0
312

Йæ куыст зæрдæйæ уарзы

Адæймаг царды цы фæндагыл ацæуы,уый йæ йæ дæсныйады амонды æмæ фарны хъуыддæгтæм, раджы уа, æрæджы, уæддæр æркæны. Æмæ уæд, йæ алыварс чи ис, уыцы дзыллæты дæр, хистæрæй-кæстæрæй хурау фæтавы. Адæм та йæ алыварс æмбырд кæнынц, мыдыбындзытæ æппæты аивдæр уардийыл куыд æмбырд кæной, йæ хæрздæфæй куыд райой, раст афтæ. Æмæ уый схонæн ис æцæг адæймаджы цард.

Уыцы амондæй хайджын фæци Дзæуджыхъæуы Дзусаты Ибрагимы номыл 46-æм астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæг Цæлыккаты Иринæ.

Фылдæр хатт адæймаг йæ фидæны дæсныйадмæ фæсцæуы йæ сабибонтæй фæстæмæ. Дунесфæлдисæг æй æркæны, уыимæ баст нысанмæ йе ‘взонджы бонты йæхи æмбарынхъом куы свæййы, хорз æвзæрæй хицæн кæнын куы райдайы, ахæм кары. Иннæмæй та йын царды хи рæсугъд æмæ аккаг бынат ссарынмæ баххуыс кæнынц йæ хистæртæ. Афтæ рауад Иринæйы царды дæр. Йæ фыд Мухарбег, суанг йе ‘рыгон кары бацæуыны афонмæ, тынг уарзта историон чингуытæ кæсын. Йæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цыдысты нæ бæстæйы раздæры партион разамонджыты, номдзыд æфсæддонты тыххæй уацаутæ æмæ романтæ.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг Мухарбег уыд Комсомольск-Амурылы танктæаразæн заводы разагдæр кусæг, фронты фæсчъылдымы фæллойгæнæг. Уый нæ бæстæйы тохвæлыст ивгъуыды цаутæ-иу йæ саби-чызгæн куы дзырдта, уæд-иу æм чызг хъусынæй не ‘фсæст.

Иринæ йæхи æмбарынхъом куы фæци, уæд ахуыр кæнынмæ бацыд Дзæуджыхъæуы 24-æм астæуккаг скъоламæ. Ам дæр уыд ахуыр æмæ æхсæнадон куысты разæнгарддæр архайæг. Ногдзауты, фæстæдæр та фæскомцæдисы цы фæрнджын æгъдæуттæ ныффидар, уыдон æй сахуыр кодтой йæ размæ æвæрд хæстæ фæзминагæй, бæрнонæй æмæ афоныл æххæст кæнын.

Фæсивæдимæ хъомыладон куыст кæнын, Ногдзауты змæлды архайын йæ зæрдæмæ рагæй дæр кæй цыд, уымæ гæсгæ, Иринæ астæуккаг скъолайы ахуырад райсыны фæстæ ногдзауты къорды разамонæгæй кусын райдыдта Дзæуджыхъæуы 46-æм астæуккаг скъолайы. Нæ бæстæйы ахæм бæрæгбон нæ уыд, Иринæ -иу скъоладзаутимæ тематикон изæр, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æмæ фæллойы ветерантимæ, аивад æмæ культурæйы кусджытимæ фембæлдтытæ, кæнæ цымыдисаг чингуыты фæдыл конференцитæ кæд нæ бацæттæ кодта.

Йæ зæрдæргъæвддзинад, скъоладзаутæм хорз ахаст Иринæйы зæрдæйы цас фылдæр кодтой, уый бæрц æй историйы зонад та йæ фæдыл хуыдта зонындзинæдты бæрзæндтæм. Æмæ Иринæ, скъолайы кусгæйæ, каст фæци ЦИПУ-йы историон факультет. Ам цы арф æмæ бирæвæрсыг зонындзинæдтæ райста, уыдон та ацы ахуырадон артдзæсты фидар кодта практикон æгъдауæй.

Скъолайы разамынд Иринæйы зæрдæргъæвддзинад æмæ ахуырадон- хъомыладон зæрдиаг архайд æнæбафиппайгæ нæ фесты. Æмæ йæ снысан кодтой директоры хæдивæгæй хъомыладон куысты. Уыцы-иу рæстæг та ма йыл æвæрд уыд къласы разамонæджы æмæ историйы ахуыргæнæджы хæстæ. Ацы бæрнон хæстæ æххæст кæнгæйæ дæр Иринæ бафæлладтæн дæр никуы загъта.

