Горӕтгӕрон район: йӕ уавӕр, йӕ фидӕн

0
332

Фӕстаг цыппар азы Горӕтгӕрон район ӕнӕхъӕнӕй дӕр арӕзтады фӕз сси. Алы хъӕуы дӕр фӕзындысты ног социалон ӕмӕ культурон объекттӕ. Куыд ивы хорзӕрдӕм районы цард, адӕмы нывыл уавӕртӕн цавӕр фарстытӕ ӕххӕстгонд цӕуынц, уыдӕтты фӕдыл Горӕтгӕрон районы сӕргълӕууӕг Есиаты Руслан бӕстон радзырдта журналисттӕн пресс-туры рӕстӕг.

Ног хид

Фыццаг бабӕрӕг кодтой Черменыхъӕу. Уым ацы аз цалцӕггонд ӕрцыд хид.

— Цӕугӕдон Камбилеевкӕйы сӕрты цы ног хид сарӕзтам, уымӕн йӕ дӕргъ у — 36 метры, йӕ уӕрх та — 11 метры. Хид арӕзт ӕрцыд паддзахадон программӕ «ӕдас ӕмӕ хӕрзхъӕд автомобилон фӕндӕгтӕ»-йы бындурыл. Уымӕй уӕлдай ма Черменыхъӕуы райдыдтам астӕуккаг скъолайы арӕзтад дӕр — 360 бынатимӕ. Ног объект арӕзт кӕронмӕ фӕуыдзӕн 2021 азы. Подрядон организациимӕ баныхас кодтам, цӕмӕй сентябрмӕ сӕ куыстытӕ иууылдӕр фӕуой ӕмӕ 2021 азы ног ахуыры аз ног бӕстыхайы райдайа. Скъолайы уыдзӕн — ӕртӕ корпусы: райдайӕн скъола, астӕуккаг скъола ӕмӕ спортивон зал. Ацы азы кӕронмӕ йын йӕ сӕр бамбӕрздзыстӕм ӕмӕ зымӕджы мӕйты мидӕггаг куыстытӕм рахиздзыстӕм. Скъолайы арӕзтады ӕхцайы хӕрдзтӕ нын систы 300 милуан сомы, — загъта Есиаты Руслан.

Фелсырон пункттӕ

Районы ацы аз фелсырон-акушерон пункттӕ арӕзт ӕрцыд: Хохы ӕмӕ Уӕллаг Санибайы, Хъӕрмӕдоны, Алханчурты, Донгӕроны, Куырттаты.

Донгӕроны ахӕм пункт уӕвгӕдӕр нӕ уыд ӕмӕ цӕрджытӕ цыдысты хӕстӕгдӕр рӕттӕм. Ацы хъӕуы цӕрджыты нымӕц 1178 адӕймаджы у ӕмӕ дзы фелсырон пункт, ӕнӕмӕнг, хъӕуы. Районы сӕргълӕууӕг куыд загъта, афтӕмӕй ӕппӕт ацы пункттӕ дӕр арӕзт цӕуынц федералон программӕ «ӕнӕниздзинад»-ы бындурыл. Иутӕ дзы ныридӕгӕн кусын райдыдтой, иннӕтӕ та ацы азы кӕронмӕ фӕуыдзысты. Хъӕуы ма дзы электрон ӕмӕ хъармдӕттӕн системӕтӕ скусын кӕныны бадзырдтӕ саразын. Куырттаты фелсырон пункт йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын райдыдта ӕппӕт хъӕугӕ мадзӕлтты дӕр. Хицауы хӕстӕ дзы рӕстӕгмӕ ӕххӕст кӕны участочы терапевт Къӕбулты Зӕринӕ. Куыд радзырдта, афтӕмӕй фелсырон пункт лӕггад кӕны 2300 адӕймагӕн. Адон сты Куырттаты цӕрджытӕ.

