Райгуырӕн уӕзӕгмӕ уарзты ӕнкъарӕнӕвдисӕг киноныв

0
222

Адӕймаджы миддуне афтӕ арӕзт у, ӕмӕ, кӕм райгуырӕм, уыцы зӕхх нын вӕййы кӕддӕриддӕр зынаргъдӕр ӕмӕ адджындӕр. Ӕмӕ нӕ хъысмӕты фурд йӕ тызмӕг уылӕнтӕй дунейы кӕцыфӕнды кӕронмӕ куы аппары, уӕддӕр-кӕддӕр бамбарӕм, царды ӕцӕг амонд фыды уӕзӕгыл ссарӕн кӕй ис, уый.

Кӕстӕртӕ йӕ цӕмӕй хуыздӕр ӕнкъарой ӕмӕ сӕ райгуырӕн артдзӕстыл ӕнувыд уой, уый фӕсивӕдӕн банкъарын кӕныны нысанимӕ Дзӕуджыхъӕуы ӕрӕджы, продюсер Битарты Константины разамындӕй исын райдыдтой ног киноныв «ӕнӕкӕрон быцӕу». Йӕ сценари дӕр ын йӕхӕдӕг ныффыста. Йӕ режиссер-ӕвӕрӕг у нӕ бӕстӕйы киноаивады зындгонд архайӕг Беслехъоты Эльбрус.

Кинонывыл кусын райдыдтой июлы райдайӕны. Йӕ хъуыды у ахӕм: Дзӕуджыхъӕуы йӕ ныййарджытимӕ чи цард ӕмӕ сырӕзт, уыцы лӕппу Сослан йӕ бинонтимӕ афтыд Америкмӕ. Йӕ мад ӕмӕ фыд дзы амалхъомады куыст кӕнын райдыдтой. Фӕлӕ сыл ӕнӕнхъӕлӕджы сӕмбӕлд сӕ адзал. Фырт иунӕгӕй баззад. Ӕмӕ ӕцӕгӕлон зӕххӕй ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ.

Ам ӕй йӕ хӕлӕрттӕ хи куыстад райрӕзын кӕнынмӕ сразӕнгард кодтой. Фӕлӕ куыдфӕстӕмӕ, афтӕ Сосланыл гадзрахатӕй рацыдысты. Фӕсаст, йӕ ӕууӕнкджын зӕрдӕйы цардмӕ цы ныфс уыдис, уый.

Фӕлӕ къӕвда боны фӕстӕ хур куыд ракӕсы, афтӕ Сослан дӕр цардмӕ здӕхын райдыдта йӕ сыгъдӕгзӕрдӕ хиуӕтты ӕмӕ зонгӕты фӕрцы. Бакодта бинонты хъуыддаг. Райдыдта ныв кӕнын. Йӕ аивадон куыстыты равдыстытимӕ, суанг фӕсарӕнтӕм дӕр-иу ацыд. Йӕ фыд ӕй цы зондыл арӕзта, ӕцӕг амондджын ӕрмӕстдӕр дӕ райгуырӕн уӕзӕгыл уыдзынӕ, зӕгъгӕ, уый йын ныфсы ӕмӕ фарны лӕггадгӕнӕг басгуыхт.

Аивадон киноныв «Ӕнӕкӕрон быцӕу»-ы ӕппӕт нывтӕ ист цӕуынц Дзӕуджыхъӕуы. Арӕзт уыдзӕн иу серийӕ. Сӕйраг архайджыты сурӕттӕ дзы аразынц Ирон ӕмӕ Уырыссаг академион театрты зындгонд ӕмӕ ӕрыгон артисттӕ Сӕбанты Тамерлан, Анжеликӕ Тер-Давидянц, Гуццаты Тамерлан, Гагулаты Сослан, Хуссар Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры раздӕры аивадон разамонӕг, актер Кокойты Махар ӕмӕ иннӕтӕ. Операторты къорды та сты Мӕхъиты Руслан, Батрадз ӕмӕ Мамиаты Марат. Киноисӕн фӕзы рухсыты фӕлгонцадӕн та йӕ дзуапдӕттӕг у Гӕбӕраты Алан.

Киноныв «Ӕнӕкӕрон быцӕу» йӕ хъуыдыйӕ у арф хъуыдыджын, йӕ сӕйраг ӕмӕ фӕрсаг архайджыты хицӕн миддуне ӕвдисӕг ӕнкъарӕнджын фӕзындтытӕй, архӕйдтытӕй хъӕздыг. Ист ӕй фӕуыдзысты ацы мӕй.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here