Къостайы фӕлгонц — ирон аивады

0
277

Хетӕгкаты Къостайы фӕлгонц саразыныл бирӕ фӕкуыстой поэттӕ, композитортӕ, нывгӕнджытӕ, ирон аивады минӕвӕрттӕ. Йӕ удыхъӕдмӕ йын арӕхстджынӕй бавналынмӕ ныртӕккӕ дӕр агурынц алыхуызон мадзӕлттӕ  ӕмӕ фӕрӕзтӕ.

Зын у ацы хъуыддаг, уымӕн ӕмӕ Къоста уыдис тынг арф ӕмӕ вазыгджын, куыд йӕ удыхъӕдӕй, афтӕ йӕ аивады дӕр. Фӕлӕ нӕм уӕддӕр ис бирӕ хорз куыстытӕ скульптурӕйы, графикӕйы, хуызджын нывкӕнынады, уыдоны фӕрцы ирддӕрӕй зыны Къостайы алывӕрсыг гени.

Фӕстаг азты арӕхдӕр кӕнынц сӕрмагонд равдыстытӕ «Къоста ӕмӕ ирон аивад».  Ацы хъуыддаг дзурӕг у, нӕ аивады хуыздӕр минӕвӕрттӕ сӕ уарзон поэты сфӕлдыстадмӕ лӕмбынӕгдӕр ӕмӕ арфдӕр кӕй ӕркастысты, ууыл.  Къостайы  фӕлгонц равдисынмӕ фыццаг йӕ ныфс бахаста стыр нывгӕнӕг Тугъанты Махарбег. Мӕнӕ цы диссаджы  сыгъдӕг уарзтӕй  дзуры нывгӕнӕг,  йӕ зӕрдӕйы, Хуыцаумӕ  кувӕгау, кӕмӕ куывта, уыцы хистӕры аивадыл: «Хетӕгкаты Къостайы аивад, куыд ӕмдзӕвгӕты, афтӕ нывкӕнынады дӕр, мӕнмӕ кӕсы хӕхбӕсты уалдзыгон ауӕзт доны раскъуыдау:  йӕ уылӕнтыл ӕрттивгӕйӕ тӕхынц  арвӕрдыны алы хуызтӕ ӕмӕ йӕ хӕссынц йӕ уарзон адӕмы уидӕгтӕм, куыд  поэзийы, афтӕ нывкӕнынады дӕр».

Махарбегӕн йӕ фыццаг куыст «Къоста — уадфидиуӕг» райгуырди поэтӕн йӕ  поэтикон сфӕлдыстады фӕрцы. Нывы сӕйраг хъуыды у Къостайы  ӕнӕкӕрон  уарзондзинад йӕ Райгуырӕн бӕстӕмӕ, йӕ адӕммӕ. Ӕнӕ уыдон поэты нӕ хъуыди нӕдӕр йӕ цард, нӕдӕр йӕ аивад.

Нывы Къоста лӕууы ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй баст бӕрзонд хӕхты уӕлхъус, йӕ алыварс ӕрцауындзӕг сты сау-сауид мигътӕ. Ацы нывмӕ кӕсгӕйӕ, ӕнӕрымысгӕ нӕй поэты рӕнхъытӕ:

Фидар рӕхыстӕй нын не уӕнгтӕ сбастой,

Рухс кувӕндӕттӕй хынджылӕг кӕнынц.

Мард нын нӕ уадзынц, нӕ хӕхтӕ нын байстой,

Стырӕй, чысылӕй нӕ уистӕй нӕмынц.

Къостайы сӕрыстыр ӕмӕ хъӕбатыр цӕстӕнгас цыргъ кардау аныхсы ӕгӕрон тыгъдады. Фыццаг нывы фӕстӕ Тугъанты Махарбегӕн фӕзындысты йӕ ног куыстытӕ: «Къоста — хасты» (1939), «Булкъон Хоранты Созырыхъойы лӕбурд Къостамӕ» (1939), «Къоста Кипианийы ингӕны уӕлхъус». Уыдоны ӕргом ӕмӕ ахадгӕйӕ зынынц поэты царды хабӕрттӕ.

Къостайы  уацмыстӕн сӕ хъуыдытӕ нывӕфтыдӕй равдисыныл дӕр фыццаг хатт бацархайдта Тугъанты Махарбег. Уыдон сты Къостайы поэмӕ «Фатимӕ», ӕмдзӕвгӕ «Ӕфсати» ӕмӕ ӕндӕртӕ. Нывгӕнӕг комкоммӕ нӕ архайы сӕ  сурӕттӕ равдисынмӕ, фӕлӕ ӕвдисы поэтӕн йӕ зондахаст, йӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ, йе сфӕлдыстадон хъару.

