Нывӕфтыд Дыгургом

0
342

Хӕххон Дыгуры  алӕмӕты рӕсугъддзинады ӕмӕ ӕнӕферохгӕнгӕ зӕрдылдарӕн бынӕтты тыххӕй радзурын ӕнцон нӕу. Ӕрдз ацы ӕмбисонды къуымӕн балӕвар кодта абухгӕ цӕугӕдӕттӕ, фынккалгӕ ӕхсӕрдзӕнтӕ, уӕлхох уыгӕрдӕнтӕ ӕмӕ фосхизӕнтӕ, сатӕг цъититӕ, ӕндӕр хорздзинӕдтӕ. Уӕдӕ ам цы хӕххон бӕрзӕндтӕ ис, уыдон дӕр чысыл рӕсугъддзинад нӕ дӕттынц Дыгуры ӕрдхӕрӕны комӕн.

Фӕстаг азты нӕ республикӕйы горӕттӕ ӕмӕ хъӕутӕй, Уӕрӕсейы иннӕ регионтӕй дӕр фылдӕр адӕм цӕуын райдыдта хӕххон Дыгурмӕ. Ӕмӕ уый хуымӕтӕджы нӕу. Дыгургом у туризмы, альпинизм ӕмӕ хӕххон лыжӕтӕй бырыны спорты тӕккӕ хуыздӕр ран. Ардӕм фыццаг хатт чи ӕрбафты, уыдон дис фӕкӕнынц нӕ хӕхты бӕрзонд цъуппытыл, нӕзы ӕмӕ наз бӕлӕсты рӕсугъддзинадыл, ӕндӕр ӕрдзон нывтыл.

Хӕххон Дыгуры центрон хайы ис Цӕгат Ирыстоны тӕккӕ стырдӕр Къӕрӕугомы цъити. Йӕ дӕргъ у 15 километры бӕрц, ӕмӕ цъитийы бынӕй хъӕргӕнгӕ ӕмӕ фынккалгӕ ӕнхъӕвзы Къӕрӕугомы доны саха. Бӕрзонд къардиутӕй хаугӕйӕ, Къӕрӕугомы дӕттӕ фестынц ӕнӕнымӕц пырхӕнтӕ, ӕмӕ сӕ сатӕг комулӕфт ӕхсызгондзинад фӕдӕтты бӕлццӕттӕн. Дӕлдӕр та цӕугӕдон тӕссар къӕдзӕхты ‘хсӕнты тындзы ӕвӕджиау рӕсугъд ӕмхӕццӕ хъӕдыл. Галиуӕрдыгӕй дӕр ӕмӕ йӕм рахизӕрдыгӕй дӕр хауынц къада цӕугӕдӕттӕ. Уыдон райгуырынц бӕрзонд ӕврӕгъты хъӕбысы ӕнӕнымӕц миты хъӕпӕнтӕ ӕмӕ цъититы урс ӕхсырӕй. Къӕрӕугомдоны тӕккӕ стырдӕр къабӕзтӕ сты Бартуй ӕмӕ Фӕстаг, сӕ донгуырӕнтӕ та — уыдоны ӕмном цъититӕ.

Ацы цӕугӕдӕттӕ цы кӕмтты уайынц, уыдоныл фистӕгӕй абалц кӕнын йӕ бон бауыдзӕн кӕмӕнфӕндыдӕр, цӕмӕй алцыдӕр йӕхи цӕстытӕй фена ӕмӕ зӕрдӕйӕ банкъара аргъӕутты бӕстӕйы рӕсугъддзинад. Ӕнахуыр диссаг фӕкӕсдзысты хӕххон ӕхсӕрдзӕнтӕ дӕр. Уыдон та Дыгургомы чысыл не сты, хӕхты геологон арӕзт амы хуызӕн кӕй никуы у, уый тыххӕй.

Раст куы зӕгъӕм, уӕд Къӕрӕугомӕй ныгуылӕнӕрдӕм къаддӕр рӕсугъддӕр ком нӕй, ӕмӕ уый та хуыйны ӕрӕфгом. Масоты цъити ӕмӕ алыварс хӕхты сӕртӕй цы сахатӕ ӕнхъӕвзы, уыдонӕй бабирӕ вӕййы ӕрӕф ӕмӕ комы къултӕ ӕвдӕрзгӕ парахатӕй ӕнхъӕвзы быдырмӕ. Йӕ фӕйнӕфарс та айтынг сты хӕххон уыгӕрдӕнтӕ ӕмӕ фосхизӕнтӕ.

Ахӕм диссаджы ӕрдзон нывтӕ фенӕн ис Къӕрӕугомӕй скӕсӕнӕрдӕм — Гуылӕры комы дӕр. Фӕлӕ уый тыххӕй сӕрдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ хъӕуы. Афӕдзы кӕцыфӕнды афон дӕр хӕххон Дыгур у хӕрзконд ӕмӕ аив. Сӕрдыгон хур куы ныккӕсы йӕ зынг цӕстӕй, уӕддӕр дзы ӕнтӕф нӕ вӕййы. Фӕлӕ уыимӕ хурмӕ буар судзынӕй Сау денджызы былӕй ӕвзӕрдӕр ницӕмӕй у.

