Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы
æххæстбартæ рагагъоммæ æруромыны тыххæй
Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ æххæстбартæ рагагъоммæ æрæвæрыны тыххæй куырдиат кæй æрбалæвæрдта, уымæ гæсгæ, «Уæрæсейы Федерацийы субъектты паддзахадон хицаудзинады закъонæвæрынадон (минæварадон) æмæ æххæстгæнæг оргæнты организацийы сæйраг уагæвæрдты тыххæй» 1999 азы 6 октябры фидаргонд 184-æм федералон закъоны 19-æм статьяйы 1-æм пункты «в» дæлхай æмæ 9-æм пункты «а» дæлхайы бындурыл уынаффæ хæссын:
- Битарты В.З. йæхи фæндонмæ гæсгæ уæгъдгонд æрцæуæд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы бынатæй.
- Меняйло Сергей Иваны фырт нысангонд æрцæуæд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй, йæ раздæры куысты бынатæй йæ суæгъд кæнгæйæ.
- Ацы Указ йæ тыхы цæуы къух бафыссыны бонæй фæстæмæ.
Мæскуы
2021 азы 9 апрел