“Дӕуӕн уыдис мӕ цӕугӕ цард нывонд…”

0
299

2021 азы 2 августы нӕ ирон дзырдаивады зындгонд поэт, драматург, тӕлмацгӕнӕг, ӕхсӕнадон архайӕг Ходы Камалӕн сбӕрӕг кодтой йӕ дыууиссӕдзӕм бон. Ӕнӕ дызӕрдыгӕй мӕ бон у зӕгъын: Камал бирӕ хӕрзты бацыд ирон культурӕ ӕмӕ ирон литературӕйӕн, райгуырӕн Ирыстонӕн. Ирон дзырдаивады Ходы Камалӕн уыд йӕхи сӕрмагонд бынат. Йӕ поэтикон чингуытӕ сты зындгонд поэзиуарзджытӕн — «Бонвӕрнон» (1962), «Цӕхх ӕмӕ кӕрдзын» (1966), «Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ зарынц» (1970), «Кар» (1974), «Ном» (1979), «Ӕрттигъ» (1983), «Мыртӕ» (1992), «Балсӕджы Цалх» (2009), уырыссаг ӕвзагыл «Белые искры» («Современник», 1976) ӕмӕ «Своим чередом» («Советский писатель», 1989).

Ӕз рагӕй дардтон мӕ цӕст йӕ поэтикон сфӕлдыстадмӕ, уарзын ын йӕ аивадон дзырд. Камалы поэтикон уацмысты ӕвзаг у хигъӕдон, иннӕ поэттимӕ йын фӕхӕццӕ кӕнӕн нӕй. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Ходы-фыртӕн йӕ поэзийы сӕйрагдӕр миниуджытӕ уыдысты — йӕ диссаджы ирон ӕвзаг ӕмӕ йӕ адӕймагон уды ӕнкъарӕнтӕ. Йӕ поэтикон, Хуыцауӕй лӕвӕрд, курдиат та рабӕрӕг вӕйййы йӕ хуыздӕр ӕмдзӕвгӕты: «Ирыстонмӕ», «Гаджидау», «Растдзырды сонет», «Сфӕлдыстад», «Тӕссонд мӕсыг», «Быдираг хъӕуы ритмтӕ», «Ӕхсӕв хохаг хъӕуы», «Чъыры къӕртт», «Сӕумӕрайсомы арфӕ», «Хуынды», «Къахвӕндаг» — ӕмӕ се ‘ппӕт чи фӕнымайдзӕн, уый бӕрц сты Камалы ӕмдзӕвгӕ-шедевртӕ.

Ирон поэзиуарзджытӕн поэты ӕмдзӕвгӕтӕ сты зынаргъ ӕмӕ уарзон, сӕ зӕрдӕтӕн сын ӕрхӕссынц ӕхцондзинад, цины, амонды, уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ. Мӕн-иу дисы бафтыдта поэты арӕхстдзинад, йӕ профессионалондзинад, ацы поэтикон уацмыстӕ техникон ӕгъдауӕй арӕзт куыд ӕрцыдысты, уыцы хъуыддаг. Уый та хуымӕтӕг нӕу, — дӕ уацмыс алцӕмӕй дӕр ӕххӕст (хъуыдытӕ, ӕнкъарӕнӕй, ӕвзагӕй, йӕ сарӕзтӕй) куы рауайа, уӕд. Уымӕн хъӕуы Хуыцауӕй лӕвӕрд курдиат ӕмӕ ирон мадӕлон ӕвзаг бындуронӕй зонын.

