0
472

Æрбацыд та нæм æрдзæн царддæттæг уалдзæг. Йемæ нæм дуар æрбахойы Сылгоймæгты дунеон 8 мартъийы бæрæгбон. Æмæ уый хуымæтæджы нæу. Уалдзæгау сылгоймаг дæр у царддæттæг, цард рæсугъдгæнæг, мидисджын æмæ арфæйаг. Уый алчидæр хаты, æмбары. Мах дæр æй, «Рæстдзинад»-ы нæлгоймаг кусджытæ, æнкъарæм. Æмæ немæ, дунейы иунæг ирон газеты цы сылгоймæгтæ кусы, уыдонæн зæрдиагæй арфæ кæнæм 8 Мартъийы бæрæгбоны фæдыл.

Зонæм æй, уæ фыдæбонæн аккаг аргъ нæй, фæлæ уæ зынтæн фæразут нæ фарсмæ, æмæ уæ сæрыстыр стæм. Нæ зæрдæ уын зæгъы амонд æмæ æнтыстдзинæдтæ. Хъæбулджын уæ чи у, уыдон сæ цоты цинæй бафсæдæнт, ноггуырдмæ чи æнхъæлмæ кæсы, уый йæ рæхджы зæрдæрухсæй аузæд, амондагур уæ чи у, уый йæ ацы аз ссарæд!

Сæйрагдæр та, æнæниз æмæ нын æнæфыдбылыз ут. Нæлгоймæгтимæ цæрын æмæ кусын куыд фæразат. Газет «Рæстдзинад»-ыл ирон адæмы раз цы стыр хæс æвæрд ис, уый немæ æнтыстджынæй дарддæр дæр куыд æххæст кæнат, ахæм хъару уын Хуыцау радтæд! Дунейы фарнæй хайджын ут!

Газет «Рæстдзинад»-ы нæлгоймæгтæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here