— Ӕхсӕз кабинеты алыхуызон дохтыртӕ ӕрвылбон дӕр 30 адӕймаджы ӕнӕниздзинад бӕрӕг кӕнынц, чи ӕрбацӕуы дохтыры ӕххуысмӕ, ахӕмты. Кӕрты ис сӕрмагонд беседкӕ дӕр, дохтыры ӕрбацыдмӕ банхъӕлмӕ кӕсын кӕй фӕнды, уыдонӕн ӕрбадынмӕ. Уӕдӕ, йе уӕнгтӕ лӕмӕгъ кӕмӕн сты, ӕнӕ ӕххуысӕй цӕуын кӕй бон нӕу, уыдонӕн та пандустӕ сӕвӕрдтам ӕрбахизӕны. Хорз фадӕттӕ ис медицинон пункты. Ӕрвылбон дӕр, махмӕ фӕдзургӕйӕ, хӕдзӕрттӕм цӕуӕм. Районы рынчындон коронавирусы инфекци дзӕбӕх кӕнынмӕ рацарӕзтой ӕмӕ фелсырон пункттыл дыууӕ хатты фылдӕр уӕз ӕрӕнцад. Ис нӕм афтек дӕр ӕппӕт хъӕугӕ хостимӕ, — загъта Къӕбулты Зӕринӕ.

Куырттаты фелсырон пункт 1992 азы фӕстӕ уыдис кӕйдӕр зӕронд хӕдзары ӕмӕ нывыл куыстӕн дзуапп нӕ лӕвӕрдта, ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ бынаты ныр сарӕзтой хӕрзвадӕттимӕ ног бӕстыхай.

Сунжӕйы амбулатори

Хъӕуы 14500 адӕймагӕн медицинон лӕггӕдтӕ кӕм кӕнынц, ахӕм амбулатори арӕзт ӕрцыд 2019 азы. Йӕ сӕйраг дохтыр Цхуырбаты Аслӕнбег куыд радзырдта, афтӕмӕй амбулаторийы лӕггӕдтӕ уӕрӕх сты.

— Кусынц нӕм фондз терапевты, ӕртӕ педиатры, дӕндӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты дохтыртӕ. Уымӕй уӕлдай амбулаторийы ис тагъд ӕххуысы хайад дӕр. Нӕ куыст ӕххӕссы ӕртӕ хъӕуыл: Сунжӕ, Уӕллаг ӕмӕ Дӕллаг Комгӕроныл. Алы бон дӕр нӕм сӕдӕ адӕймагӕй фылдӕр рынчынтӕ ӕрбацӕуы дохтырты ӕххуысмӕ. Ныры рӕстӕг хӕцгӕниз коронавирусы эпидемиологон уавӕр карз кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ацы фарстмӕ лӕмбынӕгдӕр кӕсӕм. Абоны онг нӕм хыгъды ис — 28 рынчыны. Уыдонӕй — 7 — коронавирус кӕмӕ сбӕрӕг кодтам ӕмӕ — 21 «внебольничная пневмония» кӕй хонынц, ахӕм адӕймӕгтӕ, нӕ специалисттӕй цыппар адӕймаджы та кусынц «Сырх зонӕйы», — дзырдта Цхуырбаты Аслӕнбег.

Сывӕллӕтты рӕвдауӕндӕттӕ

2019 азы Дачнӕйы ӕмӕ «Ир»-ы 120 бынӕттимӕ уыцы иу хуызон рӕвдауӕндӕттӕ куы сарӕзтой, Октябрыхъӕуы 10-ӕм рӕвдауӕндоныл та ма ноджыдӕр иу хайад куы бафтыдтой, уӕдӕй Горӕтгӕрон районы рады лӕууӕг сывӕллӕттӕ нал ис. Районы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Джиоты Янӕ журналисттӕн радзырдта, рӕвдауӕндӕттӕ районы кӕй нӕ фаг кодта ӕмӕ ныййарджыты дӕргъвӕтин рӕстӕг рады лӕууын куыд хъуыдис, уый тыххӕй.

— Уавӕр нывылгонд ӕрцыд ӕмӕ бирӕ ныййарджыты сӕ сывӕллӕтты хӕстӕгдӕр хъӕутӕм ласын нал хъӕуы. Фӕкъаддӕр сты рады лӕуджытӕ дӕр. Фӕлӕ, ууыл хъуыддаг нӕ ахицӕн. Фидӕны, 2021 азы рӕвдауӕндӕттӕ дарддӕр араздзыстӕм Черменыхъӕуы ӕмӕ хъӕу «Новое»-йы, — загъта Джиоты Янӕ.

Октябрыхъӕуы ног парк

Горӕтгӕрон районы цӕрджытӕ зӕрдиагӕй кӕдӕм уайынц, ӕхсызгонӕй сӕ фӕллад кӕм уадзынц, ахӕм тӕккӕ рӕсугъддӕр бынат сын арӕзт ӕрцыд. Джиоты Янӕ радзырдта, парк сӕ хъӕуы ӕви нӕ, уымӕй цӕрджыты куыд фӕфарстой, уый.