Алы хатт дӕр куыд вӕййы, афтӕ Дыгургомы зымӕг райдайы ноябры-декабры ӕмӕ ахӕссы 5 мӕйы бӕрц. Фылдӕр кӕмтты уыйбӕрц мит ныууары, ӕмӕ, лыжӕтыл кӕнӕ дзоныгъыл бырыны спорт чи уарзы, уыдон хъӕстагӕй никуы баззайынц.

Стыр ахадындзинад ис Дыгуры хохрӕбын уаццагӕн дӕр. Ам ис ӕмбӕлгӕ бацӕуӕн фӕндӕгтӕ, ахсджиаг хъӕууонхӕдзарадон районтӕ ӕмӕ хъӕугӕ туристон-экскурсион объекттӕ. Уымӕй уӕлдай, хохрӕбын хайы географион равӕрд фадатджын кӕй у, уый тыххӕй ам ауадзӕн ис, Цӕгат Ирыстон ӕндӕр регионтимӕ чи бӕтта, ахӕм туристон маршруттӕ. Зӕгъӕм, хӕххон Дыгурӕй Гуырдзыйы ӕфцӕгыл Республикӕ Гуырдзыстоны курортон район Шови ӕмӕ Онмӕ, ӕрӕфы комыл та — сыхаг Кӕсӕг-Балхъармӕ. Ардӕм Уазайы ӕфцӕгыл ныххизӕн ис Мӕцутӕйӕ дӕр. Уӕдӕ Дзынагъайӕ Дыгуры партизанты къахвӕндагыл Гуылӕры, Зджыды ӕмӕ ӕндӕр ӕфцгуытыл балцытӕ саразӕн ис Цъӕйы коммӕ дӕр.

Канд туристтӕ ӕмӕ экскурсанттӕ нӕ, фӕлӕ, нӕ республикӕйы цӕрджытӕй дӕр фыццаг хатт хӕххон Дыгуры чи вӕййы, уыдон дис фӕкӕнынц астӕуккаг ӕнусты арӕзт мӕсгуытыл. Ацы арӕзтӕдтӕ та сты Мӕцутӕйы. Задӕлескы, Къумбулты, Доныфарсы, Лезгоры ӕмӕ Дыгуры комы ӕндӕр цӕрӕн бынӕтты. Уӕдӕ къӕдзӕхджын рагъы ӕрдзон цыртдзӕвӕнтӕ дӕр къаддӕр цымыдисаг не сты. XIX ӕнусы кӕрон зындгонд ахуыргонд Н.Я.Динник «Олисай дон», зӕгъгӕ, уыцы лӕгӕты ссардта цалдӕр хъӕддаг галы сӕры къуыдыры.

Ацы цау ууыл дзурӕг у, ӕмӕ кӕддӕр Цӕгат Ирыстоны зӕххыл дӕр цард хъӕддаг гал, фӕстӕдӕр сихсыд нӕ хъӕды къуылдымты. Ныртӕккӕ та Дыгуры комы ӕрдзон бынӕтты арӕх сты дзӕбидыр, сычъи, арс, стӕй рувас, ӕндӕр хъӕддаг цӕрӕгойтӕ. Кӕддӕр алтайаг ӕхсӕрсӕттӕг ласт ӕрцыд Цъӕйы коммӕ, ӕмӕ фӕстаг азты ацы цӕрӕгой бафтыд Дыгуры комы хихджын хъӕдтӕм дӕр. Иу ныхасӕй, амы цӕрӕгойты дунемӕ хӕдзардзин цӕстӕй акӕс, уӕд экскурсион ӕмӕ туристон къордтӕн уаид ӕвӕджиауы фӕлгӕсӕн бынат.

Куыд загътам, афтӕмӕй фӕстаг азты нӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй фылдӕр спортивон къордтӕ цӕуынц Дыгуры коммӕ. Уыдон фистӕг балцытӕ саразынц ӕфцгуыты сӕрты ӕмӕ уымӕй бӕрзонддӕр кӕнынц се спортивон арӕхстдзинад. Ам цалдӕр хатты арӕзт ӕрцыдысты туриадӕтӕ, балцыты разамонджытӕ цӕттӕгӕнӕн ӕмбырдтӕ ӕмӕ турорганизаторты семинартӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай, хӕххон Дыгур у доны туризмы тӕккӕ хуыздӕр ран. Ам ӕдзухдӕр се спортивон дӕсныйад феххӕстдӕр кӕнынц, спорты ацы хуыз чи уарзы, уыцы адӕм. Доны маршруттӕ та райдайынц ӕрӕфы цӕугӕдонӕй, ахизынц Теркмӕ ӕмӕ дарддӕр цӕуынц Хъаспы денджызмӕ. Ӕппӕтӕй диссагдӕр та экскурсийы ӕрбацӕуджытӕ ӕмӕ туристтӕм фӕкӕсынц национ парк «Алани»-йы ӕрдзон бынӕттӕ.

Тохсырты Къоста

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here