Уæрæсейы Президент Владимир Путин федералон Хицауадæн бахæс кодта, цæмæй фæсарæнтæй нæ бæстæмæ фылдæр хъæууонхæдзарадон продукци ласынæн уæлæмхасæн æууæлтæ сараза. Ахæм уынаффæйы сæйрагдæр нысан у дыргътæ æмæ халсарты æргътæ фæнывылдæр кæнын.
Уый тыххæй фехъусын кодта Кремлы пресс-службæ.
Пресс-службæйы минæвары ныхасмæ гæсгæ, Президент федералон ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй зынгæ фæфылдæр кæной, Хæдбар Паддзахæдты Æмхæларады бæстæтæй цы хъæууонхæдзарадон продукци ласт цæуы, уый бæрцытæ.
Уымæй уæлдай, Владимир Путин Монополиты ныхмæ архайды федералон службæйæн бахæс кодта, цæмæй йæ цæст иудадзыг дара хойраджы продукцийы æргътæм.
Зындгонд куыд у, афтæмæй фæстаг рæстæг хойраджы продуктты æргъты рæзт зынгæ рауад. Ацы æмæ иннæ фарстатыл бæстон ныхас цыд, Президент федералон Хицауады уæнгтимæ цы онлайн-фембæлд сарæзта, уым дæр. Уæд бæстæйы разамонæг бæлвырд амынддзинæдтæ радта профилон ведомствæты бæрнон кусджытæн, цæмæй хойраджы продуктты базарады уавæр банывыл кæнынæн уæлæмхасæн мадзæлттæ саразой.
Уыимæ, ныридæгæн иуæй-иу ивддзинæдтæ цæуы æргъты политикæйы. Афтæ, 5 августы УФ-йы Хъæууон хæдзарады министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй дыргътæ æмæ халсартæй сæ фылдæры æргътæ иуцасдæр фæкъаддæр сты (уыдоны нымæцы — борщ скæнынæн цы халсартæ хъæуы, уыдон дæр). Уымæн фыццаджыдæр ахъаз кæны, хъæууонхæдзарадон товаруадзджытæ базарадмæ фылдæр продукци æрвитын кæй райдыдтой, уый.
(«ТАСС»)














