Агропромышленнон къабаз æмæ йæ лыггæнинаг фарстатæ

0
236

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло знон фембæлд республикæйы агропромышленнон къабазы минæвæрттимæ. Суазæг сæ кодта, Алагиры районы Хæтæлдоны акционерон хæдзарад «Мастер-Прайм. Березка».

Æмбырды архайджытæ уыдысты: республикæйы Хъæууон хæдзарад æмæ хойраджы министрады минæвæрттæ, акционерон æхсæнад «Мастер-Прайм. Березка»-йы, æнæххæст бæрнондзинады æхсæнадтæ «Остров аквакультуры», «Долина спаржи», «Панкроль СТ», «Владка», «Ир-Агро», «Фат-Агро», «Арлан-Фиш», «Кар-Агро» æмæ СПК «Де-Густо»-йы разамонджытæ, стæй, сæн уадзыны куыст чи кæны Цæгат Ирыстоны, уыцы къабазы минæвæрттæ.

Сергей Меняйло базонгæ, акционерон æхсæнад «Мастер-Прайм. Березка» цы æхсыры продукци уадзы, уыимæ. Æрзылд, «Монбельярд» хъуццытæ, стæй родтæ кæм дарынц, уыцы фермæтыл, æхсыргуыстгæнæг æмæ æхсыры продукци уадзæг цехтыл.

Акционерон æхсæнад «Мастер-Прайм. Березка»-йæн бындурæвæрд æрцыд 2002 азы. Йæ сæйраг архайд баст у хоры культурты, стæй «Монбельярд», зæгъгæ, Францæй ласт уыцы стурвосы куыст кæнын. Ныртæккæ хæдзарады ис 1748 сæры, уыимæ, хъуццытæ — 761. Ивгъуыд азы куыстуат æрдыгъта 4,1 тоннæйы æхсыр. «Мастер-Прайм. Березка»-йæн йæхимæ цы æхсыры завод ис, уым æрвылбон суткмæ куыст æрцæуы æхсыры 12 тоннæйы. Цы æхсыры уæлдай сæм баззайы, уый йæ бон у, республикæйы базарты уæй кæнын. Завод уадзы æхсыры продукцийы 48 хуызы.

Æмбырды архайджытæ ныхас кодтой агропромышленнон къабазы, æмткæй райсгæйæ, стæй алкæмæн дæр йæ хæдзарады цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоныл, æмæ сæ алыг кæныны мадзæлттыл.

— Нæ нысан абон у, уæ хæдзарæдтæ размæ цæмæй цæуой, рæзой æмæ ноджы æнтыстджындæр уой, уымæн æххуысы фæрæзтæ æмæ мадзæлттæ сбæлвырд кæнын, æмæ уæ размæ лæууæг къуылымпытæ аиуварс кæнынæн æмæ тыхстаг фарстатæ лыг кæнынæн нæм цы гæнæнтæ ис, уыдон фæбæрæг кæнын, — загъта Сергей Меняйло. Æмбырды архайджытæй алчидæр загъта йæ фæндтæ, йæ хъуыдытæ, йæ фиппаинæгтæ. Акционерон хæдзарад «Мастер-Прайм. Березка»-йы генералон директор Беккуызарты Ларисæ радзырдта агрохолдингæн йæ ног проекты тыххæй. Куыд загъта, афтæмæй сæ пъланты ис, «Адæймаджы бæсты дзы алы куыст дæр роботтæ кæм кæндзысты, стæй, VIP-цыхтытæ уадзæн цех кæм уыдзæн, РЦИ-Аланийы стурвосы куыстгæнæг ахæм комплекс саразын», ацы ног инвестицион проект царды рауадзын. Проекты нысан у «Мастер-Прайм. Березка»-йы бындурыл Уæрæсейы Хуссары егъаудæр æмæ тыхджындæр агропромышленнон комплекс саразын. Проект æххæстгонд цæудзæн дыууæ къæпхæнæй. Фыццаг уал бацархайдзысты, стурвосы сæр фæфылдæр кæныныл роботтæ кæм кусдзæн, цыппар ахæм демо-фермæйы саразыныл. Дыккаджы та, арæзт æрцæудзæн æхсыргуыстгæнæг, уыимæ, цыхтытæ уадзæг завод. Проект цы хæрдзтæ домы, уыдон фæстæмæ раздæхдзысты дæс азы фæстæ. Беккуызарты Ларисæ куыд бафиппайдта, афтæмæй сын ныридæгæн хорз бастдзинад æмæ æмгуыстад ис Россельхозбанкимæ. Йæ ныхасимæ разы уыд æмбырды архайæг, Россельхозбанчы регионалон филиалы директор Георгий Ходоковский дæр.

Æнæххæст бæрнондзинады æхсæнад «Остров — аквакультуры» кæны балеркæсаджы куыст. Æхсæнады бындурæвæрæг Данилæ Дюдневы хъуыдымæ гæсгæ, Цæгат Ирыстоны гæнæнтæ амонынц, æмткæй райсгæйæ, æппæт Уæрæсейы дæр цы кæсаджы куыст цæуы, уымæн йæ 20 проценты республикæйы æххæст кæнын. «Æрмæст уыцы куыст у нырыккондæр æмвæзадыл рацаразинаг. Нæ куысты нын хорз æххуыс кæны Сбербанк», — загъта амалхъом.

Æмбырды архайджыты хъуыдытæ æмæ фиппаинæгты бындурыл хаст æрцыд къабаз размæ ракæнынæн ахъазгæнæг хъæппæристæ.

 

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ
Къам систа
ХЪАЙЫРТЫ Дианæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here