Мӕ бон зӕгъын у фидарӕй: Камал уыд ӕмдзӕвгӕйы дӕсны, нӕ поэтӕн йӕ бон уыд ӕмдзӕвгӕйы алы хуызтӕ дӕр сфӕлдисын (ӕмдзӕвгӕ, сонет, верлибр, цыппаррӕнхъон ӕмӕ ин.). Уыцы амонд та алкӕцы поэты къухы не ‘фты, бирӕтӕ йӕ зонгӕ дӕр нӕ фӕкӕнынц, куыд хъӕуы ӕмдзӕвгӕ саразын, цӕмӕй уацмыс «йӕ къӕхтыл слӕууа», уый. Уыдонӕн сӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕ вӕййы, ӕмдзӕвгӕ саразыны хицӕндзинӕдтӕ ӕмӕ аивадон мадзӕлттӕ ӕцӕг поэтӕн хъуыдыйаг кӕй вӕййынц, уый.

Уымӕн загъта Камалы поэзийӕ Булкъаты Михал: «Ходы Камалӕн ӕмдзӕвгӕ у судзаггаг рисы дамгъӕ, зӕрдӕйы уӕззау сагъӕсы гакк, уды чи нӕуал фӕцӕуы, ахӕм ӕнкъарӕн, ӕнӕ ныффысгӕ кӕмӕн нал вӕййы, ахӕм цардӕвзарӕны поэтикон формӕ».

Михалы хъуыдыимӕ разы у иннӕ курдиатджын поэт, Камалы ӕмдугон, Дзасохты Музафер. Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, Камалӕн «тӕккӕ фылдӕр бантыст поэзийы. Уым ӕппӕты ӕххӕстдӕрӕй равдыста йӕ уды сагъӕстӕ, йӕ цӕстӕнгас дуне ӕмӕ ӕхсӕнадмӕ, уым рабӕрӕг йӕ курдиат ӕмӕ уӕлтӕмӕнады хъару».

Камал йӕ уацмыстӕй иуы афтӕ ныффыста: «Ӕнкъарӕн у ӕмдзӕвгӕйы ӕндзарӕн…»

«Раст зӕгъы, — Камалы ацы хъуыдыйы фарс уыд нӕ ирон литературӕйы классик Джусойты Нафи, — дзырдаивады уацмысы ӕнкъарӕн куы нӕ уа, уӕд, йӕ зӕрдӕйы куырой цӕмӕй разила, уый нӕ уыдзӕнис ӕмӕ марды хуызӕнӕй лӕудзӕн. Фӕлӕ дзырдаивады артдзӕсты ӕртдзых цӕмӕй бакӕнай, уымӕн хъӕуы ӕртӕ сӕйраг ӕндзарӕны ӕмӕ стӕй алыхуызон лыстытӕ дӕр. Уыцы ӕндзарӕнтӕ сты: ӕнкъарӕн, фӕлдисӕг фантази, поэтикон хъуыды. Ӕцӕг уацмысы куы сӕ иу вӕййы развӕдгӕнӕг, ӕппӕтӕн хуыздӕттӕг, куы та — се ‘ннӕ. Науӕд та, — уый поэты бӕллиц у! — ӕртӕйӕн вӕййы гармонион иудзинад, артдзӕсты фӕсудзынц, иу цырагъау».

Ахӕм поэтикон миниуджытӕй — ӕнкъарӕнтӕй, арф хъуыдытӕй, фӕлдисӕг фантазийӕ — фӕхайджын кодта Ходы-фырт йӕ хуыздӕр ӕмдзӕвгӕтӕ — «Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ зарынц…» Ӕмӕ «Рагон нырыккон зарӕг». Уыдоны кӕрӕй-кӕронмӕ ӕнхъӕвзы ӕнӕсысгӕ ӕгӕрон уарзондзинад райгуырӕн къӕсмӕ, нӕ Фыдыбӕстӕм, ирон адӕммӕ, уый истори ӕмӕ ивгъуыдмӕ. Райгуырӕн бӕстӕмӕ уарзондзинады комулӕфт чиныгкӕсӕгӕн ӕнӕ рахатгӕ нӕ вӕййы, «уый тыххӕй нӕ ӕлвасы поэты сфӕлдыстад ӕппынӕдзух йӕхимӕ, ӕмӕ йӕ сӕйраг рахӕцӕн у, йӕ уацмысы рӕстдзинад, цӕттӕ гагатау, сӕртӕг къӕрцгӕнаг ирон мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ рӕсугъд, фӕлгонцон уынынад кӕй сиу вӕййынц, зырнӕйзылды хуызӕнӕн нын кӕй равдисынц сӕ аивдзинӕдтӕ, уый», — зӕгъы Камалы лирикӕйӕ зындгонд ирон фыссӕг ӕмӕ литературӕиртасӕг Хъазиты Мелитон.

