Цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕр культурӕ ӕмӕ аивадмӕ ӕмхицдӕр уой

0
322

Уӕрӕсейы Президент Владимир Путины хъӕппӕрисӕй 2021 азы 1 сентябрӕй фӕстӕмӕ бӕстӕйы регионты ӕххӕст кӕнын райдайдзысты ног федералон культурон программӕ «Пушкинская карта».

Уый тыххӕй загъд ис УФ-йы Хицауады пресс-службӕйы хъусынгӕнинаджы.

Программӕйы фӕлгӕты ӕрыгӕттӕн (14 азӕй 22 азы онг) уыдзӕн театртӕм, музейтӕ ӕмӕ концертон залтӕм лӕвар билеттӕ исыны фадат (уыимӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы билеттӕн фиддзӕн паддзахад).

Программӕ йӕ тыхы бауадзыны нысанимӕ федералон Хицауад ныридӕгӕн сӕххӕст кодта ӕппӕт организацион мадзӕлттӕ дӕр. Афтӕ, зӕгъӕм, премьер-министр Михаил Мишустины уынаффӕйӕ программӕйы фыццаг къӕпхӕн райдайынӕн дихгонд цӕуы 3,9 миллиард сомы.

«Программӕйы фӕрцы нӕ бӕстӕйы милуангай ӕрыгӕттӕн уӕлӕмхасӕн гӕнӕнтӕ фӕзындзӕн культурӕ ӕмӕ аивады ирддӕр хӕзнатимӕ хуыздӕр базонгӕ уӕвынӕн. Ахӕм социалон ӕххуысы фӕрцы фӕсивӕд ӕввахсдӕр уыдзысты культурӕ ӕмӕ аивады цымыдисагдӕр фӕзындтытӕм, хъӕздыгдӕр кӕндзӕн сӕ удварн», — ног проектыл дзургӕйӕ, бафиппайдта Михаил Мишустин.

Хицауады пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, программӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕстгонд цӕудзысты банчы сӕрмагонд картӕйы ӕххуысӕй (йӕ ном «Пушкинская карта»). Ахӕм картӕтӕм паддзахад ӕрвылаз дӕр ӕрвитдзӕн ӕхцайы бӕлвырд бӕрц. Зӕгъӕм, ацы аз алкӕцы картӕмӕ дӕр барвитдзысты фӕйнӕ 3 мин сомы (уыимӕ, куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй фидӕны уыцы бӕрцытӕ рӕздзысты). Программӕйы архайын ӕмӕ ахӕм сӕрмагонд картӕ райсыны тыххӕй куырдиат бадӕттӕн уыдзӕн, паддзахадон лӕггӕдты порталы «хи кабинет» кӕмӕн ис, уыдонӕн. Уыимӕ, программӕйы архайыны фӕдыл ӕппӕт домӕнтӕ федералон Хицауад сфидар кӕндзӕн сӕрмагонд уынаффӕйӕ.

Ныридӕгӕн уал куыд сбӕрӕг, афтӕмӕй фӕсивӕдӕн уыдзӕн 800 федералон ӕмӕ регионалон культурон кусӕндоны бабӕрӕг кӕныны фадат.

(«ТАСС»)

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here