Дохтыр — цардмӕ здахӕг адӕймаг

0
324

Мӕ ӕнӕниздзинадӕй хъаст никуы кодтон, фӕлӕ фӕстаг рӕстӕг иуцасдӕр фӕтыхстӕн, ӕмӕ, низ кӕд афтӕ тӕссаг нӕ уыд мӕ цардӕн, уӕддӕр мӕ бахъуыд дохтыр-хирурджы ӕххуыс.

Операци скӕнынӕн цас медицинон гӕххӕттытӕ ӕрӕмбырд кӕнын хъӕуы, цал дохтыры кабинетыл ӕрзилын, уый хорз зоны, уыцы фӕндагыл чи ацыд, уыдонӕй алчидӕр. Ахӕм рӕстӕг адӕймаг афтӕ стыхсы, ахӕм цъысымы бахауы, ӕмӕ ма дзы йӕ низ дӕр ферох вӕййы. Уӕлдай тынгдӕр ныры рӕстӕг батыхсы. Уымӕн ӕмӕ, алчидӕр ӕй зоны, а фӕстаг рӕстӕг цы низӕфтауӕг рапарахат, рынчындӕттӕ се ‘ргом тынгдӕр уыцы низӕй рынчынтӕм здахынц. Уавӕрӕн бамбарӕн ис. Фӕлӕ, йӕ низӕй чи хъӕрзы, ӕмӕ йе сдзӕбӕх кӕныны хъуыддаг фӕстӕдӕрмӕ кӕмӕн аргъӕвынц, уыцы рынчынтӕ та цы хъуамӕ кӕной? Медицинон ӕвзагыл уыдон хуыйнынц пъланмӕ гӕсгӕ дзӕбӕхгӕнинаг рынчынтӕ.

Ӕвӕццӕгӕн, ӕз дӕр уыдонӕй уыдтӕн. Фӕлӕ мӕ рыстытӕн быхсын мӕ бон куы нал уыд, уӕд бацыдтӕн дохтыртӕм. Мӕ низыхатмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрхуыссыдаин Республикон клиникон рынчындоны. Фӕлӕ уӕдмӕ уырдӕм дӕр ласын райдыдтой коронавирусӕй рынчынты, ӕмӕ дзы ӕндӕртӕн бынат нал уыд. Афтӕ рауад хъуыддаг, уый фӕстӕ мӕ кӕдӕм ӕрвыстой, Горӕтгӕрон районы уыцы рынчындоны дӕр.

Батыхстӕн мӕхинымӕр, ӕмӕ мын раст уыцы хъуырдухӕн бонты бацамыдтой, цӕмӕй ӕххуысмӕ бацӕуон медицинон центр «ӕнӕниздзинад»-мӕ.

Бацыдтӕн уырдӕм, ӕмӕ мӕ хъуыддӕгтӕ рауадысты, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ уыдтӕн, афтӕ. Ныр ӕй куыд ӕмбарын, афтӕмӕй, ме стыр амондӕн, бахаудтӕн, дохтыры дӕсныйад ын ӕрдзӕй лӕвӕрд у, зӕгъгӕ, кӕмӕй фӕзӕгъынц, Хуыцауӕй арфӕгонд ахӕм дохтыр — Хъыргъуты Виталийы къухтӕм. Фӕстӕдӕр куыд базыдтон, афтӕмӕй, Витали Цӕгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академи каст куы фӕци, уӕд 1981 азы кусын райдыдта Тагъд ӕххуысы клиникон рынчындоны. Алы рӕстӕджыты куыста травматологон пункты Беслӕны, Рахизфарсы районы центрон рынчындоны. Алы ран дӕр нымад уыд, йӕ дӕсныйад тынг бӕрзонд кӕмӕн у, йӕ фӕлтӕрддзинад та — бирӕ, ахӕм хирургыл.

