0
258

 

Брутаг чызджы уæлахиз

Санаты Елизаветæ (Лизæ) райгуырд Цæгат Ирыстоны Бруты хъæуы. Ам Санаты Елмурат æмæ Кцойты Зинаидæйы фæрнджын бинонтæн бахъомыл фырт Тамерлан æмæ æртæ чызджы — Дилерæ, Иринæ, Маринæ. Уарзон бинонтæм æрбакуывта Хъантемыраты Фатимæ. Тамерлан æмæ Фатимæ сæ нанайæн балæвар кодтой дыууæ чызджы — Аринæ æмæ Лизæйы.


Лизæйыл дыууæ азы æмæ æрдæг куы сæххæст, уæд Тамерлан æмæ Фатимæйы бахъуыд сæ цæрæнбынат Мæскуымæ аивын. Семæ акодтой Лизæйы дæр, хистæр чызг та баззад Бруты Тамерланы мад Зинæимæ.

Лизæ йæ сабибонтæ куыд мысы, афтæмæй-иу чысылæй каст мультипликацион кинотæм. Иу хатт æнæнхъæлæджы бахауд фигуристкæты равдыстмæ. Къахдзоныгътыл кафджытæ йæ зæрдæмæ афтæ тынг фæцыдысты, æмæ йæ ныййарджыты нал уагъта, дзоныгътæ мын балхæнут, зæгъгæ. Дзоныгътæ уæййаг цы дуканийы уыдысты, уырдæм куы бацыдис йæ ныййарджытимæ æмæ дзы къахдзоныгътæ куы нæ федта, уæд кæуын райдыдта. Чысыл Лизæ уыцы рæстæг, дзоныгъ къахдзоныгъæй цæмæй хицæн кæны, уый нæма зыдта. Хорз уыд, æмæ уыцы рæстæг дуканимæ æрбаластой къахдзоныгътæ. Лизæ сæ куы федта, уæд ныццин кодта æмæ сæ бавдыста йæ ныййарджытæн, ахæмтæ мæ хъæуы, зæгъгæ. Æмæ йын сæ балхæдтой. Иунæг хатт сыл афæлвæрдта бырын, фæлæ къуырийы фæстæ ацыдысты Мæскуымæ.

Лизæ афæдзы æмбисмæ базыдта къахдзоныгътыл бырын. Фæлæ йыл азтæ кæй нæма æххæст кодта, уымæ гæсгæ йæ Мæскуыйы иунæг къордмæ дæр нæ истой. Иу рæстæг ма сæхицæн, æхца фидын цы ихылбырæн фæзæн хъуыд, ахæм дæр райстой, æмæ дзы бырыдысты йæ фыд Тамерланимæ, фæстæдæр къахдзоныгътыл слæууын кодтой Фатимæйы дæр.

Фондз азы йыл куы сæххæст, уæд æй райстой къахдзоныгътыл бырыныл ахуыргæнæн скъоламæ.

Уæдæй фæстæмæ Лизæ йæ цард сбаста спортимæ. Лизæ раздæр къахдзоныгътыл иунæгæй кафыд, фæлæ йæм иу рæстæг æнæзонгæ сылгоймаг æрбацыд æмæ йын бамбарын кодта, йæ лæппуйы кæй хъæуы кафæг æмбал. Афæлвæрдтой, иумæ кафын фæцыд Лизæйы зæрдæмæ. Ихыл кафынæй йæ фыццаг къорд уыд Балашихæйы Эдуард Самохин æмæ йæ фырт Денисмæ. Уыдон æй сахуыр кодтой ихыл къахдзоныгътыл бырыны сусæгдзинæдтыл. Фæлæ фæстæдæр йæхицæн ихылкафæг æмбал куы ссардта, уæд уый нæ бафæндыд йæ тренер Иринæ Жукæй рацæуын, æмæ Лизæ бацыд уыцы къордмæ. Ныр авд азы æнæфæхицæнгæнгæйæ архайы уыцы тренертимæ. Æхсæз азы кафы Дэвид Нарижныйимæ.

Йæ сæйраг хорзæх Лизæ райста Уæрæсейы æвзонгады чемпионаты. 2019-2020 азты сезоны Дэвидимæ систы Уæрæсейы чемпионтæ æмæ архайдтой къахдзоныгътыл бырæг æвзонг спортсменты дунеон чемпионаты Гран-прийы кæронбæттæны. Уым цыбыр программæйы райстой сыгъзæрин, хибар программæйы та бронзæ майдан æмæ кæронбæттæны та райстой æртыккаг бынат.

2020-2021 азты Лизæ æмæ Дэвид Уæрæсейы чемпионаты райстой дыккаг бынат. Уый баст у, сæ дыууæ дæр, стæй сæ тренертæ дæр алы рæстæджыты кæй фæрынчын сты æмæ бирæ рæстæг сæ бон тренировкæтæ кæнын кæй нæ уыд, уыимæ.

Æнамонд низы аххосæй ацы аз æвзонг фигуристтæн дунеон чемпионат нæ уыд. Ныртæккæ Лизæ æмæ Дэвид сæхи цæттæ кæнынц мастерты къæпхæнмæ рахизынмæ, цæмæй сæ бон уа дунеон ассоциацийы Гран-прийы ерысты архайын. Уырдæм æвзæрст цæудзысты сентябры контролон архайды бæрæггæнæнтæм гæсгæ. Ныр та уал сæхи цæттæ кæнынц уыцы ахсджиаг хъуыддагмæ.

Елизаветæ йе ‘нтыстытæ бæтты йæ къорды æмæ йæ тренерты иумæйаг фæллоимæ. Стыр бузныг у йæ тренертæ Иринæ Жук, Александр Свинин, дохтыр Иван Циклаури, хореограф Аленæ Самарская, психолог Жаннæ Симак, тренер Григорий Якушевæй.

Иу къорды архайынц фигуристтæ Иван Букин æмæ Александрæ Степановаимæ æмæ сын ахуыр кæнынц сæ фæлтæрддзинадыл.

Йæ нана Зинаидæ йæ хистæр хо Аринæимæ иудадзыгдæр сæ цæст дарынц Елизаветæйы æнтыстдзинæдтæм æмæ цин кæнынц йæ алы æнтыстыл дæр. Елизаветæйæн йæ бæллиц, йе ‘стырдæр нысан у олимпаг чемпион суæвын, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, уыцы бæллиц йæ къухы куыд бафта.

Бæрæгбоны хорзæх дæ уæд, дæ фæндтæ дæ къухы бафтæнт, Елизаветæ!


Касаты Батрадз

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here