0
195

«Фæстауæрцджын регион»: æмархайды нысантæ

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславæн кусæг фембæлд уыд паддзахадон корпораци «Росатом»-ы минæвар Дмитрий Репьевимæ.

Фембæлды архайдтой республикæйы Хицауады Сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег æмæ федералон проект «Фæстауæрцджын регион»-ы республикон дирекцийы разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Еленæ Бережная.

Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой проект «Фæстауæрцджын регион» дарддæр æххæст кæныны фарстытæм. Фыццаджы-фыццагдæр, бæрнон кусджытæ хатдзæгтæ скодтой, уæлдæр амынд программæйы фæлгæты 2020 азы республикæйы цы арæзт æрцыд, уымæн. Дарддæр та фæнысан кодтой 2021 азы куысты сæйрагдæр фæндæгтæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы федералон проектыл бæрнон у паддзахадон корпораци «Росатом». Корпорацийы дæлхайæдты минæвæрттæ рæстæгæй-рæстæгмæ бабæрæг кæнынц регионтæ, бынæттон бæрнон кусджытимæ æрдзурынц дарддæры архайды нысантыл… «Росатом»-ы специалисттæ арæх ссæуынц Цæгат Ирыстонмæ дæр. Афтæ, ацы хатт та республикæйы уазæг у корпорацийы проектты разамонæг Дмитрий Репьев.

— «Росатом»-ы минæвæрттæн бузныг зæгъын, проект «Фæстауæрцджын регион» Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуы, уымæ иудадзыгдæр сæ цæст кæй дарынц, уый тыххæй. Проекты фæлгæты ивгъуыд азы стыр куыст бакодтой хицауады республикон æмæ муниципалон оргæнтæ. Уыцы нысантыл архайд адарддæр уыдзæн ацы аз дæр, — фæнысан кодта Битарты Вячеслав.

Фембæлды рæстæг куыд загъдæуыд, афтæмæй «Росатом»-ы экспертты методикон амынддзинæдты бындурыл республикæйы Проектон офисы специалисттæ республикон ведомствæтæ, муниципалон оргæнтæ æмæ æндæр организациты куысты фæткмæ хæссынц фæстауæрцджын архайды технологитæ. Уыдоны фæрцы ахадгæдæр хуызы пайдагонд цæуы куысты рæстæгæй, бæрзонддæр кæны паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдты хæрзхъæддзинад…

Дмитрий Репьев йæ раныхасы бæстон фæбæрæг кодта, проекты фæлгæты ныронг цы мадзæлттæ арæзт æрцыд, стæй дарддæр дæр цавæр ногдзинæдтæ фæзындзæн республикон ведомствæтæ æмæ муниципалитетты архайды, уыдон.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, уæлдай вазыгджындæр у, пандемийы æууæлты архайгæйæ, медицинон кусæндæттæ фæстауæрцджын технологитæй уæрæхдæр пайда кæнын кæй райдыдтой, уый. Зæгъæм, ахæм ногдзинæдтæ хорзæрдæм сахадыдтой, Тагъд æххуысы клиникон рынчындоны адæмæн цы медицинон лæггæдтæ кæнынц, уыдоныл: зынгæ фæкъаддæр ис тесты бæрæггæнæнтæ фехъусын кæныны æмгъуыд, рынчыны исæн хайадæй æнæкъуыхцытæй фæхæццæ кæнынц нысангонд палатæмæ æмæ афтæ дарддæр.

Фембæлды архайджыты хатдзæгмæ гæсгæ, «Росатом» æмæ республикæйы æмархайд дарддæр æнгомдæр кæндзæн.


РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here