Низы ног «уылæнтæй» нырма æдас не стæм

0
237

Хистæр кары адæмæн хииппæрддзинады фæтк ногæй сфидар кæныны уынаффæ баст у, коронавирусы ног «уылæнтæй» нырма æдас кæй не стæм, уыимæ.

Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодтой «Роспотребнадзор»-ы цæгатирыстойнаг управленийы.

«Уæрæсейы фылдæр регионты санитарон æдасдзинады карз уагæвæрдтæ нырма сæ тыхы сты, уыимæ, дарддæр дæр хистæр кары адæмæн амонынц хииппæрддзинады фæткмæ гæсгæ архайын. Кæд рынчынты нымæц къаддæргæнгæ цæуы, уæддæр нырма æдас не стæм уыцы уæззау низы радон «уылæнтæй». Уымæ гæсгæ уынаффæ хаст æрцыд, 65 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, уыцы адæмæн ногæй хииппæрддзинады фæтк æрæвæрын», — радзырдта управленийы разамонæджы хæдивæг Къаболаты Заремæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы Указæй хистæр кары адæмæн хииппæрддзинады фæткы æмгъуыд адарддæр кодтой 2021 азы 30 апрелы онг.


Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here