Дыгуры районы Центрон рынчындоны лыггæнинаг фарстатæ

0
250

Дигорайы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло бабæрæг кодта районы Центрон рынчындон.

Республикæйы разамонæг бæстон æркаст медицинон кусæндоны хайæдтæ æмæ палатæты уавæрмæ, аргъ скодта рынчындоны техникон ифтонгад æмæ коллективы куысты фадæттæн. Уымæй уæлдай, Сергей Меняйло аныхас кодта, рынчындоны йе ‘нæниздзинад чи фидардæр кæны, уыцы адæмимæ, бæстон сæ фæфæрстытæ кодта, хостæ сын куыд дæттынц, хойрагæй цас разы сты, стæй æндæр ахæм хъуыддæгтæй.

Фæстæдæр республикæйы разамонæг рынчындоны тыхстагдæр фарстатыл æрдзырдта кусæндоны сæйраг дохтыр æмæ профилон ведомствæты минæвæрттимæ. Рынчыдоны сæйраг дохтыр Сæбанты Нелийы ныхасмæ гæсгæ, бындурон цалцæггæнинаг сты æвæстиат терапийы палатæтæ æмæ хæринаггæнæн блок. Хайæдты фаг нæй нырыккон медицинон техникæ дæр. Зæгъæм, æнæмæнг хъæугæ сты наркоздæттæн æмæ туджы анализы аппараттæ. Кæнæ, хуысгæ рынчынтæ æмæ коляскæтыл инвалидты рынчындоны агъуыстмæ баласынæн саразын хъæуы ног пандус… Республикæйы Сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта, ацы æмæ иннæ фарстатæ алыг кæныныл кæй бацархайдзæн, уымæй.

Рынчындоны дохтыртимæ фембæлды Сергей Меняйло фæнысан кодта цалдæр фыццаградон хæсы. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ныртæккæ фыццаджы-фыццагдæр бакусын хъæуы æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы нывылдзинадыл. Уыцы фарстайыл кусгæйæ, фæбæстондæр кæнинаг у, районты рынчындæттæ адæмæн медицинон æххуыс цавæр специализацитæм гæсгæ кæндзысты, уый.

— Куыст хъуамæ арæзт афтæ цæуа, цæмæй алкæцы специалистæн дæр бæлвырд уой йæ хæстæ, хъуамæ бæстон зона, куыд æмæ цавæр фæткмæ гæсгæ куса, уый. Районты рынчындæттæм хъуамæ фидаргонд цæуой сæрмагонд специализацигонд медицинон æххуысы хуызтæ. Зæгъæм, Дыгуры районы Центрон рынчындонæн бахæс кæнæн уаид цалдæр районы цæрджытæн хирургион æххуыс кæнын æмæ афтæ дарддæр. Æппæт ацы фарстатыл ныхас хъуамæ рауайа коллективты ‘хсæн дæр, цæмæй æппæт специалистты æхсæн дæр дихгонд æрцæуой сæ бæлвырд хæстæ. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады системæйы архайд фæнывылдæр кæнын æмæ медицинон лæггæдты хæрзхъæддзинад бæрзонддæр къæпхæнмæ сисын — уый нæ иумæйаг хæс у, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Фембæлды кæронбæттæны республикæйы разамонæг рынчындоны коллективæн бузныг загъта, æмхъаруйæ кæй кусы æмæ æххуысхъуаг адæммæ рæдау зæрдæ кæй дары, уый тыххæй.

 

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæджы
æмæ Хицауады
пресс-службæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here