Дохтыры куыстæн аргъ нæй

0
327

 

Бузныг — нæ дохтыртæн. Рынчын адæймаджы нывыл цардмæ раздахынæн сæ тыхтæ, сæ хъарутыл нæ ауæрдынц. Низтæ фæсурынæн та арф зонындзинæдтæ æмæ мадзæлттæ хъæуы.

Æнæнхъæлæджы дунейыл ног хæцгæ низ — коронавирус куы рахæлиу, уæд йæ ныхмæ тохы бацыдысты æппæт дæсныйæдты дохтыртæ дæр. Ды инфекционист дæ, ды та — невропатолог, уый сæйраг нæ уыд. Хъуыдис æнæкъуылымпы æххуыс, æрвылбон рынчындæттæм тагъд æххуысы машинæтæ æхсæвæй-бонæй, хæцгæ низы азарæй тыхст уавæры чи уыдис, уыцы рынчынты куы ластой, уæд. Нæ уыди хæрзцæттæ уыцы фыццаг уылæны нæ бæстæйы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабаз коронавирусы ныхмæ ахадгæ мадзæлттæ аразынмæ, фæлæ сæ къухтæ не ‘руагътой æмæ се ‘ппæт дæр, дохтырæй, медицинон хойæ, низимæ тохы бацыдысты. Æвæццæгæн, дзы хъулон кæнæн никæй ис, уымæн æмæ медицинæйы къабазы кусджытæй алчидæр йæхи хицæн æвæрæн бахаста, рынчынты сæ къæхтыл слæууын кæныны куысты. Æмæ се ‘ппæтæн дæр зæгъæм бузныг.

Дзæуджыхъæуы 7-æм поликлиникæйы терапевтон хайады сæргълæууæг Олысаты Виктория куыд радзырдта, афтæмæй уæззау уавæры уыдис ивгъуыд, 2020 азы уалдзæг.

— Нæ нæм уыдис сæрмагонд «костюмтæ», æмæ хуымæтæг маскæты дохтыртæ коронавирусæй рынчынтыл зылдысты. Æмæ-иу нæ бирæтæ фæрынчын сты сæхæдæг дæр. Уыдис ахæм бонтæ, æмæ дохтыртæ куынæуал фаг кодта, уæд нæм æххуысмæ барвæндонæй цыдысты медакадеми æмæ медколледжы студенттæ, бархионтæ. Нæхæдæг, хайæдты сæргълæуджытæ æмæ сæйраг дохтыртæ дæр. Поликлиникæйы службæ дыккаг у тагъд æххуысы хайады фæстæ, æмæ нæм цыдысты, амбулаторон уагæй дзæбæх кæнын кæй хъуыд, уыцы рынчынтæ. Сæрмагонд бригадæ сарæзтам, низы ныхмæ чи куыста, ахæм. Æмæ-иу бахъуаджы сахат цыфæнды афон дæр хостимæ цыдысты хæдзæрттæм. Бинонтæ-иу æмхуызонæй рынчын кæм уыдысты, ахæм хæдзæрттæ дæр уыд. Æмæ-иу дохтыр нал зыдта, кæцымæ дзы æркæса, уый. Халаты уæвгæйæ, маскæйы, афтæмæй хæцгæ низы ныхмæ кусæн нæй, уымæн æмæ дохтырыл дæр хæцы уæд. Фæлæ нæ дохтыртæ, уыцы уавæр зонгæйæ, уæддæр сæхи нæ аиуварс кодтой рынчынтæй. Абон дæр нæ поликлиникæйы бæлвырд цæстдард цæуы, рынчындонæй ковиды фæстæ кæй рафыстой, уыцы рынчынтæ. Низы фæстиуджытæ алкæуыл дæр алыхуызы зынынц. Æмæ сын мах дарддæр нæ цæст дарæм се ‘нæниздзинадмæ. Уыдис ахæм цаутæ дæр, æмæ коронавирус рæуджыты 80 проценты кæмæн бацахста, уыдоны ‘хсæн, 65 азæй уæлæмæ кардзырд рынчынтæй чи сдзæбæх, ахæмтæ. Уый махæн æнтыстджын куысты бæрæггæнæн уыд, — дзырдта Олысаты Виктория.

Виктория йæхæдæг низы фыццаг уылæны тагъд æххуысы хайады куыста, æмæ-иу боны дæргъы дæс æмæ ссæдз ранмæ дæр цыдысты. Уый егъау уаргъ уыдис, кæй зæгъын æй хъæуы. Алкæд машинæтæ нæ фаг кодта, дохтыртæ дæр — афтæ. Рæстæг сын-иу иуæй-иу хатт нал уыд сæ дарæс раивынæн дæр. Олысаты Виктория, кæд йæ кармæ гæсгæ æрыгон у, уæддæр æм фæлтæрддзинад ныридæгæн ис. Медакадемийы фæстæ æрыгон дохтыр кусын райдыдта поликлиникæйы хайады терапевтæй, пандемийы рæстæг та — тагъд æххуысы хайады. Ныр у поликлиникæйы терапевтон хайады сæргълæууæг. Йæ куыст, йæ архайдæн бæрæг аргъгонд куы нæ уыдаид, уæд æнтыстдзинæдтæ йæ къухы нæ бафтыдаид. Дохтыры ардбахæрдыл æнувыд у, йæ зæрдæ æмæ йæ хъуыдыйы дары, сæйраг цы у йæ дæсныйады, æмæ йыл бæрнонæй архайы. Виктория ма куыд загъта, афтæмæй вакцинацийы мадзæлттæ дæр абон поликлиникæйы æнтыстджынæй цæуынц. Йæхи фæндонæй прививкæ ковиды ныхмæ чи кæны, уыцы адæймæгты нымæц сæм æрвылбондæр рæзы. Куырдиатимæ сæхæдæг æрбацæуынц. Поликлиникæйы терапевттæ сын се ‘нæниздзинады уаг сбæрæг кæнынц, иугæндзон низтимæ прививкæ кæнæн нæй. Фылдæр цæуынц, 65 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм адæймæгтæ, «Тæссаг зонæйы» чи ис, уыдон.

Абон коронавирусы тых фæлæмæгъдæр, фæсаст, æмæ уый хорз хабар у. Фæлæ уæддæр санитарон домæнтæ æххæст кæнын сæйрагдæр мадзал у нырма. Кæд рынчынты нымæц фæкъаддæр, уæддæр уый ууыл дзурæг нæу, æмæ æгæр нæхиуыл фервæссæм, зæгъгæ. Низ бынтон нæма скуынæг, æмæ уый зæрдыл дарын хъæуы.

СаутÆты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here