Поэты сурӕт равдисыныл архайдтой бирӕ  ирон курдиатджын нывгӕнджытӕ. Уыдоны  ӕхсӕн ис Тауаситы  Сослӕнбег.   Ирон паддзахадон академион театры  фӕзы ӕвӕрд  Къостайы цыртдзӕвӕн  схонӕн  ис  ӕрмӕст Тауасийы-фырты хуыздӕр  уацмыстӕй  нӕ, фӕлӕ  Ирыстоны монументалон  стырдӕр ӕнтыстытӕй. Уый ссис нӕ горӕты, нӕ республикӕйы, ирон адӕмы  символ.

Нӕ аивады архайджытӕй иу дӕр уазалзӕрдӕйӕ нӕ бавнӕлдта Къостайы сурӕт сфӕлдисынмӕ. Уымӕн агайынц сӕ уацмыстӕ зӕрдӕйы арф ӕнкъарӕнтӕ.  Къостайы алывӕрсыгон  цард сӕрмагонд бынат ӕрцахста ирон графикты сфӕлдыстады. Тынг аив сты Къостайы уацмыстӕм гӕсгӕ арӕзт иллюстрацитӕ

Къостайы цард  ӕмӕ хъысмӕт  алыхуызон аивадон фӕрӕзтӕй равдыстой  бирӕ  курдиатджын нывгӕнджытӕ. Сӕ алкӕй уацмысы дӕр   ирдӕй разынд Къостайы бирӕвӕрсыг цард, йе стыр нысаниуӕг ӕмӕ ахадындзинад.

Уӕлдайдӕр мӕ ӕрдзурын фӕнды  Хетӕгкаты Хъазыбеджы куыстытыл. Уыдонӕн сӕ хуыздӕртӕ сты: «Къостайы сурӕт», «Къоста — хасты», «Номарӕн», «Къостайы ныгӕнӕн бон» ӕмӕ ӕндӕртӕ. «Къоста — хасты» — ацы нывы Хъазыбег уӕлдай ӕввахсдӕр баххӕсти поэт-нывгӕнӕджы сурӕт психологон ӕгъдауӕй равдисынмӕ. Фыст ӕрцыди ӕлвӕст ӕмӕ равзаргӕ ахорӕнтӕй. Комкоммӕ дзы зыны Къостайы зын, фӕлӕ хъӕбатыр цардвӕндаг.

«Къостайы ныгӕнӕн бон» Ирыстоны аивадмӕ, стӕй Къостайы темӕмӕ бахаста бирӕ ногдзинӕдтӕ. Ам  поэты сурӕт сӕйраг нӕу. Ацы ныв дзурӕг у, йе знӕгтӕ йын йӕ мардмӕ  гуымиры цӕстӕй кӕй кӕсынц,  йӕ уарзон, йӕ мӕгуыр хӕххон адӕм та йыл судзгӕ сагъӕс кӕй кӕнынц, ууыл. Хъазыбеджы хъуыды у раст ӕмӕ зӕрдӕрисгӕ …

Уӕлдай хуыздӕр у нывгӕнӕджы  «Номарӕн». Адӕймагмӕ афтӕ кӕсы, цыма Къоста лӕугӕйӕ амарди. Ахӕм мӕлӕт ирон адӕм нымадтой ӕппӕты кадджындӕрыл. Нывмӕ кӕсгӕйӕ, цӕстытыл ауайынц, дунейы стырдӕр нывгӕнджытӕ Чырыстийы мӕлӕт кӕм ӕвдисынц, уыцы нывтӕ, фӕлӕ ам дӕр Хӕтӕгкаты Хъазыбег ссардта йӕхи нывгӕнӕджы сисы хахх, йӕхи фӕндаг. Нывы дзырд  цӕуы, Къоста Ирыстоны фӕтӕг кӕй у, ӕмӕ йӕ урсбоцъо зӕрӕдтӕ мардӕй дӕр сӕ къухтӕй кӕй нӕ уадзынц, ууыл.. Ацы ныв, мӕнмӕ гӕсгӕ, у Иры адӕмы, Иры хуыздӕрты трагикон хъысмӕт…

Къостайы сурӕт алывӕрсыгӕй равдисыныл архайы нӕ нывгӕнджыты абоны  ӕрыгон фӕлтӕр дӕр.

Ӕнусон, ӕнӕмӕлӕт у Къостайы  ном… Цӕудзысты азтӕ, фӕлӕ Къостайы ном фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ уыдзӕн удцырынгӕнӕг, ныфсдӕттӕг, куыд аивады архайджытӕн, афтӕ ӕппӕт ирон адӕмӕн дӕр.

Коцты Юля, аивадиртасӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here