Туризм — ӕнӕниздзинады спорт

0
481

Фӕстаг рӕстӕг РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав ӕмӕ республикӕйы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз ахадгӕ мадзӕлттӕ аразынц физикон культурӕ ӕмӕ спорт Цӕгат Ирыстоны райрӕзын кӕнынӕн. Уымӕн ӕмӕ абоны уавӕрты спорты хуызтӕй дзӕвгар материалон хӕрдзтӕ бакӕнын кӕуыл нӕ хъӕуы, уыдоны дзыллон ӕгъдауӕй бирӕ адӕм нал архайдта. Цард нӕ уымӕ ӕркодта, ӕмӕ Уӕрӕсейы цӕрджыты физикон ахаст, уӕлдайдӕр фӕсивӕды, бӕлвырд фӕцудыдта. Фӕлӕ ныртӕккӕ хъуамӕ мах зонӕм, спорты ӕппӕт хуызтыл кӕй нӕ хъӕуы бирӕ материалон фӕрӕзтӕ хардз кӕнын, бюджетмӕ та дзы ӕфтиаг райсӕн ӕнцондӕрӕй кӕй ис, уыдӕттӕ.

Зӕгъӕм, нӕ республикӕйы  туризм ахсы уӕлдай ахсджиагдӕр бынат, ӕмӕ йӕ куы райрӕзын кӕниккам раздӕры хуызӕн, уӕд нын чысыл пайда не ‘рхӕсид материалон ӕгъдауӕй, стӕй не ‘нӕниздзинад фӕхъӕддыхдӕр кӕнынӕн дӕр. Цӕгат Ирыстон та ахӕм бӕстӕ у, ӕмӕ нӕм туристон-экскурсион фӕндӕгтӕ райдайынц суанг нӕ горӕтты кӕройнаг уынгтӕй.

Ахӕм ӕвӕджиауы гӕнӕнтӕй ӕдзухдӕр ӕхсызгонӕй пайда кодтой, раздӕр-иу нӕм дард рӕттӕй цы бирӕ бӕлццӕттӕ цыдысты, уыдон. Кӕрӕдзийы фӕстӕ-иу ныххал сты дунейы зындгонд маршруттыл — Арвыкоммӕ, Уӕлладжыры коммӕ дӕр, иннӕ маршруттӕ та цыдысты Фыдхуызмӕ, Гӕмӕх хохмӕ, Араухох ӕмӕ ӕндӕр бӕрзӕндтӕм.

Уӕды рӕстӕджы ацы хуызы спорт тӕккӕ ахъаззагдӕр уыд Цӕгат Ирыстоны. Уымӕн ӕмӕ Туризм ӕмӕ экскурситы республикон советы къухы ӕфтыд спортивон дзаумӕттӕ ӕмӕ инвентар бирӕгӕйттӕй амал кӕнын. Фӕсгорӕтты балцытӕ ӕдзухдӕр уыдысты фӕсивӕды ныфс ӕмӕ зӕрдӕлӕууӕн. Ӕрмӕст Дзӕуджыхъӕуы туризм ӕмӕ альпинизмы секцитӕ куыстой 200 фылдӕр, ӕмӕ сӕ ивгъуыд ӕнусы 50-ӕм азты 12 мины бӕрц архайдта спорты хӕххон хуызты.

Адоны фылдӕр хай уыдысты студенттӕ, заводтӕ ӕмӕ фабрикты ӕрыгон кусджытӕ, республикӕйы астӕуккаг скъолаты хистӕркъласонтӕ. Хъуыды ма кӕнын дзыллон балцытӕ Гӕмӕх хохмӕ, Мады хохмӕ, Фыдхуыз ӕмӕ ӕндӕр рӕттӕм. Уӕлдай тынгдӕр та мӕ зӕрдыл лӕууынц туристон слеттӕ ӕмӕ ерыстӕ хӕххон туризмы техникӕйӕ. Адоны фӕстӕ-иу ӕвзонг лӕппутӕ бацыдысты туристон секцитӕм, цӕмӕй фӕстӕдӕр фӕраст уой туристон балцыты.

