Арфæтæ — афæдзы хуыздæр ахуыргæнджытæн

0
802

Æрæджы нæ республикæйы ацыд педагогон дæсныйады æппæтадæмон регионалон конкурс «Афæдзы ахуыргæнæг», «Педагогон дебют» æмæ «Афæдзы хъомылгæнæг», зæгъгæ, номинациты. Мадзал арæзт цæуы нæ республикæйы Ахуырад æмæ наукæйы министрады хъæппæрисæй. Конкурсæн бындур æвæрд æрцыд дыууæ азы размæ, æмæ, кæд цыбыр рæстæг у, уæддæр ныридæгæн йæ архайджыты нымæц гыццыл нæу.

Ацы аз конкурсы архайдтой 87 ахуыргæнæджы нæ республикæйы алы районтæй. Сæ зонындзинæдты æмвæзад се ‘ппæтæн дæр у бæрзонд, фæлæ дзы уæддæр Ахуырад æмæ наукæйы министрад уæлдай фылдæр аргъ кæмæн скодта, уыцы уæлахиздзаутæн знон Дзæуджыхъæуы Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны лæвæрд æрцыд Кады гæххæттытæ, дипломтæ æмæ æхцайы сертификаттæ.

Кæронбæттæн мадзалмæ æрбацыдысты РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав æмæ РЦИ-Аланийы Парламенты Сæрдар Алексей Мачнев. Уыдон зæрдиаг арфæтæ ракодтой конкурсы æппæт архайджытæн дæр æмæ радзырдтой, сæхи царды æмæ алы рæстæджы дæр ахуыргæнæг куыд ахсджиаг æмæ кадджын уыд, уый тыххæй.

Битарты Вячеслав загъта:

— Ахуыргæнæджы куыстæн аргъ скæнын зын у, уымæн æмæ рæзгæ фæлтæры хъомылады уый цы фыдæбон кæны, сывæллоны раст фæндагыл сæвæрыны хъуыддаджы йæ хъарутæ, йæ зонындзинæдтыл куыд нæ ауæрды, уыцы сгуыхтдзинадæн æмбал нæй. Абон бирæ арæзт цæуы нæ республикæйы ног скъолатæ æмæ рæвдауæндæттæ, æндæр социалон объекттæ, фæлæ профессион æгъдауæй цæттæгонд кадртæ куы нæ уа, уæд уыцы ног скъолатæн сæ ахадындзинад дæр æмбæлгæ уавæры нæ уыдзæн. Нæ республикæйы разамынд архайы, ахуыргæнджытæн æххуысы мадзæлттæ æмæ сæ иннæ фарстатæ æххæст кæныны хъуыддæгтыл. Уый тыххæй ис сæрмагонд паддзахадон программæтæ. Дарддæр дæр кусдзыстæм уыцы программæты нысанты рæзтыл, — загъта нæ республикæйы Сæргълæууæг.

Алексей Мачнев та радзырдта, конкурсы уæлахиздзаутæ иууылдæр ахуыргæнджытæ кæй сты, уый у сæ æнтыстдзинæдтæ фæлварæн æмæ æвдисæг мадзал.

РЦИ-Аланийы Ахуырад æмæ наукæйы министрады кадджын дипломтæ æмæ гæххæттытæ лæвæрд æрцыд æппæт архайджытæн дæр.

Æхцайы сертификат 200 мин сомы æмæ фатер фыццаг бынатæн райста Дзæуджыхъæуы 38-æм скъолайы ахуыргæнæг Слохаты Розæ; æхцайы сертификат — дыккаг бынатæн (300 мин сомы) саккаг кодтой Дзæуджыхъæуы физикон-математикон лицейы ахуыргæнæг Бибуаты Татьянæйæн. Æхцайы сертификат æртыккаг бынатæн (200 мин сомы) та лæвæрд æрцыд Дзæуджыхъæуы 14-æм скъолайы ахуыргæнæг Остъаты Хетæгæн.


Саутæты Тамилæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here