Адæймаджы бартæ æмæ граждайнаг æхсæнады дарддæры райрæзт

0
268

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы цур Граждайнаг æхсæнад райрæзын кæныны æмæ адæймаджы барты фæдыл советæн уыд æмбырд. Амыдта йæ РЦИ-Аланийы Адæймаджы барты фæдыл æххæстбарджын ЦГЪОЙТЫ Тамерлан.

 

Совет ма фæстаг хатт куы æрæмбырд, ууыл рацыд дзæвгар рæстæг. Ныр уыцы рæстæджы фæстæ совет æрæмбырд фыццаг хатт. Йæ уæнгтæ дæр сты ног равзæрст адæймæгтæ.

Цгъойты Тамерлан йæ разныхасы куыд загъта, афтæмæй совет у адæймаджы бартæ хъахъхъæныны паддзахадон системæйы къабæзтæй иу. Уымæ гæсгæ, хæцгæ низимæ баст уавæр нымайгæйæ сын æмбырд кæд рагæй нал уыд, уæддæр, адæймаджы бартæ хъахъхъæныны æмæ йæ зæрдæдарæнтæ æххæст кæныны куыстæн йæ æмвæзад фæныллæгдæр уа, уымæн æруадзæн нæй. «Советæн йæ уынффæтæ кæд амонæнтæ кæнæ фæндæтты хуызы сты, уæддæр совет арæзт у республикæйы Сæргълæууæджы цур, æмæ уый дзурæг у йæ ахсджиагдзинадыл, стæй йæ бæрнондзинадыл», — бафиппайдта Цгъойы-фырт.

Æмбырды боны фæткмæ гæсгæ йæ архайджытæ, фыццаджыдæр, æрдзырдтой æмæ фæбæлвырддæр кодтой советæн йæ размæ æвæрд хæстæ æмæ нысантæ, стæй йæ архайды бындуртæ.

Дыккаг фарста уыд — «Хæсдарджытæн сæ хæстæ фæкъаддæр кæныны тыххæй Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Газпром межрегионгаз Дзæуджыхъæу»-ы æмæ акционерон æхсæнад «Россети Цæгат Кавказ» — «Цæгкавказэнерго»-йы мадзæлтты тыххæй». Раныхасгæнæг уыд советы сæрдары хæдивæг Милдзыхты Сергей. Куыд загъта, афтæмæй адæмæй тынг бирæтæ хъаст кæнынц, коммуналон фиддонтæ бафидыны тыххæй сæм коммуналон лæггадгæнæг компанитæ цы гæххæттытæ æрбарвитынц, уымæй. Уыдоны цы фиддонтæ амынд вæййы, уыдон фылдæр хатт раст нæ разынынц, фиддонты бæрц дзы вæййы æнæбындур бирæ. Æмæ йæ адæймаг зонгæ дæр нæ бакæны, афтæмæй йын йæ банчы картæйæ æхца ист æрцæуы уыцы фиддоны ныхмæ. Уыимæ, ахæм цау фылдæр хатт æрцæуы, социалон æгъдауæй фæкæсинагдæр чи у, адæмы уыцы къордтыл.

Фарстайы фæдыл ма ныхас кодтой «Газпром межрегионгаз Владикавказ»-ы генералон директоры хæдивæг Хъæлыцты Батрадз, «Россести Цæгат Кавказ» — «Цæгкавказэнерго»-йы минæвар Хъодзаты Марианнæ, Тæрхонадоны пъырыстыфты федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæджы хæдивæг Хъодзаты Илья, РЦИ-Аланийы Амалхъомты барты фæдыл æххæстбарджын Медойты Тимур, республикæйы Æхсæнадон палатæйы уæнг Цхуырбаты Лев, Æппæтуæрæсеон адæмон фронты цæгатирыстойнаг регионалон æххæсткомы разамонæг Гæлиты Клим, журналист Цæголты Олег æмæ иннæтæ. Æмбырды архайджытæ рахастой коммуналон фиддонтимæ баст сæвзæрæг уавæр банывыл кæнынæн хъæугæ уынаффæтæ æмæ амынддзинæдтæ.

Советы уæнгтæ ма сфидар кодтой 2021 азмæ сæ куысты пълан.


ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here