Фӕсивӕды хъӕппӕристӕм — биноныгдӕр цӕстдард

0
230

Знон уыд нӕ бӕстӕйы Муниципалон скондты иумӕйаг уӕрӕсеон ассоциацийы конгрессы фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл комитеты ӕмбырд. Архадтой дзы нӕ республикӕйы, Мӕскуыйы, Красноярскы, Тюмены, Пермы фӕсивӕдон организациты разамонджытӕ. Конд ӕрцыд видеобастдзинады фӕрцы.

Ӕмбырды архайджытӕ ныхас кодтой фӕсивӕды фӕндтӕ, хъӕппӕристӕ ӕмӕ проекттӕн грантты хуызы ӕххуыстӕ бакӕныны ӕмӕ патриотон хъомылады фарстытӕ иудадзыг уӕрӕхдӕр кӕныны хъуыддӕгтыл. Алы республикӕ дӕр ӕмбырды архайджыты размӕ рахаста, гранттӕ дӕттыны мадзӕлтты сӕйрагдӕр цавӕр куыстытӕ амынд цӕуынц, ахӕм фарстытӕ.

Ӕмбырд байгом кодта ӕмӕ ӕппӕт архайджытӕн дӕр арфӕтӕ ракодта, уӕлдӕр амынд конгрессы сӕрдар, нӕ бӕстӕйы фӕсивӕды хъуыддӕгты фӕдыл Паддзахадон Думӕйы комитеты сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Игорь Сапко. Уый радзырдта, нӕ фӕсивӕды фӕндтӕн, проекттӕн алы фадӕттӕ дӕр кӕй хъӕуы аразын, цӕмӕй рӕзой сӕ хъуыдыкӕнынады дуне ӕмӕ курдиӕтты ӕмвӕзад.

— Бӕллиццаг ӕмӕ амондджын фидӕн нӕ фӕсивӕд сты, ӕмӕ абон цавӕр кӕстӕртӕ бахъомыл кӕнӕм, ахӕм фидӕн дӕр уыдзӕн. Уымӕ гӕсгӕ, хистӕр фӕлтӕры хӕстӕ егъау ӕмӕ бӕрнон сты уыцы рӕсугъд фидӕны бындурӕн. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕсивӕдмӕ арӕхдӕр байхъусын, цы фӕндтӕ сӕм ис, хорздзинӕдтӕй сӕ цы фӕнды саразын ӕмӕ сын алывӕрсыг ӕххуыстӕ кӕнын, — загъта Игорь Сапко.

РЦИ-Аланийы фӕсивӕдон организаци «Интеллектуалон-сфӕлдыстадон клуб Альбус»-ы президент Жаннӕ Бориева та бӕлвырд радзырдта, клубы фӕндон кӕй уыдис сфӕлдыстадон куыст хъӕууон бынӕтты фӕсивӕдимӕ кӕнын ӕмӕ сӕ къухы цы бафтыд, уый фӕдыл.

— Ӕнцон нӕ уыд хъӕууон фӕсивӕды интеллектуалон-сфӕлдыстадон архайдмӕ ӕрбаздахын, уымӕн ӕмӕ нӕ уыд кадртӕ, сӕрмагонд программӕ. Фӕлӕ, уыцы фӕсивӕды тынг фӕндыд алыхуызон проектты архайын ӕмӕ афтӕмӕй сӕхимӕ цы ног фӕндтӕ ӕвзӕрдис, уыдоныл бӕстондӕр кусын. Мах сарӕзтам, «Интеллектуалон-сфӕлдыстадон проекттӕ царды рауадзыны ӕмӕ фӕсивӕды ӕвдӕлон рӕстӕджы фарстытӕ алыг кӕныны» проект.

Проект ӕххӕст кӕныны хъуыддаджы нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыд нӕ республикӕйы разамынд ӕмӕ нын баххуыс кодтой. Зындзинӕдты сӕрты ахизын та нӕ къухы бафтыд фӕсивӕды бӕллицтӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон цардмӕ сӕхи ӕвӕрӕн хӕссыны хъуыддагмӕ тырнындзинады фӕрцы. Клуб нӕ республикӕйы районты активонӕй архайдта фӕсивӕдимӕ. Лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ цыдысты республикон конкурстӕм ӕмӕ-иу уӕлахизимӕ ӕрыздӕхтысты. Сфӕнд кодтам алы районы дӕр нӕ клубы хицӕн хайӕдтӕ байгом кӕнын ӕппӕт хъӕугӕ мадзӕлттимӕ.

Спортивон ӕмӕ кафты аивады секцитӕй уӕлдай ныр алы ран дӕр ис интеллектуалон-сфӕлдыстадон клубтӕ, кӕцытӕ ахъаз сты фӕсивӕды интеллектуалон-сфӕлдыстады гӕнӕнтӕ бӕрӕг кӕнынӕн. Сарӕзтам ӕнӕмӕнг хъӕугӕ методикон-техникон базӕ, интеллектуалон къордтӕн (8 клубы ӕмӕ 40 командӕйы). Уыцы клубтӕм иудадзыг цӕуы 600 адӕймаджы нӕ республикӕйы 8 муниципалон районӕй. Афтӕмӕй хъӕуты уынгты дзӕгъӕлдзугӕнӕг фӕсивӕды нымӕц зынгӕ фӕкъаддӕр. Фӕзындис сӕм интеллектуалон-сфӕлдыстадон конкурстӕ ӕмӕ проектты архайыны фӕндон, хорз бӕрӕггӕнӕнтӕм схизын ӕмӕ сӕ район, се скъолайы ном нӕ бӕстӕйыл айхъуысын кӕныны бӕллицтӕ. Мастер-класстӕ, тренингтӕ, семинарты, конкурсты ӕмӕ ӕндӕр программӕты зӕрдиагӕй архайынц. Сарӕзтам районты интеллектуалон, «Зондджын командӕ», зӕгъгӕ, 8 фестивалы 14-35 азы кары онг фӕсивӕды ‘хсӕн. Уымӕй уӕлдай бацӕттӕ кодтам 8 телеравдысты «Брэйн-новости».

2021 азы нӕ клубтыл ӕххӕст кӕны 20 азы. Нӕ дарддӕры нысан бӕрӕг, бӕлвырд у. Фӕнды нӕ, нӕ бӕстӕйы разамынды ӕххуысӕй фӕсивӕды интеллектуалон-сфӕлдыстадон рӕзты центр саразын. Нӕ зӕрдӕ дарӕм, уыцы хъуыддаг дӕр нӕ къухы кӕй бафтдзӕн ӕмӕ нын нӕ республикӕйы Хицауад, муниципалон скондтӕ кӕй баххуыс кӕндзысты. Уый тыххӕй райдыдтам цӕттӕ кӕнын ног проект, — загъта Жаннӕ Бориева.

Саутӕты Тамилӕ

Къам систа Хъайырты Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here