Цӕгат Ирыстоны кусдзысты цӕугӕ медицинон комплекстӕ

0
304

Хӕстӕгдӕр рӕстӕг Цӕгат Ирыстоны кусын райдайдзысты цӕугӕ медицинон комплекстӕ. Республикӕйы ӕдӕппӕт уыдзӕн цӕлхытыл 4 ахӕм поликлиникӕйы. Проект ӕххӕстгонд цӕуы РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйлойы хъӕппӕрисӕй.

Ныридӕгӕн уал республикӕмӕ Стыр Новгородӕй схӕццӕ фыццаг ахӕм поликлиникӕ. Дзӕуджыхъӕуы Сӕрибары фӕзы компани «ПМК-МЕДЭК»-ы специалисттӕ фысымтӕн сарӕзтой медицинон комплексы презентаци, радзырдтой цӕугӕ поликлиникӕйы уӕрӕх фадӕтты тыххӕй. Афтӕ, алы комплексы дӕр ис ӕртӕ сӕрмагонд хӕдтулгӕйы. Уыдонӕй алкӕцыйы дӕр ис хъӕугӕ техникӕйӕ ифтонггонд медицинон кабинеттӕ.

Компанийы минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй ахӕм комплексты кусдзысты терапевт, невролог, офтальмолог, гинеколог, уролог ӕмӕ УЗИ-йы специалист. Уыимӕ, комплексы техникон фӕрӕзты фӕрцы алыхуызон низтӕ рабӕрӕг кӕнӕн уыдзӕн сӕ райдайӕн къӕпхӕныл. Иу бонмӕ ахӕм комплексы лӕггӕдтӕй спайда кӕныны фадат уыдзӕн 40 адӕймагӕн.

Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады куыд фехъусын кодтой, афтӕмӕй хӕстӕгдӕр рӕстӕг республикӕмӕ ссӕудзысты ноджыдӕр ма 3 ахӕм медицинон комплексы. Уыдонӕн профилон ведомствӕ рагагъоммӕ снысан кӕндзӕн рӕстӕгмӕ бынӕттӕ.

— Республикӕйы цӕрджытӕн комплексты лӕггӕдтӕ уыдзысты лӕвар. Уыимӕ, куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй цӕугӕ поликлиникӕтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ ӕрвитдзыстӕм дӕрддзӕф хъӕутӕм дӕр, — фӕбӕрӕг кодта ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Тебиаты Сослан.

Компани «ПМК-МЕДЭК»-ы хицау Юрий Протасов сӕрмагондӕй бацамыдта, медицинон комплекстӕй иу сывӕллӕттӕн нысангонд кӕй уыдзӕн, уый. «Уыцы комплекстӕй та-иу ӕрбынӕттон уыдзӕн ахуырадон кусӕндӕтты раз. Уырдӕм сывӕллӕттӕн уыдзӕн сӕ ныййарджытимӕ ӕрбацӕуыны фадат. Цӕугӕ поликлиникӕйы рӕзгӕ фӕлтӕрӕн кӕндзысты диспансеризацийы мадзӕлттӕ», — радзырдта Юрий Протасов.

Зӕгъын хъӕуы, компани «ПМК-МЕДЭК» медицинон лӕггӕдты къабазы 30 азӕй фылдӕр кӕй кусы, уый дӕр. Абоны онг компани ахӕм проекттӕ ӕххӕст кӕны цалдӕр уӕрӕсейаг регионы.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here