  ӕгъдауӕй цӕттӕдӕр ӕмӕ фӕразондӕр чи разыны, уымӕн. Суанг фембӕлды кӕронмӕ дӕр зын зӕгъӕн уыди уӕлахиздзауы ном, фӕлӕ ӕппынфӕстаг размӕ рацыд Тыбылы-фырт. Георгийӕн бантыст йӕ ныхмӕлӕууӕгыл фӕуӕлахиз уӕвын ӕмӕ сси дунеон Гран-при турниры уӕлахиздзау.

Тыбылты Георги ӕнӕмӕнг у суинаг богал. Уый йӕ тренер Цӕмӕхъуаты Нартимӕ йӕ размӕ ӕвӕры стыр нысантӕ ӕмӕ йын йӕ иузӕрдион фарсхӕцджыты зӕрдӕ зӕгъы уыцы нысантӕм фидар къахдзӕфтӕй цӕуын ӕмӕ  йӕ уарзон богӕлттӕ, Олимпаг хъӕзтыты уӕлахиздзаутӕ Бӕройты Хасан ӕмӕ Хуыгаты Аланы бафӕзмын!

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here