Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указ

0
238

Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы
æххæстбартæ рагагъоммæ æруромыны тыххæй


Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ æххæстбартæ рагагъоммæ æрæвæрыны тыххæй куырдиат кæй æрбалæвæрдта, уымæ гæсгæ, «Уæрæсейы Федерацийы субъектты паддзахадон хицаудзинады закъонæвæрынадон (минæварадон) æмæ æххæстгæнæг оргæнты организацийы сæйраг уагæвæрдты тыххæй» 1999 азы 6 октябры фидаргонд 184-æм федералон закъоны 19-æм статьяйы 1-æм пункты «в» дæлхай æмæ 9-æм пункты «а» дæлхайы бындурыл уынаффæ хæссын:

  1. Битарты В.З. йæхи фæндонмæ гæсгæ уæгъдгонд æрцæуæд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы бынатæй.
  2. Меняйло Сергей Иваны фырт нысангонд æрцæуæд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй, йæ раздæры куысты бынатæй йæ суæгъд кæнгæйæ.
  3. Ацы Указ йæ тыхы цæуы къух бафыссыны бонæй фæстæмæ.


Мæскуы

2021 азы 9 апрел

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here