Фæсивæдæн цæмæй йæ предмет æнцонæмбарæн уа, уый тыххæй архайдта æмæ абон дæр архайы нырыккон æппæт ахуырадон æмæ хъомыладон мадзæлттæй. Мæнæ раст дæсны дирижер симфонион оркестры алы музыканты уадынгарзæн йæ къухты æмæ былты фезмæлд куыд æмбары, афтæ Иринæ дæр, урок амонгæйæ, кæнæ хъомыладон куыст кæнгæйæ, зæрдæ æмæ цæстæнгасæй æмбары, къласы йæм чи фæбады, йæ урокмæ цымыдисæй чи фæхъусы, уыцы цæхæрцæст лæппутæ æмæ чызджыты алы сулæфт, алы фарст, алы дзырд дæр.

Уыдон та цыма, ахуыргæнæг нæ, фæлæ зæххон зæды ныхасмæ фæхъусынц, афтæ уайтагъд ахсынц урочы рæстæг йæ алы амынд æмæ хъуыды дæр. Фæнды Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутыл дзура, фæнды нæ бæстæйы нырыккон историон цаутыл дзурæг фарст æмбарын кæна фæсивæдæн, алыхатт дæр йæ амынд вæййы мидисджын, бæлвыд дæнцæгты æгъдауæй раст æмæ объективон.

-Нæ бæстæйы историйы цы цаутæ æрцыд, уыдон абон кæстæртæн, куыд гæнæн ис, афтæ æнцонæмбарæн æвзагæй амонын, сæ зæрдæтæм сын нæ фыдæлты лæгдзинады цауты, уæлдайдæр та Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй, рæстаг хъуыды хæссын у мæ куысты сæйрагдæр домæн. Уымæн æмæ ныртæккæ информацион фæрæзты тæхгæ- нæргæ дуджы скъоладзаутæ алы медиа фæрæзтæй исынц бæлвырд историон цаутыл дзурæг æрмæджытæ. Фæлæ уыдон фылдæр хатт раст нæ вæййынц.Æмæ сæ уыцы мæнгдзинæдтæй аиуварс кæнын у мæ рухстауæн архайды сæйрагдæр хæс,-дзырдта нын Иринæ,- Уымæн æмæ абоны скъоладзаутæм кæсы Ирыстоны фидæн, нæ бæстæйы сомбон. Æмæ ивгъуыды нæ бæстæйы историйы цы уыд рæстагæй æмæ фæуццагæй, уый куынæ зоной, уæд сын фидæны размæ цæуын зындæр уыдзæн. Сæ фыдæлты рæдыдтытæй хатдзæг кæнын нæ базондзысты.Уыцы хъуыддаджы та нæ бахъæуы сæ ныййарджыты æххуыс дæр. Семæ та нын кæстæрты раст фæндагыл æвæрын æнцондæр у. Æмæ сын зæрдиагæй бузныг зæгъын,-фæци йæ ныхас Иринæ.

Иринæ фæлтæрдджын ахуыргæнæг, хъомылгæнæг, йæ адæмы æцæг патриот кæй у,уый канд йæ дæсны арæзт уроктæй бæрæг нæу. Цæвиттон, 2010 азы Дзæуджыхъæуы 46-æм скъолайæн радтой Советон Цæдисы Хъæбатыр, авиацийы инæлар — майор Дзусаты Ибрагимы ном. Уæдмæ ацы сылгоймаг, йæ бæстæйы æцæг патриот æмæ рухстауæг скъолайы ахуырдзаутимæ иумæ Дзусы-фырты царды, æфсæддон сгуыхтдзинадты, æхсæнадон архайды тыххæй æрмæджытæ, йæ æмслужбæгæнджыты лæгдзинадыл дзурæг къамтæ, фыстæджытæ, хъуыддаджы гæххæтытæ, æфсæддон хорзæхтæ, бæстæйы уæлдæр командыгæнынады арфæйы документтæ , Ибрагимы æфсæддон мысинæгты чиныг «Мой позывной «Тигр». Скъоламæ бахизæны цы стендтæ ис, уыдонмæ бакæсгæйæ, базондзыстут ацы скъолайы сарæзты истори æмæ кæй ном хæссы, уыцы номдзыд инæлары тыххæй цымыдисаг цæвиттонтæ. Иринæйæн йæ иртасæн сгарæн хъуыддæгты зæрдиагæй æххуыс кæны ацы скъолайы раздæры ахуырдзау, ныр та РЦИ-Аланийы Мидхъуыддæгты министрады бæрнон кусæг Владимир Бахтин æмæ Дзусаты Ибрагимы хæрæфырт Алан Сикорский.