— Иууылдӕр разыйы дзуапп лӕвӕрдтой. Афтӕмӕй зӕронд парк рацарӕзтой ӕмӕ йӕ ацы аз сентябры байгом кодтам. Уалдзӕджы ма дзы музыкалон радио дӕр сараздзыстӕм, Дзӕуджыхъӕуы парчы цавӕр ис, ахӕм. Уый дӕр ахъаззаджы фӕрӕз у нырыккон культурӕйы куыстӕн, — загъта Джиоты Янӕ.

Парк ног фӕрӕзтӕй ифтонггонд ӕрцыд, фӕзынд дзы нырыккон бандӕттӕ ӕмӕ фӕндӕгтӕ. Сывӕллӕттӕн дзы ис ӕнӕхъӕн хъазӕн «сахар». Уӕдӕ фӕсивӕд ӕмӕ кардзыд адӕмӕн дӕр ӕппӕт хъӕугӕ фадӕттӕ улӕфынӕн, суанг культурон мадзӕлттӕ аразынӕн. Фӕззӕджы парк куы байгом, уӕд цалынмӕ хъарм бонтӕ уыдысты, уӕдмӕ дзы изӕрыгӕтты хъазтизӕртӕ арӕзтой. Цымыдисаг у, алы бӕласыл дӕр цъиуты ахстӕтты уынд. Ацы хъӕппӕрис та уыдис парчы фарсмӕ сывӕллӕтты 10-ӕм рӕвдауӕндоны хъомылгӕнинӕгты фӕнд. Цыбырдзырдӕй, районы фӕлладуадзӕн парчы хуызӕн бынат бирӕ районты нӕй.

Тарскӕйы спортивон комплекс

Хъӕуы фӕсивӕдӕн сарӕзтой спорты архайынӕн ахъаззаджы дыууӕ залы баскетбол ӕмӕ хъӕбысӕй хӕцынӕн, стӕй спорты иннӕ хуызты архайынӕн зал. Ис дзы хинайӕн кабинӕтӕ ӕмӕ уӕлӕдарӕс кӕм ивдзысты, ахӕм хатӕнтӕ. Спортивон комплекс кусын райдайдзӕн 2021 азы. Объект арӕзт ӕрцыд «РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рӕзты» паддзахадон программӕйы бындурыл, зӕронд спортзалы бынаты.

Ногиры доны хӕтӕлты рацарӕзт

Хъӕуы ацы фарстайыл архайын 2016 азы райдыдтой. Доны хӕтӕлтӕ заууатмӕ кӕй ӕрцыдысты, уый аххосӕй дзы доны фарста къуылымпытӕ ӕййӕфта. Объекты дӕргъ у 74 километры. Куыстытӕ дзы цӕуынц дыууӕ фӕлтӕрӕй.

— Иу фӕлтӕр кӕронмӕ фӕцис. Хъӕуы уӕллаг хайы доны хӕтӕлтӕ ногтӕй баивтой. Иннӕ хай та 2021 азы фӕуыдзыстӕм. Реконструкцийы мадзӕлттӕ дзы цӕуынц, Хъӕууон хӕдзарады министрады программӕ «Хъӕууон бынӕтты комплексон рӕзт»-ы бындурыл. Объекты куыстытыл хардзгонд ӕрцыд 200 милуан сомы, — дзырдта дарддӕр Горӕтгӕрон районы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Джиоты Янӕ.

Доны хӕтӕлты реконструкци цӕудзӕн Уӕллаг Саниба ӕмӕ Джызӕлы дӕр. Нырыккон царды домӕнтӕ бынтон ӕндӕрхуызон сты, раздӕры азтимӕ абаргӕйӕ. Ӕмӕ абоны рӕстӕгимӕ ӕмдзу кӕнынӕн та ног мадзӕлттыл архайын хъӕуы. Бирӕ азты дӕргъы сӕххӕст кӕнӕн кӕмӕн нӕ уыд, уыцы хъуыддӕгтӕм алыхуызон паддзахадон ӕмӕ регионалон программӕты фӕрцы биноныг цӕстдард цӕуы. Нӕ республикӕйы разамынды ӕххуысӕй Ирыстоны районтӕ рӕзты къахыл ӕрлӕууыдысты ӕмӕ уыдон амондджын, фӕрнджын хъуыддӕгтӕ сты рухс фидӕнмӕ ныфсджынӕй цӕуынӕн.

Саутӕты Тамилӕ

Къамтӕ систа Хъайырты Дианӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here