Куыд арӕхст Камал ӕмдзӕвгӕтӕ сфӕлдисынмӕ, уый рабӕрӕг кӕндзыстӕм, куы ӕркӕсӕм ын йӕ иу уацмысмӕ, уӕд. Ныффыста йӕ 1966 азы, уӕд нӕ поэтыл цыдис фондз ӕмӕ ссӕдз азы. Фӕлӕ цы диссаджы поэтикон уацмыс ын бантысти сфӕлдисын. Куы йӕ фӕкӕсын, уӕд мӕ алы хатт дӕр дисы бафтауы ӕмӕ йын йӕ хъуыдыты арф аныгъуылын. Адӕймагмӕ афтӕ дӕр фӕкӕсы: цы ис ацы ӕмдзӕвгӕйы ахӕм диссагӕй?

Хуымӕтӕг ӕмдзӕвгӕ — дыууӕ ӕви ӕртӕ нывӕй арӕзт. Фӕлӕ арф ахъуыды кӕнгӕйӕ, адӕймаг ӕрцӕуы философон сагъӕстӕм ирон адӕмы цард ӕмӕ нӕ ивгъуыды тыххӕй, нӕ Фыдыбӕстӕйы абон ӕмӕ фидӕныл.

Ӕрдзы нывӕй райдайы ацы ӕмдзӕвгӕ ӕмӕ дзы рабӕрӕг вӕййы авторы ахаст, цы бынаты цӕры, уымӕ дӕр, йӕ историмӕ дӕр, Ирыстоны ивгъуыдмӕ ӕмӕ абонмӕ дӕр.

Ӕризӕр… Сатӕг…

Дымгӕ хъазы…

Кӕмдӕр ирон

лӕппутӕ зарынц…

Ыслӕууыд ивгъуыд дуг

мӕ разы…

Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ

зарынц…

Уӕ зӕрдыл ма йӕ ӕрлӕууын кӕнут, кӕд ма фехъуыстат, уынджы уа ӕви ӕндӕр искуы цӕугӕйӕ, исчи, нӕлгоймагӕй кӕнӕ ӕрыгон лӕппутӕй, куыд зарыдысты хъӕрӕй ирон зарӕг, уыцы цау? ӕз ахӕм цау нӕ хъуыды кӕнын. Ходы Камалы та уыцы лӕппутӕ ӕмӕ сӕ диссаджы зарӕг сфӕлдисын кодта лирикон ӕмдзӕвгӕ, кӕцы ӕвдисы адӕймаджы миддуне, йӕ ахаст нӕ ивгъуыд ӕмӕ абонмӕ, аивадмӕ, ирон фыдӕлтыккон зарӕгмӕ.

Ӕмӕ цымӕ кӕм зарынц нӕ ирон лӕппутӕ? «Кӕмдӕр», — дӕтты нын дзуапп поэт.