Мӕ низыхатмӕ гӕсгӕ мӕ цы операци хъуыд, уый кӕнынц рынчындоны уавӕрты. Операцийы размӕ рынчынӕн скӕнынц наркоз, цӕмӕй рыст ма ‘нкъара, уый тыххӕй. Ахӕм операцитӕ кӕнынӕн уавӕртӕ ис центр «ӕнӕниздзинад»-ы дӕр, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕлӕ йӕм уӕддӕр алы дохтыр ахӕм ран скӕнынмӕ йӕ ныфс нӕ бахӕсдзӕн. Фӕлӕ Витали разынд канд иттӕг дӕсны хирург нӕ, фӕлӕ ма ныфсджын, уыимӕ, фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ мӕм ракаст тынг хорз цӕстӕй, мӕ тыхст мын уайтагъд бамбӕрста, ныфсытӕ мын авӕрдта, тыхсгӕ дӕр ма кӕн, дӕ низӕй дӕ аирвӕзын кӕндзыстӕм, зӕгъгӕ.

Иу-дыууӕ бонмӕ мын скодтой анализтӕ, ӕмӕ хирурджы карды бын ӕрхуыссыдтӕн. Ӕдас кӕм уыдтӕн, фӕлӕ операци рауад ӕнтыстджын. Уый йӕ ныр зонын, Виталийы къухтӕм цы рынчын бахауа, уый хъуамӕ ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрса ӕмӕ мацӕуыл тыхса. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг мӕ хъуыдытӕ уыдысты тынг уӕззау.

Операцийы фӕстӕ ма мӕ хъуыд иу-дӕс боны дӕргъы мӕ бӕстытӕ ивынмӕ цӕуын, ӕмӕ мӕм-иу алы хатт дӕр Витали, уыцы фӕлмӕн ныхас кӕнгӕйӕ, тынг бӕстон ӕркаст, лӕмбынӕг мӕ-иу бафарста, мӕхи куыд хатын, уымӕй, бацамыдта мын-иу, цы кӕнгӕ мын у, уый. Иунӕг цыды дӕр мӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъуыд, кӕд ӕм рынчынтӕ бирӕ вӕййы, уӕддӕр. Уымӕн ӕмӕ, хирург Хъыргъуты Виталимӕ ӕххуысагур цы рынчынтӕ цӕуы, уыдонӕй алкӕмӕн дӕр снысан кӕны бӕлвырд рӕстӕг, ӕмӕ уыцы ӕгъдау хӕлд нӕ цӕуы. Мӕнмӕ гӕсгӕ, уый дӕр дзурӕг у дохтыры нывыл ӕмӕ дӕсны куыстыл. Иннӕ рынчынтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ, иуӕй дӕр дохтыр Хъыргъуйы-фырты тыххӕй ӕнӕразыйы ныхас нӕ фехъуыстон, ӕрмӕстдӕр зӕрдӕбын арфӕтӕ. Витали сӕм цы цӕстӕй ракаст, медицинон ӕгъдауӕй сын куыд баххуыс кодта, уымӕй сӕ алчидӕр уыд разы.

Дохтыр йӕхицӕн царды хӕсӕн равзӕрста ахӕм хъуыды: иннӕмӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ, адӕймаг, ӕппӕты фыццаг, ӕххуыс кӕны йӕхицӕн. Ацы ныхӕсты ис арф хъуыды. Гъемӕ, ацы хъуыдыйыл фӕсмойнаг куыд никуы фӕуа, йӕ равзӕрст дӕсныйад ын зӕрдӕрухсы хос куыд уа, ӕмӕ дзы алкӕддӕр арфӕйагӕй куыд цӕуой йӕ рынчынтӕ, ахӕм амонд ӕй уӕд. Не ‘ппӕтӕн та мӕ зӕрдӕ зӕгъы, Виталийы хуызӕн дохтыртӕ нӕм фылдӕр куыд уа, ахӕм амонд.

НАРТЫХЪТЫ Тотыр

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here