Рынчынты нымӕц иуцасдӕр фӕкъаддӕр

0
286

Республикӕйы бирӕкъабазджын медицинон центры инфекцион хайадӕй ноджыдӕр ма рафыстой, чи сдзӕбӕх, уыцы 4 адӕймаджы.

Уый тыххӕй журналисттӕн фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны сӕйраг инфекционист Джиоты Элеонорӕ.

Дохтыры ныхасмӕ гӕсгӕ, медицинон центры специалистты бӕрны сты коронавирусӕй рынчын 125 адӕймаджы. «Инфекицон хайады ныртӕккӕ ис 30 рынчыны, сывӕллӕтты рынчындоны — 95. Фӕстаг суткӕйы дӕргъы хайады ӕрхуыссын кодтой ноджыдӕр ма 2 рынчыны. Уыимӕ, фӕстаг бон рынчындонӕй рафыстой 4 адӕймаджы — уыдоны уавӕрмӕ ныр уыдзӕн амбулаторон цӕстдард», — загъта Джиоты Элеонорӕ.

Республикӕйы сӕйраг инфекционист куыд загъта, афтӕмӕй рынчынты уавӕрмӕ сӕ цӕст дарынц уӕрӕсейаг специалисттӕ дӕр. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, рынчындӕттӕм кӕй баласынц, уыцы адӕмы нымӕц иуцасдӕр фӕкъаддӕр, фӕлӕ уӕддӕр уавӕр нырма зӕрдӕзӕгъгӕ нӕу.

(Информацион агентад «Рес»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here