Эндокринологон диспансер рахызт иудадзыгон архайды фæткмæ

0
275


Ацы бонты Республикон эндокринологон

диспансер ногæй ивд æрцыд иудадзыгон куысты фæткмæ. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта медицинон кусæндоны сæйраг дохтыры хæдивæг ДЗУКЪАТЫ Зæлинæ.


Зындгонд куыд у, афтæмæй, сæвзæргæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, фæззæджы эндокринологон диспансеры бæстыхайы рæстæгмæ æрбынæттон инфекцион госпитæл. Диспансеры хайæдтæ та уыцы рæстæгмæ аивтой раздæры 1-æм арæндоны бæстыхаймæ.

Дзукъаты Зæлинæйы ныхасмæ гæсгæ, кæд æмæ диспансер къуындæгдæр бынаты архайдта, уæддæр эндокринологон рынчынтæн хъæугæ медицинон æххуыс нæ фæкъуыхцы. «Æвæстиат æххуыс-иу кæй бахъуыд, уыцы адæммæ уыд фыццаградон цæстдард, пъланон уагæвæрдмæ гæсгæ кæй дзæбæх кодтой, уыцы рынчынтæ дæр афойнадыл истой æппæт лæггæдтæ дæр», — загъта сæйраг дохтыры хæдивæг.

Ацы бонты диспансер ногæй ивд æрцыд йæ раздæры бынатмæ, Гагарины уынгмæ. Дзукъаты Зæлинæ куыд радзырдта, афтæмæй раздæрау кусынц поликлиникон хайад, лаборатори æмæ иннæ дæлхайæдтæ дæр. Диспансеры стационарон хайады ныртæккæ ис 50 рынчыны, 20 адæймаджы та медицинон лæггæдтæ исынц боныгон стационары фæткмæ гæсгæ.

Дарддæр сæйраг дохтыры хæдивæг куыд радзырдта, афтæмæй сæ архайды фылдæр æргом аздæхтой, коронавирусæй рынчын чи уыд, уыцы адæмы уавæрмæ. «Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ эндокринологон низтæ кæмæ ис, уыдоны æнæниздзинадыл тынгдæр фæзынд коронавирусон инфекци. Уымæ гæсгæ, уыцы адæмы æнæниздзинады уавæрмæ хъæуы уæлдай бæстондæр цæстдард», — бафиппайдта Зæлинæ.

Уыимæ, сæйраг дохтыры хæдивæг йе ‘ргом аздæхта коронавирусы ныхмæ дзыллон вакцинацимæ дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæкæры низ æмæ æндæр эндокринон низтæ кæмæ раиртæстой, уыцы адæмæй искæмæ вакцинæ скæныны фæнд куы фæзына, уæд уал æй фыццаджыдæр хъæуы йæ дохтыримæ бауынаффæ кæнын. Дохтыры хатдзæджы бындурыл уыдзæн укол скæныны тыххæй кæронбæттæн уынаффæ рахæссæн.


Джихаты Стэллæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here