«Кӕмдӕр»… Бӕстӕ кӕддӕриддӕр ӕмыдзаг у ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй — ома, цин ӕмӕ хъыгӕй; иуыл зиан ӕрцыд, кӕуы, дзыназы, иннӕйы хӕдзары чындзӕхсӕв нӕры», — зӕгъы ацы ныхасы тыххӕй, фыссӕг ӕмӕ публицист Гусалты Барис («Мах дуг», 2021, №1, 33-34 фарс.). Ӕмӕ Камалмӕ дӕр кӕмдӕр чидӕр хъӕрзы, кӕмдӕр та… Кӕмдӕр, — уӕд дунейы уӕрӕхы; уӕд сӕ зард, Къостайы хъарӕгау, мӕрдтӕм дӕр хъуысы; зарынц ӕмӕ ирон цард йӕ гаччы ис, йӕ бӕрӕг фӕткыл фидар ӕвӕрд у. Кӕмдӕр, — уӕд — алы ран дӕр. Иугӕр кӕмдӕр, — дунейы ӕгӕрон уӕрӕхы — зарӕггӕнджытӕ ис, уӕд адӕймаг ныфсвидар у, цардхъомыс у, сомбонӕй разы ӕмӕ разӕнгард».

Охх, уарзын нал зонын

кӕддӕрау…

Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ

зарынц…

У амонд а зӕххыл

фӕцӕрын…

Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ

зарынц…

Фӕлӕ цӕуыл катай кӕны ӕмдзӕвгӕйы лирикон хъайтар? Цы йын нӕ дӕтты ӕнцойад? Цӕуыл у йӕ тыхст? Ахӕм философон хъуыдымӕ чи ӕрцӕуы: «У амонд а зӕххыл фӕцӕрын…» Ӕмӕ йын йӕ арф мидис чи ӕмбары, уый хъуамӕ катай кӕна, сагъӕсы бацӕуа? ӕмӕ уарзондзинадыл йӕ къух сиса?

Цӕуы та тох

Дзырд ӕмӕ кардӕй…

Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ

зарынц

Ныхъхъуыста хъӕу

йӕхимӕ ‘нкъардӕй…

Кӕмдӕр…

Ирон лӕппутӕ

Зарынц…

Ныр рабӕрӕг лирикон хъайтары катайы аххосаг: «Цӕуы та тох /Дзырд ӕмӕ кардӕй…» Ацы поэтикон метафорӕйы Камал бавӕрдта арф хъуыды, ӕрдзы диссаджы нывӕй, райгуырӕн хъӕуӕй — сӕрибар бӕстӕй — фӕсарӕнтӕм, хӕст кӕм цӕуы, арты пиллон кӕм кӕлы, адӕмӕн уӕгъдибар кӕм нӕй, уырдӕм. Ахӕм поэтикон мадзал — ныхмӕвӕрдӕй — Ирыстон знон ӕмӕ абон, сӕрибар Райгуырӕн бӕстӕ ӕмӕ «тох дзырд ӕмӕ кардӕй» — поэт равдисы йӕ зӕрдӕйы, йӕ уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ Фыдыбӕстӕмӕ, ирон адӕммӕ.

Ӕмдзӕвгӕйы фӕстаг цыппаррӕнхъоны мах раздахынц ногӕй нывмӕ (уымӕй райдайы уацмыс) ӕмӕ лирикон хъайтары зӕрдӕйы ахастмӕ:

Фӕсхохмӕ

Хурзӕрин

Фӕцӕуы…

Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ

зарынц…

Ысхӕццӕ

Былалгъмӕ

Мӕ кӕуын…

Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ

зарынц…

Ирон зарӕг рагӕйдӕр уыдис ирон лӕгӕн царды хъӕлӕс, ӕхсар ӕмӕ намысы фидиуӕг. Ӕмӕ ацы уацмысы мидис дӕр баст у ирон зарӕгимӕ. Мах нӕ зонӕм, кӕуыл зарынц уыцы хъӕуккаг лӕппутӕ, уый. Чи зоны, ӕмӕ зарӕджы хъайтар у Тылаттаты Чермен, Алыккаты Хазби, Кодзырты Таймураз кӕнӕ та Тотиты Аким. Ӕнӕ дызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис: хъӕбатыртӕ зарынц хъӕбатыртыл. Фӕстӕдӕр, 1983 азы, Камал фыста йӕ иннӕ ӕмдзӕвгӕйы:

Фыдӕлтыккон зарджытӕм хъуыстон:

Уыдтон нӕ Ивгъуыд —

Тармылазон сау…

Дӕ зарӕг дӕр уыд,

хъарӕгау, Ирыстон, —

Цӕмӕн дыл афтӕ

феххӕлыд Хуыцау?

