Паддзахадон хæрзиуæг — Къесаты Станиславæн

0
215

 

Уæрæсейы Президент Владимир Путин цы Указ бафыста, уымæй бæрзонд паддзахадон хæрзиуæг саккаг кодтой Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Конституцион тæрхондоны сæрдар Къесаты Станиславæн.

Президенты Указы куыд загъд ис, афтæмæй Къесайы-фырт «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» ордены фыццаг къæпхæны майданæй хорзæхджын цæуы бирæазон æнæзæрдæхудт куысты, закъонад фидардæр кæнын æмæ граждæнты бартæ хъахъхъæныны хъуыддагмæ стыр бавæрæны тыххæй.

Уыцы бæрзонд паддзахадон хæрзиуæджы фæдыл “Рæстдзинад” дæр арфæ кæны йæ рагон иузæрдион хæлар Къесаты Станиславæн.

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here