Цæмæй ахæм фыдбылызтæн бынат мауал уа…

0
341

Коронавирусы инфекци парахат кæнынæн гæрæнтæ æвæрыны фарстаты фæдыл республикон оперативон штабы æмбырд радон хатт арæзт æрцыд РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйлойы разамындæй.

Æмбырды райдайæны республикæйы разамонæг иу хатт ма тæфæрфæс ракодта, Тагъд æххуысы республикон клиникон рынчындоны техногенон фыдбылызы аххосæй чи амард, уыцы адæмы бинонтæ æмæ хиуæттæн. Сергей Меняйло æппæт профилон ведомствæты разамонджытæм фæсидт, цæмæй æрцæугæ фыдбылызæй æмбæлгæ хатдзæгтæ скæной æмæ æппæт фадæттæ дæр саразой, цæмæй фидæны ахæм цаутæй хызт уæм.

— Ацы къæпхæны уæлдай ахсджиагдæр у фыдбылызы æууæлтæ раиртасын, фарстамæ бардарæг æппæт ведомствæтæй райдай (Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрадæй,  «Росздравнадзор»-æй, «Ростехнадзор»-æй) æмæ рынчындоны разамындæй фæу — æппæт бæрнон кусджыты архайдæн дæр закъоны бындурыл аккаг аргъ скæнын. Фыдбылыз цавæр æууæлтæ расайдтой? Туаггуырдæттæн системæ рынчындоны чи æвæрдта, уыцы компанийы архайд цас æнаипп у? Æппæт хъæугæ гæххæттытæ дæр æмбæлгæ хуызы арæзт æрцыдысты? Стæй рынчындоны абоны онг туаггуырдæттæн резервон хæтæл цæуылнæ уыд, кæд æмæ ахæм амынддзинад лæвæрд æрцыд мæйы размæ? Æппæт уыцы фарстатæн дзуапп хъуамæ радтой слестгæнджытæ, — фæнысан кодта Сергей Меняйло.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады разамындæн Сергей Меняйло бахæс кодта, цæмæй æртæ боны æмгъуыдмæ республикæйы æппæт рынчындæтты дæр æвæрд æрцæуой туаггуырдæттæн станцæтæ. Уыимæ, Цæгат Ирыстоны разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, ацы бонты республикæмæ ссæудзысты специализацигонд компанийы минæвæрттæ. Уыдон раиртасдзысты республикæйы медицинон кусæндæтты туаггуырдæттæн системæты æнаипдзинады къæпхæн.

Сæвзæргæ уавæрыл дзургæйæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæдивæг Томайты Тамарæ куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, гæнæн ис, æмæ Краснодарæй Дзæуджыхъæумæ туаггуыр ласт цæуа къуылымпытимæ. Уымæн сæйрагдæр аххосаг — министры хæдивæджы ныхасмæ гæсгæ — хæдтулгæтæ дзæвгар рæстæг бафæстиат вæййынц фæндагыл.

Уый адыл Сергей Меняйло министры хæдивæджы раныхас баурæдта. Республикæйы разамонæг уыцы хъуыдыйæ йе ‘нæразыдзинад карзæй равдыста. Уыимæ, бацамыдта Промышленност æмæ транспорты министрады разамындæн, цæмæй республикæмæ туаггуыр ласыны куыстмæ йе ‘ргом аздаха.

— Туаггуыр республикæмæ хъуамæ ласт цæуа бæлвырд фæткы бындурыл. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад хъуамæ сараза сæрмагонд график. Промышленност æмæ транспорты министрадæн та хæс кæнын, цæмæй комкоммæ цæстдард уа, хæдтулгæтæ Краснодармæ афоныл ацыдысты æви нæ, фæстæмæ графикмæ гæсгæ раздæхтысты, æви нæ, æппæт уыдæттæм. Уыимæ, туаггуыр республикæмæ афойнадыл ласт æрцæудзæн, хæдтулгæ фæндагыл искуы бакъуылымпы уыдзæн, уымæй чысыл тасдзинад дæр куы фæзына, уæд уайтагъддæр хабар хъусын кæнут, — фæнысан кодта Сергей Меняйло.

Медицинон кусæндæтты разамонджытæн амынддзинæдтæ дæтгæйæ, республикæйы разамонæг Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы клиникæйы сæйраг дохтыр Цыдаты Татьянæйы размæ сæвæрдта ахæм нысан: уавæр дарддæр дæр æвзæрæрдæм куы ива, уæд рынчындоны уæлæмхасæн бынæттæ радих кæнын хъæудзæн æххуысхъуаг адæмæн.

Ныхасæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Сергей Меняйло ведомствæты минæвæртты зæрдыл æрлæууын кодта, сæ архайды сæйрагдæр нысантæ адæмы æнæниздзинад æмæ æдасдзинад кæй сты, уый. Йæ ныхасмæ гæсгæ, ацы ахсджиаг куыстмæ уæлæнгай цæстæй акæсынæн бынат хъуамæ ма уа. Уыимæ, æппæт тыхстаг фарстатæм дæр уæлдæр разамынды æргом хъуамæ афойнадыл здæхт цæуа.

— Уе ‘ппæтмæ дæр сидын, цæмæй æппæт хабæрттæ дæр æргомæй дзурат. Æмæ кæд исты тыхстаг уавæр сæвзæра, уæд æй боны фæткмæ æвæстиатæй рахæссут, цæмæй йæ банывыл кæнынæн афойнадыл хъæугæ мадзæлттæ арæзт цæуа. Алыхуызон зæрдæхсайгæ цаутæ басусæг кæныны тыххæй алкæцы бæрнон кусæг дæр цæудзæн æфхæрд, — кæронбæттæны фæнысан кодта Сергей Меняйло.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ Хицауады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here