Фембæлд горæты цæрджытимæ

0
260

Дзæуджыхъæуы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг ФÆрниаты Тамерланæн фембæлд уыд горæты цæрджытимæ. Ацы хатт горæты разамонæгмæ сæ тыхстаг фарстытимæ бахатыдысты 11 адæймаджы.

Зæгъæм, Музаты Маринæ фембæлдмæ æрбацыд Леоновы уынджы 1-æм хæдзары цæрджыты номæй. Сылгоймаг куыд радзырдта, афтæмæй йæхæдæг уыцы хæдзары цæры 30 азæй фылдæр. Уыцы æмгъуыды дæргъы хæдзары кæрты цалцæггæнæн куыстытæ никуы цыдысты. Йæ ныхасмæ гæсгæ, кæрты фæзуат æмæ къахвæндæгтæ æрæмбæрзын хъæуы ног асфальтæй, раивинаг сты бордюртæ æмæ цырæгътæ дæр.

Куырдиатмæ лæмбынæг æркæсгæйæ, Фæрниаты Тамерлан горæты администрацийы структурон дæлхайæдты минæвæрттæн бахæс кодта, цæмæй Леоновы уынджы 1-æм хæдзары алфамбылайы цалцæг бахæссой фидæн азы куысты пъланмæ.

«Горæты администрацийы разамонæджы дзуаппæй разыйæ баззадыстæм. Æнхъæлмæ кæсдзыстæм фæлгонцадон куыстыты райдайæнмæ», — фæстæдæр загъта Музаты Маринæ.

Афтæ, фембæлдмæ чи æрбацыд, уыцы адæмæй алкæмæн дæр йæ куырдиаты фæдыл хаст æрцыд бæлвырд уынаффæ. Адæмы тыхстаг фарстытæ баст уыдысты коммуналон хæдзарады нывылдзинадимæ, царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ, стæй æндæр хъуыддæгтимæ.


Дзæуджыхъæуы
администрацийы пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here