«Дзырд — ӕмдзӕвгӕйы цӕджындз, йӕ рухс, йӕ амонд, йӕ царддӕттӕг тых. Ӕмӕ поэзиуарзджытӕн та — ӕвдадзы хос. Адӕмӕй ӕмӕ Хуыцауӕй рантысгӕ Дзырд», — зӕгъы Камалы ныхасӕй Гусалты Барис. Ӕмӕ уый ӕцӕгӕйдӕр, афтӕ у. Ӕрмӕстдӕр Иунӕг дзырд куы айсӕм ӕмдзӕвгӕйӕ, уӕд фехӕлдзӕн йӕ арӕзт, алы ныхас дӕр дзы ис йӕ бынаты, йӕ дырыс нысаниуӕгимӕ. Уӕдӕ поэтикон фӕрӕзтӕй дӕр цух нӕу уацмыс: метафорӕ, ныхмӕвӕрд, фӕлхатӕн, ӕрдзы нывӕй райдайы ӕмӕ фӕвӕййы ӕмдзӕвгӕ.

Автор авд хатты фӕлхатӕн кӕны поэтикон рӕнхъ: «Кӕмдӕр ирон лӕппутӕ зарынц…» Уый хуымӕтӕджы нӕу. Ахӕм поэтикон ныхасы фӕзилӕны фӕрцы поэт ирдӕй ӕвдисы ныв, тыхджындӕр кӕны архайд ӕмӕ дзурӕджы ныхас, здахы нӕ хъуыды ирон зарӕджы нысаниуӕг ӕмӕ мидисмӕ. Ноджы ма поэтикон ныхасы интонаци кӕны куы бӕрзонддӕр, куы ныллӕгдӕр.

Бирӕстъӕлф — ӕмдзӕвгӕйы ӕндӕр аивадон фӕрӕз. Ӕмдзӕвгӕ арӕзт у ссӕдз хъуыдыйадӕй ӕмӕ се ‘ппӕты дӕр автор сӕвӕрдта бирӕстъӕлфытӕ. Цӕмӕн? Уый фӕнды, цӕмӕй мах, чиныгкӕсджытӕ, ахъуыды кӕнӕм, цӕуыл сагъӕс кӕны поэт, бамбарӕм ын йӕ хъуыдытӕ, кӕй йын нӕ бантыст зӕгъын, уыдоныл асагъӕс кӕнӕм нӕхӕдӕг.

Камалы ацы ӕмдзӕвгӕйӕ рауади зарӕг — музыкӕ йӕм ныффыста зындгонд ирон композитор Махъоты Ацӕмӕз. Арӕх ын ис фехъусӕн ирон радиойӕ, адӕм ӕм цымыдисӕй фӕхъусынц.

Ӕмӕ уадз ӕмӕ хъӕрӕй зарой хъӕбатыры зарджытӕ нӕ ирон лӕппутӕ! Сӕ зӕрин хъӕлӕстӕй зарой Камалы амондӕн, зарой не ‘ппӕты цинӕй! ӕмӕ сӕ диссаджы алӕмӕты хъӕлӕстӕ макуы бамынӕг уӕнт, макуы сӕхгӕнӕнт! Цин, амонд, ныфс хӕссӕнт ирон адӕмӕн, нӕ Фыдыбӕстӕн!

Мзокты Аслӕнбег,

литературӕиртасӕг, Уӕрӕсейы Фысджыты цӕдисы уӕнг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here