Нӕ фыдӕлты культурӕ зонынмӕ

0
222

Фыдӕлты уӕзӕджы фарн ӕмӕ культурӕйы хӕзнатӕй хайджын кӕстӕртӕн царды фӕндагыл ӕнцондӕр цӕуӕн вӕййы. Уымӕн ӕмӕ ӕнӕ Райгуырӕн бӕстӕ нӕй адӕмыхатт, нӕй национ хиӕмбарынад.

Уыцы ӕппӕт ӕхсӕнадон фӕзындтытӕ ӕмбаргӕйӕ,  РЦИ-Аланийы Нациты хъуыддӕгты  министрады хъӕппӕрисӕй алы сӕрд дӕр арӕзт ӕрцӕуы этнолагер «Алайнаг фӕд».  Йӕ фӕрцы та фӕсарӕнты ӕмӕ нӕ бӕстӕйы горӕтты цӕрӕг ирон адӕмы кӕстӕртӕн фадат вӕййы сӕ фыдӕлты уӕзӕг  Ирыстонмӕ  ӕрцӕуынӕн ӕмӕ не ‘взаг, ӕгъдӕуттӕ, культурӕ, этнографи, истори хуыздӕр базонынӕн.

Знон кадджын уавӕры  Национ музейы уӕрӕх залы  этнолагер «Алайнаг фӕд»-ы ацы аз  чи архайы, уыцы фӕсивӕдӕн зӕрдиагӕй ӕгас цӕуат загътой РЦИ-Аланийы нациты хъуыддӕгты министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Цуциты Аслан, УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады Цӕгат Ирыстоны  минӕвар Хетӕгкаты Алан, ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд «Иры Стыр Ныхас»-ы сӕрдары хӕдивӕг Туаты Руслан, Фӕсивӕды хъуыддӕгты республикон комитеты сӕрдар Джусойты Руслан.

Фембӕлд йӕ арфӕйы ныхасӕй байгом кодта Цуциты Аслан. Куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй, этнолагер «Алайнаг фӕд»-ы дыууӕ рады цы фӕсивӕд архайы, уыдон сӕ фыдӕлты уӕзӕгмӕ ссыдысты Ярославлы ӕмӕ Самарӕйы облӕсттӕй, Ханты-Мансийскы автономон округӕй ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕй. Къуырийы дӕргъы та сын нӕ республикӕйы зындгонд историктӕ, ӕвзагиртасджытӕ лекцитӕ кӕсдзысты аланты, скифты, сӕрмӕтты равзӕрд ӕмӕ цардыуаджы тыххӕй, ирон ӕвзаг ӕмӕ музыкалон аивады равзӕрды фӕдыл. Сараздзысты сын экскурситӕ Дзӕуджыхъӕуы музейтӕм ӕмӕ кӕмтты зӕрдылдарӕн бынӕттӕм, фыдӕлты царды фӕдтӕ абоны онг ирдӕй бӕрӕг кӕм дарынц, уыцы рагон  хъӕутӕм.

Этнолагер «Аланты фӕд»-ы архайджытӕ республикӕйы уыдзысты ацы мӕйы кӕронмӕ.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here