Мичурины иувæрсты — ног фæндаг

0
248

РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитет, æдасдзинады фарстатæ æххæст кæнгæйæ, аразы горæттæ æмæ хъæуты иувæрсты цæуæг фæндæгтæ. Афтæмæй транзитон уæзласæн машинæтæ ацæудзысты нæ уынгтæй, фæкъаддæр уыдзысты фæндаггон фыдбылызтæ, фæхуыздæр уыдзæн экологон уавæр. Ацы программæ кæронмæ арæзт куы æрцæуа, уæд транспортæй пайда кæныны экономикон уавæртæ дæр фæнывыл уыдзысты.

Фæндæгты хæдзарады комитеты заказмæ гæсгæ Æрыдоны районы дарддæр аразынц Мичуриныхъæуы иувæрсты ацæуæг фæндаг. Йæ дæргъ уыдзæн 5,648 километры. Арæзтадон куыстытæ цæуынц, фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады нырыккон домæнтæ хынцгæйæ. Фыццаг техникон категорийы уадздзагыл сарæзтой аст аразгæ конструкцийы æмæ цæугæдон Фыййагдоны сæрты хид. Æппæт куыстытæ æххæст кæнынц «Дагспецстройсервис»-ы фæндагаразджытæ.

Арæзтадон æрмæджыты æмæ конструкциты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнынц хæдбар Фæндагон лаборатори æмæ Фæндæгты хæдзарады комитеты специалисттæ.

Куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты, участочы ныртæккæ кусы бирæ уæззау техникæ, бульдозертæ, грейдертæ, экскаватортæ, æндæр сæрмагонд машинæтæ.

Фæлтæрдджын специалисттæ æвæрынц фæндаджы бынты цæуæг доны хæтæлтæ, æмбæрзынц æй сæрмагонд æрмæгæй. Бæлццæтты удæнцойдзинадæн скодтой, арæзтадон куыстыты рæстæг æнæкъуылымпыйæ машинæтæ кæуылты цæудзысты, ахæм рæстæгмæйы фæндаг.

Фæндагаразджыты ныхасмæ гæсгæ, куыстытæн сæ 70 проценты конд æрцыдысты. Хæстæгдæр рæстæг та бавналдзысты ног хиды хæйттæ фидар кæнынмæ, хъæугæ æрмæг баластой арæзтадон фæзмæ. Майы фæндаджы хицæн уадздзæгтæ асфальтæй æмбæрзт æрцæудзысты.

Мичуриныхъæуы иувæрсты цæуæг фæндаджы арæзтад кæронмæ ахæццæ уыдзæн иннæ аз.


Николай Песьяков,

РЦИ-Аланийы Фæндæгты хæдзарады комитеты

пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here