Беслӕны райрӕзты генералон пъланы мадзӕлттӕ

0
229

Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло кусӕг балцимӕ бабӕрӕг кодта Рахизфарсы район. Республикӕйы разамонӕг базонгӕ, Беслӕны райрӕзты генералон пъланы мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕныныл цы куыст цӕуы, уыимӕ.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй Уӕрӕсейы Президент Владимир Путины амынддзинадмӕ гӕсгӕ фидаргонд ӕрцыд Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы социалон-экономикон рӕзты сӕрмагонд мадзӕлтты номхыгъд. Уыцы номхыгъды сӕрмагонд бынат бацахста Беслӕны райрӕзты генералон пълан. Документы уагӕвӕрды бындурыл 2025 азы онг горӕты арӕзт хъуамӕ ӕрцӕуой тагъд медицинон ӕххуысы станцӕ, поликлиникӕ, аивадон ӕмӕ музыкалон скъолатӕ, ӕвзонг техниктӕ ӕмӕ натуралистты станцӕтӕ, рӕзгӕ фӕлтӕры сфӕлдыстады ӕндӕр объекттӕ. Уымӕй уӕлдай, рацараздзысты стадион «Пищевик», базилдзысты ӕхсӕнадон фӕлладуадзӕн бынӕттӕм, фӕндӕгтӕ ӕмӕ цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады комплексы объекттӕм.

Фыццаджы-фыццагдӕр республикӕйы разамонӕг бабӕрӕг кодта ӕвзонг техниктӕ ӕмӕ натуралистты станцӕты арӕзтадон фӕзтӕ. Районы сӕргълӕууӕг Фрайты Сослан ӕмӕ республикӕйы арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министры хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Моргуаты Константин куыд радзырдтой, афтӕмӕй станцӕты арӕзтадон-монтажгӕнӕн куыстыты фылдӕр хай ныридӕгӕн ӕххӕстгонд ӕрцыд. Ныртӕккӕ аразджытӕ кӕнынц мидӕггаг аивгӕнӕн ӕмӕ бӕстыхӕйтты алыварс фӕлгонцадон куыстытӕ. Хӕстӕгдӕр рӕстӕг ӕвзонг натуралистты станцӕйы фарсмӕ ӕрӕвӕрдзысты ӕртӕ хъӕрмуаты дӕр. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй дыууӕ станцӕйы дӕр кусын райдайдзысты фӕззӕджы.

Сергей Меняйло подрядон организациты минӕвӕртты ӕргом аздӕхта куыстыты хӕрзхъӕддзинады фарстатӕм. Республикӕйы разамонӕг профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ районы администрацийы бӕрнон кусджытӕн бахӕс кодта, цӕмӕй куыстыты цыды фӕткмӕ уа ӕрвылбонон цӕстдард.

Дыууӕ станцӕйы кӕм ӕрбынӕттон сты, уыцы микрорайоны райрӕзтыл дзургӕйӕ, Сергей Меняйло куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй уым саразын хъӕудзӕн цӕрӕнуатон ног комплекс дӕр. Уыцы нысаныл республикӕйы разамонӕджы амынддзинадмӕ гӕсгӕ бакусдзӕн Арӕзтад ӕмӕ архитектурӕйы министрад. Уымӕй уӕлдай, микрорайоны ныронг скъола дӕр нӕма ис. Уыцы фарста дӕр ахъуыдыйаг у.

Уырдыгӕй Сергей Меняйло йӕ фӕндаг акодта Ногъайты ӕфсымӕрты уынгмӕ. Уым та арӕзт цӕуы ног рӕвдауӕндон (уыдзӕн дзы 120 бынаты). Подрядон организацийы минӕвӕрттӕ куыд радзырдтой, афтӕмӕй августы кӕронмӕ сӕххӕст кӕндзысты бӕстыхайы ӕппӕт мидӕггаг аивгӕнӕн куыстытӕ дӕр. Фӕззӕджы та бавналдзысты рӕвдауӕндоны алфамбылайы фӕлгонцадон куыстытӕм.

Фидӕны рӕвдауӕндоны бӕстыхӕйттыл ӕрзилгӕйӕ, Сергей Меняйло бӕлвырд амынддзинӕдтӕ радта подрядон организацийы минӕвӕрттӕн, аразджыты куыстмӕ бахаста иуӕй-иу фиппаинӕгтӕ дӕр.

— Рӕвдауӕндоны техникон ифтонгдзинад хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕуа ӕппӕты бӕрзонддӕр домӕнты бындурыл, цӕмӕй дзы сывӕллӕтты хъомыладӕн уа арфӕйаг фадӕттӕ, — фӕнысан кодта республикӕйы разамонӕг.

Дарддӕр инспекцион къорды уӕнгтӕ ӕркастысты, Терроризмы профилактикӕйы дунеон культурон-патриотон центры арӕзтады проектыл цы куыст цӕуы, уымӕ.

Профилон ведомствӕтӕ ӕмӕ подрядон организациты минӕвӕрттӕн ныстуантӕ дӕтгӕйӕ, Сергей Меняйло куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй ӕппӕт фадӕттӕй дӕр бацархайын хъӕуы, цӕмӕй 2004 азы сентябры цаутӕ ӕвдисӕг бӕстыхӕйттӕ ӕмӕ ӕндӕр ӕрмӕджытӕ хъахъхъӕд ӕрцӕуой.

Проекты хицӕндзинӕдты тыххӕй бӕстон радзырдта Моргуаты Константин. Йӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, центры сконды уыдзӕн цалдӕр дӕлхайады: мемориалон, музейон-экспозицион ӕмӕ афтӕ дарддӕр…

— Рагагъоммӕ куыд снысан кодтам, афтӕмӕй центр фидӕн азы кӕрон хъуамӕ байгом уа. Бӕстон куыст бакӕнын хъӕуы, цӕмӕй номарӕн центр йӕ ӕддаг бакастӕй дӕр, стӕй йӕ ӕрмӕджыты ахадындзинадӕй дӕр бӕрӕг дара, — бафиппайдта Сергей Меняйло.

Уый тыххӕй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here