0
397

Ныхас — кæсагдарынады райрæзты фарстытыл

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дзы сæрдариуæг кодта, афтæмæй уыд Цæгат Ирыстоны Проектон офисы радон æмбырд. Ныхасы архайджытæ се ‘ргом аздæхтой хъæууон хæдзарады дарддæры райрæзтмæ, комкоммæ дзургæйæ, та — кæсагдарынады проекттæм.

Фембæлды архайдтой республикæйы Хицауады Сæрдары фыццаг хæдивæг Сæбæтхъуаты Æхсарбег, Хицауады Сæрдары хæдивджытæ Иринæ Азимова, Фадзайты Æхсарбег æмæ Кæсæбиты Игор, экономикон рæзты министр Томайты Хъазыбег, онлайн-бастдзинады фæрцы та — республикон ведомствæты разамонджытæ æмæ РЦИ-Аланийы Рæзты агентады бæрнон кусджытæ.

Кæсагдарынады къабазы дарддæры райрæзты проекттыл дзургæйæ, æмбырды архайджытæ дæнцæгæн æрхастой куыстуат «Ирыстоны балер». Ацы фермерон хæдзарад ныридæгæн йæ архайд рапарахат кодта, æлхæнджытæм æрвиты хæрзхъæд балер кæсаг æмæ еугæф. Компанийы арæзт æрцыд æппæт хъæугæ инфраструктурæ дæр: кæсагдарæн цадтæ, куыстадон цехтæ, скълæдтæ, инженерон коммуникацитæ…

Куыстуаты разамонæг Къаболаты Хетæджы ныхасмæ гæсгæ, цæттæ продукци уæй кæнынимæ къуыхцытæ нæй, уымæн æмæ æмгуыстады бадзырдтæ рагагъоммæ бафыстой стыр базарадон компанитимæ. Фембæлды архайджытæ хорзыл банымадтой «Ирыстоны балер»-йы хъæппæрисджын архайд.

Куыстады дарддæры нысантыл дзургæйæ, хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй хæстæгдæр фидæны компанийы бындурыл саразынвæнд кæнынц балер кæсаджы лæппынтæ уæй кæныны проект. Уыцы удæгас продукци дарддæр уæй кæндзысты чысыл кæсагдарæг куыстуæттæн. Уымæй уæлдай, кæсагдарынады куыстады хауæццæгты бындурыл сараздзысты хъæрмуæтты комплекс.

Æппæт уыцы хъæппæристæ хорзыл банымайгæйæ, Битарты Вячеслав профилон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй компанийæн æппæтвæрсыг паддзахадон æххуыс бакæной. Уыимæ, йæ ныхасмæ гæсгæ, куыстуаты архайдмæ раздахын хъæуы инвесторты æргом дæр.

— Ацы къабазы æнтыстджын куыст чи кæны, уыцы компаниты архайдмæ хъæуы сæрмагонд цæстдард. Фадæттæ саразын хъæуы, цæмæй сæ фæлтæрддзинадæй спайда кæной иннæ кæсагдарæг хæдзарæдтæ дæр. Уыимæ, кæй зæгъын æй хъæуы, кæсагдарынады куыст аразгæйæ, иудадзыгон цæстдард хъуамæ уа экологон æдасдзинад æмæ æрдзы фæрæзтæ бахъахъхъæнынмæ дæр, — фæнысан кодта республикæйы Сæргълæууæг.

Æмбырды архайджытæ се ‘ргом аздæхтой æндæр республикон программæтæ æххæсткæныны фарстытæм дæр.



РЦИ-Аланийы

Сæргълæууæджы

æмæ Хицауады пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here