Ахсджиаг фарстатæ

0
278

РЦИ-Аланийы Информацион технологитæ æмæ бастдзинады управленийы разамонæг СÆлбиты Алан фембæлд нæ республикæйы дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттимæ. Æмбырды ма архайдта Мидхъуыддæгты министрады Дзæуджыхъæуы слестгæнæн управленийы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг юстицийы булкъон Теблойты Алан.

— Ныртæккæйы рæстæджы нымæцон технологитæ ахсджиаг систы царды алы къабазы дæр. Фæлæ уымæй æрмæст хорзæрдæм пайдагонд нæ цæуы, фæлæ, хъыгагæн, æхсæнадæн æмæ хицæн адæймагæн знаггад ракæныны фæдыл дæр. Зæгъæм, раздæр, цæмæй къæрных фатер адава, уый тыххæй йæ хъуыд рудзынгæй бахизын, базонын, йæ амæттаг чи у, уый, фатермæ цæст дарын, хъахъхъæнын æй, хæстæг æм уæвын. Ныртæккæ та йæ уыцы хъуыддæгтæ æппындæр ницæмæн хъæуынц. Фатермæ хæстæг уæвын дæр æй нæ хъæуы. Ныр йæ бон у уыцы фатерæй сæдæ километры дарддæр уæвын æмæ йæ афтæмæй адавын, — зæгъы Сæлбиты Алан.

Теблойты Алан куыд радзырдта, афтæмæй 2017 азы сентябры РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министры бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд информацион-телекоммуникацион фыдракæндтæ раргом кæныны фæдыл сæрмагонд слестгæнæн къорд.

— Ацы азы дыууæ мæймæ ахæм фыдракæндтæ æрцыд 143. Фароны уыцы афонимæ абаргæйæ, фыдракæндтæ фæфылдæр сты дыууæ хатты. Уыдонæй 91 фыдракæнды сты цæстфæлдахæн миты тыххæй. Фарон ахæм рæстæг цæстфæлдахæн фыдракæндты нымæц уыд 54. Банчы хыгъдæй æмæ картæйæ дæвдтытæ ацы аз сты 52. Фарон ахæм фыдракæндтæ уыцы рæстæгмæ уыдысты 21. Уый ууыл дзурæг у, æмæ азæй-азмæ Интернетимæ баст фыдракæндтæ фылдæр кæнынц. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы къæрцхъус уæвын æмæ семæ карз тох кæнын, — бафиппайдта Теблойы-фырт.

Мидхъуыддæгты министрады минæвары ныхасмæ гæсгæ, пъæлицæмæ куырдиат куы æрбадæттынц, уæд радгæс слестгæнæг фæхабар кæны банкмæ æмæ бастдзинады оператортæм.

— Фæлæ, куыд зонæм, афтæмæй, цалынмæ уголовон хъуыддаг арæзт æрцæуа, уæдмæ банктæ, федералон закъонмæ гæсгæ, сусæг хабар не ‘ргом кæнынц. Арæх фыдгæнджытæ разынынц Уæрæсейы æндæр регионты цæрджытæ кæнæ та ахст адæм, — кæронбæттæны загъта булкъон.

Хъыгагæн, фылдæр хатт адæм сæхæдæг æнæрхъуыдыйæ сæ царды тыххæй бæлвырд хабæрттæ фæхабар кæнынц фыдгæнджытæн. Интернеты тыгъдады алы социалон хызты цы къамтæ сæвæрынц, кæнæ дзы цы информаци радтынц, уымæй давджытæ æнцонæй базонынц, адæймаг кæм цæры, цавæр уавæрты, кæимæ, куыд æмæ ма æндæр хабæрттæ дæр.

Давджытæ дæр рæстæгимæ, хъыгагæн, æмдзу кæнынц.


ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ

Къам систа

ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here