Абоны царды уавӕртӕ спортивон залтӕ, ленкгӕнӕн бассейнтӕ, стадионтӕ, ӕндӕр спортивон арӕзтӕдтӕ хаццоны райсын туджы аргъ кӕй у, уый тыххӕй хъуамӕ не ‘ргом раздахӕм туризммӕ, ӕмӕ нӕ уӕлдай хӕрдзтӕ кӕнын дӕр нӕ хъӕудзӕн, нӕ фӕллад та-иу алы хатт дӕр ӕмбӕлгӕ хуызы суадздзыстӕм. Ӕппӕт ацы хорздзинӕдты уӕлӕмхасӕн мах хуыздӕр базондзыстӕм нӕ хӕххон бӕстӕйы райгуырӕн ӕрдзон бынӕттӕ.

Фыццаг къахдзӕфтӕй райдайы махӕн нӕ фӕндаг ӕбӕрӕг дунемӕ. Алкӕйдӕр фӕфӕнды, нӕ алфамбылай куыд у, афтӕмӕй йӕ фенын. Ам ис туризмы ӕлвасӕг тых дӕр. Фӕлӕ ма йӕм куы бафтауӕм нырыккон адӕймаг цымыдис кӕй у алцӕмӕдӕр, ӕмӕ ӕдзухдӕр хӕдзары бадын йӕ удыхъӕды кӕй нӕй, уыдӕттӕ дӕр, уӕд зӕгъӕн ис ӕмӕ, спорты ацы хуызмӕ уарзондзинад адӕймаг рахӕссы мады гуыбынӕй. Туризм та канд буар хъӕддых кӕнынӕн ӕххуыс нӕу, фӕлӕ ма у удварны хъомылады ахъаззаджы фӕрӕз дӕр.

Куыд загътон, афтӕмӕй спорты ацы хуыз ногӕй йӕ къахыл слӕууынӕн бирӕ материалон хӕрдзтӕ кӕнын нӕ бахъӕудзӕн. Цы пайда ӕрхӕсдзӕн, уымӕн та кӕрон нӕ уыдзӕн. Фӕсивӕд, фыццаджыдӕр, зонгӕ кӕндзысты нӕ хӕххон бӕстӕйы зӕрдылдарӕн бынӕттӕ ӕмӕ алыварс ӕрдзон цыртдзӕвӕнтимӕ. Райгуырӕн ӕрдзмӕ уарзондзинад кӕй зӕрдӕйы арфы фӕзыны, уымӕй та нӕ бӕстӕйы ӕцӕг патриот ӕнӕ рауайгӕ нӕй.

Туризм чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕ куыд сбӕрӕг кодтой, афтӕмӕй фӕлладуагъд ӕмӕ балцытӕн ӕппӕты хуыздӕр сты бынӕттон уавӕртӕ. Уымӕн ӕмӕ климӕтон хицӕндзинӕдтӕ ӕвдадзы хосгӕнӕг сты организмӕн. Хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ климӕтон уавӕртӕ цӕхгӕр ивд куы ‘рцӕуынц, уӕд уый ӕдзухдӕр галиумӕ фӕбӕрӕг вӕййы адӕймаджы ахастыл, ӕмӕ фылдӕр хатт ахӕссы 2-3 къуырийы, ома, отпусчы фылдӕр рӕстӕг. Уымӕ гӕсгӕ, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, балцытӕ аразын хъӕуы бынӕттон уавӕрты куыстуӕттӕ ӕмӕ ахуыргӕнӕндӕтты туристон секциты уӕнгтимӕ. Арӕх дард регионты фӕлладуагъды кӕнӕ балцы фӕстӕ та адӕймаг йӕхи ӕвзӕр фенкъары, вӕййы уӕнгмард. Хъаст фӕкӕны, тынг кӕй фӕллайы, уымӕй. Ӕппӕт зындзинӕдтӕ та вӕййынц климӕтон уавӕрты цӕхгӕр ивддзинӕдты азарӕй.