Фарон та, кадджын уавæры, ацы ахуыргæнæндоны байгом кодтой хæстон намысы музей. Йе ‘рмæджытæ: Дзæуджыхъæу немыцаг лæгсырдтæй чи сæрибар кодта, уыцы сырхæфсæддонты къамтæ, Ирыстоны зæххыл, знагæй бæрзæйсæттæн цæф ныккæныны нысанимæ, цы сæрмагонд хæстон операцитæ цыд, уыдоны картæтæ, чи дзы фесгуыхт, уыцы æфсæддонты хуызистытæ, сæ хæрзиуджытæ, документтæ, фыстæджытæ, уæлæдарæс, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цаутыл дзурæг чингуытæ. Музеймæ чи æрбацæуа, уыдонæн дзы ис фадат Сырх Æфсады лæгдзинадыл, номдзыд инæларты, маршæлты, хæстон ныббырстыты тыххæй документалон кинонывтæм бакæсыны фадат. Ис дзы 300 экспонатæй фылдæр. Уыдон се ‘ппæт дæр, скъолайы сгарæг къорд «Наследие»-йы уæнгтимæ æмбырд кæны Иринæ. Арæх æй бахъæуы республикæйы архивтæм , библиотекæтæм бацæуын. Ам цы æрмæджытæ ссары, уыдонæн æмбарынгæнæн æрфыстытæ, сæрмагонд папкæтæ дæр йæхæдæг саразы. Æвзонг сгарджыты къорды уæнгтæ ма музейы фондтæ фæхъæздыгдæр кæнынц сæхæдæг кæй скæнынц, ахæм æфсæддон техникæйы, машинæты, танкты, пулеметты, гранатаметты, макеттæй. Се ‘ххуыс арæх бахъæуы республикæйы сгарæг къорды уæнгты дæр. Æрæджы та архайдтой сгарæг къордты Æппæтуæрæсеон дæрдцæгмæ арæзт слеты. Сæ фæзминаг архайды тыххæй скъолайы директор Гæззаты Валентинæйæн, Цæлыккаты Иринæйæн æмæ скъоладзаутæн лæвæрд æрцыд сæрмагонд сетификаттæ.

-Иринæйы хуызæн фæзминаг, бæрнон, кæстæруарз хистæртæ, фæлтæрдджын ахуыргæнджытæ сты не скъолайы фидыц. Йæ уроктæм ын куы бацæуын, ахуырдзаутимæ куыд лæмбынæг кусы, уый куы фенын, уæд мæ зæрдæ цинæй æмæ сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййы. Не скъолайы æфсæддон-патриотон хъомылад, фæсурокты куыст сæйрагдæр Иринæйыл æнцой кæны. Музей дæр нæм йæ фæрцы ис. Цæмæй нæ ахуырдзаутæ нæ бæстæйы историйы лæгдзинады цаутæ зоной, сæ зæрдæйы Райгуырæн бæстæмæ уарзты æнкъарæнтæ æвзæра, сæ уæзæгыл æнувыд уой, ууыл Иринæ архайы æнувыдæй. Скъоладзаутæн саразы тематикон равдыстытæ, изæртæ, диспуттæ æмæ конференцитæ, квесттæ. Йæ удыхъæды баиу сты дæсны ахуыргæнæджы, райгуырæн бæстæйы æцæг патриоты, кæстæруарз хистæры, фæлмæн ныййарæджы, фендджын сылгоймаджы, хæдзары рæдау æфсины, рæвдауæг æмæ фæлмæн нанайы тæхудиаг æмæ бафæзминаг миниуджытæ. Уыдоны фæрцы Иринæ не ‘ппæтæн дæр у уарзон æмæ зынаргъ адæймаг. Царды уа, куысты уа, йе ‘ххуыс нæ искæйы куы бахъæуы, уæд цыфæнды афон дæр нæ фарсмæ æрбалæууы,- зæгъы скъолайы директор, РЦИ-Аланийы ахуырады сгуыхт кусæг Гæззаты Валентинæ.

Йæ хорз куысты тыххæй фæлтæрдджын ахуыргæнæг, кæстæрты раст фæндагыл аразæг цæстуарзон æмæ уæздан хистæр Цæлыккаты Иринæйы зæрдиаг рухстауæн архайдæн аргъгонд æрцыд РЦИ-Аланийы Ахуырады æмæ наукæйы министрады, Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы Кады грамотæтæй æмæ арфæйы фыстæджытæй.

 

Сылгоймæгты æппæтдунеон боны фæдыл зæрдиаг арфæ кæнæм Дзæуджыхъæуы, Дзусаты Ибрагимы номыл 46- æм астæуккаг скъолайы историйы ахуыргæнæг æмæ æфсæддон намысы музейы сæргълæууæг Цæлыккаты Иринæйæн. Йæ бирæ ахуырзауты, йæ цоты æмæ уыдоны кæстæрты æнтыстдзинæдтæ уынгæйæ, бирæ азты куыд фæцæра, уый йын Хуыцауы æмæ йе сконд зæдты цæст æххæстæй бауарзæд!

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here