Фиддзысты сын ног хуызы

0
250

Коронавирусон инфекци парахат кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрыны оперативон штабы ӕмбырды нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕрныхас кодта ахсджиаг фарстытыл. Ӕмбырды архайдтой Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады Сӕрдары Администрацийы разамонӕг Челӕхсаты Рустем, иннӕ бӕрнон адӕймӕгтӕ, видеобастдзинады фӕрцы — министртӕ ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕн кусӕндӕтты сӕйраг дохтыртӕ.

Ӕмбырды куыд загътой, афтӕмӕй, эпидемиологон уавӕр кӕй фӕкарздӕр ис, уый азарӕй иуӕй-иу регионты сӕвӕрдтой гӕрӕнтӕ. Цӕгат Ирыстоны уавӕрмӕ ис цӕстдард, фӕлӕ Битарты Вячеславы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады куыстуӕттӕ хъуамӕ уой цӕттӕ пандемийы карз фӕткмӕ. Уый тыххӕй та рынчынтӕн сынтӕджытӕ цӕттӕ кӕнынц. Ацы ран ахсджиаг у рынчындӕтты сӕ ӕвӕрыны ӕмӕ сӕ рафыссыны хъуыддаг раст саразын.

Сфидар кодтой фӕстауӕрцы медицинон кусджыты къордтӕ, поликлиникӕйы терапевттӕ рацыдысты ковид-рынчындӕттӕм. Поликлиникӕты терапевтты кадавардзинад та баххӕстгӕнӕн ис Медицинон академийы хистӕр курсы студенттӕй. Ныртӕккӕ йӕхи амбулаторийы чи дзӕбӕх кӕны, уыдонимӕ студенттӕ кусын райдыдтой. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Годжыцаты Тамерлан куыд загъта, афтӕмӕй ноябрӕй, коронавирусимӕ кусӕг медицинон специалисттӕн сӕ мызд фиддзысты ног хуызы.

Цал рады бакусой, уымӕ гӕсгӕ исдзысты социалон ӕххуыс. Уыцы фӕтк сфидар кодта Уӕрӕсейы Хицауад, йӕ тыхы уыдзӕн 2021 азы кӕронмӕ. Социалон сӕрмагонд ӕххуыс баивтой разӕнгардгӕнӕн фиддонтӕ, октябры кӕронмӕ сӕ райстой медиктӕ. Ӕмбырды кӕрон Битарты Вячеслав фӕсидт дзӕбӕхгӕнӕн кусӕндӕтты сӕйраг дохтыртӕм, цӕмӕй адӕмы хъӕстытӕм къӕрцхъус уой.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here