Битарты Вячеслав: «Хостӕ ӕмӕ рынчынтӕн сынтӕджыты кадавардзинадӕн ӕруадзӕн нӕй»

0
249

«Ныртӕккӕ ӕппӕты сӕйрагдӕр у хосты, ӕмӕ, рынчынтӕ куы сбирӕ уой, уӕд сынтӕджыты кадавардзинад», — уый тыххӕй РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславӕн ныхас рауад коронавирусон хӕцгӕниз парахат кӕнынӕн гӕрӕнтӕ ӕвӕрыны оперативон штабы ӕмбырды.

Архайдтой дзы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, бӕрнон адӕймӕгтӕ, видеобастдзинады фӕрцы та министртӕ ӕмӕ дзӕбӕхгӕнӕндӕтты сӕйраг дохтыртӕ. Сӕйраг дохтыртӕ радзырдтой рынчындӕттӕ ӕмӕ поликлиникӕты уавӕры тыххӕй. Сӕ хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, кӕд рынчынты нымӕц рӕзы, уӕддӕр уавӕрмӕ ис цӕстдард. Алы бон дӕр балхӕнынц хостӕ, рынчынтӕн бынӕттӕ кӕнынц.

«Мах хъуамӕ алы уавӕртӕм дӕр уӕм цӕттӕ. Хъуамӕ нӕм кӕддӕриддӕр уа хостӕ ӕмӕ рынчынтӕн сынтӕджытӕ»,-бафӕдзӕхста Битарты Вячеслав.  16 ноябры,   сӕ куыст райдыдтой ахуырады организацитӕ. «Роспотребнадзор»-ы амынддзинӕдтӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕ специалисттӕ сӕ хъус дардзысты. Уымӕй уӕлдай, хӕцгӕниз куыд парахат кӕны, уымӕ дӕр.

Ӕмбырды архайджытӕ байхъуыстой Сывӕллӕтты республикон клиникон рынчындоны сӕйраг дохтыр Икъаты Муратмӕ. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, сывӕллӕтты ‘хсӕн низ афтӕ нӕ парахат кӕны. «Уавӕр тӕссаг схонӕн нӕй, куыддӕр фӕива, афтӕ ӕвӕстиат мадзӕлттӕй спайда кӕндзыстӕм», — фӕбӕрӕг кодта Икъайы-фырт.

Республикӕйы Сӕргълӕууӕг бафӕдзӕхста дзуапдӕттӕг адӕймӕгтӕн, цӕмӕй сӕ хъус уавӕрмӕ дарой.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here