0
288

 

Богæлттæ ерыс кæнынц Улан-Удэйы

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы чемпионат ацы бонты цæуы Буряты Республикæйы сæйраг горæт Улан-Удэйы.

Нæ бæстæйы чемпионы ном райсыныл ерыс кæнынц 346 богалы. Ерыстæ цы дæс уæзы цæуынц, уыдонæй æхсæзы: 57, 65, 74, 86, 97 æмæ 125 кг онг уæлахиздзаутæ сыгъзæрин майдантыл уæлдай тох кæнынц Олимпиаг хъæзтытæм балцæг райсыныл.
Фыццаг бон, 11 мартъийы, гауызмæ рацыдысты 57, 86 æмæ 92 кг онг уæзы богæлттæ.
Ирыстоны богæлттæй 57 кг онг уæзы ерыс кодта Европæйы чемпион Тускъаты Азæмæт. Йæ фыццаг фембæлды Азæмæт 12:0 хыгъдæй фæуæлахиз краснодайраг богал Самвел Терзяныл, йæ дыккаг ныхмæлæууæг, дагестайнаг богал Рамиз Гамзатовæй рамбылдта 5:4 хыгъдæй, уый фæстæ ерысты 1/4 хайы 7:6 хыгъдæй фæуæлахиз Республикæ Тывайы минæвар Амир Чамзыныл æмæ æрдæгкæронбæттæны фембæлд иннæ тывайаг богал Начын Монгушимæ. Сæ хъазуатон ныхмæлæуд ахицæн Начын Монгушы пайдайæн 2:1 хыгъдæй. Азæмæтæн ма баззад 3-аг бынатыл тох кæныны фадат, æмæ йæ уыцы гæнæнæй иттæг хорз спайда кодта. Йæ ныхмæлæууæг Уйгуоаан Ивановыл фæуæлахиз 11:0 хыгъдæй æмæ бацахста 3-аг бынат.
86 кг онг уæзы Ирыстонæй ерысты архайдтой: Европæйы 2 хатты чемпион Найфонты Артур, Уалыты Владислав, Наниты Славик, Мæхъиты Зауыр, Бæдуаты Астик æмæ Тæпсиаты Тамерлан. Нæ богæлттæй æрдæгкæронбæттæнмæ рацæуын бантыст Найфонты Артурæн. Уым йæ ныхмæлæууæг уыди дагестайнаг богал Магомед Рамазанов. Сæ фембæлд рауад тынг цымыдисаг æмæ ахицæн Артуры пайдайæн 9:8 хыгъдæй. Кæронбæттæны Найфонты Артуры ныхмæлæууæг уыди ноджыдæр ма иу дагестайнаг богал Даурен Куруглиев. Артур æмæ Дауренæн уый сæ фыццаг фембæлд нæ уыд. Амæй размæ азты уыдон фембæлдысты цалдæр хатты æмæ-иу куы Даурен фæуæлахиз, куы Артур.
Ацы хатты фембæлд дæр та рауад уæлдай цымыдисагдæр. Найфоны-фыртыл Ирыстоны спортуарзджытæ сæ зæрдæ дардтой куыд фæуæлахизуæвæгыл, æмæ сæ Артур нæ фæсайдта. Ацы хъазуатон ныхмæлæуды уый фæуæлахиз 2:1 хыгъдæй æмæ сси Уæрæсейы чемпион.
Дыккаг бон ерысы бацыдысты: 70, 74 æмæ 125 кг онг уæзты богæлттæ. Ирыстоны минæвæрттæ ацы уæзты кæронбæттæнмæ рацыдысты 74 æмæ 125 кг онг уæзты.
74 кг онг уæзы дунейы 2 хатты чемпион Сидахъаты Зауырбег кæронбæттæны фембæлдзæн Разамбек Жамаловимæ (Дагестан), уæззау уæзы та (125 кг) 1-аг бынатыл тохы фембæлдзысты нæ дыууæ богалы Теблойты Ацæмæз æмæ Кодзырты Сергей.
70 кг онг уæзы Уалыты Чермен æрдæгкæронбæттæны фæхæрд Евгений Жербаевæн (Буряты Республикæ) æмæ ныр ерыс кæндзæн 3-аг бынат рамбулыныл. Ацы уæзты уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты абон, 13 мартъийы.
Абон ма гауызыл ерыс кæндзысты 61, 65, 79 æмæ 97 кг онг уæзты хæцæг богæлттæ.
Баскаты Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here