Фӕлладуагъд ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъӕддыхдӕр кӕнын цӕмӕй куыд ӕмбӕлы афтӕ арӕзт ӕрцӕуой, уый тыххӕй пайда кӕнын хъӕуы бынӕттон маршруттӕй. Уыдон сты Дзӕуджыхъӕумӕ ‘ввахс ӕмӕ республикӕйы хӕххон тӕлмы. Сӕ базонын та зын нӕу, ӕппӕт дӕр фыст ӕрцыдысты фӕндагамонӕнты. Ӕрмӕст республикӕйы хохрӕбынты ӕмӕ хӕххон тӕлмы махӕн зындгонд сты 20 маршрутӕй фылдӕр. Амынд цӕуынц бӕстӕзонӕн литературӕйы, ӕмӕ сӕ фӕпайда кӕнӕн ис канд нӕ горӕттӕ ӕмӕ хъӕуты цӕрджытӕн нӕ, фӕлӕ ма нӕм Уӕрӕсейы ӕндӕр субъекттӕй чи цӕудзӕн, уыцы уазджытӕн дӕр.

Ацы бирӕ маршруттӕ абон уымӕн ахсджиаг сты, ӕмӕ нырыккон адӕймаджы царды хицӕнхуызон ӕууӕлтӕ ис. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ не ‘хсӕнады тыхджын рӕзты уавӕрты не ‘мфыдыбӕстаг адӕймаджы фӕллой ныртӕккӕ ссис хъомысджын, бӕрзонпродуктивон, ӕппӕты тынгдӕр механизацигонд. Кӕм ӕй фылдӕр хъуыды кӕнын фӕхъӕуы, кӕм та ӕгӕрон физикон хъарутӕ хардз кӕны, ӕмӕ уыдӕтты фӕдыл уӕлдайхуызон фадӕттӕ хъуамӕ арӕзт цӕуа уӕнгты фӕллад фӕсурынӕн. Дохтыртӕ куыд амонынц, афтӕмӕй фӕлладуагъд ӕмӕ спорты ахӕм хуыз та у туризм: фистӕг балцытӕ, эксурситӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм мадзӕлттӕ.

Дарддӕр нӕ бон у ахӕм хатдзӕг скӕнын, ӕмӕ нӕм цас фылдӕр туристтӕ уа, уыйас нӕм фылдӕр уыдзӕн ӕнӕниз адӕм. Хӕххон маршрутты фӕуыны фӕстӕ бӕрзонддӕр кӕны адӕймаджы фӕллойы ӕнтыстдзинад, хӕдзарадон архайды та йӕ бон у фылдӕр продукци дӕттын.

Куыд загътон, афтӕмӕй ныртӕккӕ материалон фӕрӕзтӕ кадавар кӕй сты, спорты зынаргъ хуызты архайын фылдӕр адӕмы бон кӕй нӕу, уыдӕтты тыххӕй хъуамӕ не ‘ргом раздахӕм туристон балцыты, экскурситы цӕуынмӕ, цӕмӕй уыдон суой нӕ царды домӕн.

Ацы хуызы архайд мидисджындӕр куыд уа, уый тыххӕй фӕстаг цалдӕр азы республикӕйы фӕсивӕдон организацитӕ цӕттӕ кӕнынц туризмы инструктортӕ, ЦИПУ-йы географион факультеты та 2000 азӕй фӕстӕмӕ куыст цӕуы туризм ӕмӕ экскурситы хъуыддӕгты специалисттӕ цӕттӕ кӕныныл. Хъуамӕ республикӕйы куыстуӕттӕм, ахуыргӕнӕндӕттӕм ӕмӕ ӕндӕртӕм туризм ногӕй раздӕха, куыд фӕлладуагъд ӕмӕ организм хъӕддыхдӕр кӕныны спорты тӕккӕ пайдайагдӕр хуыз.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here