Былгӕрӕттӕ — сыгъдӕгдӕр

0
181

Ӕппӕтуӕрӕсеон адӕмон фронты цӕгатирыстойнаг хайады активисттӕ, стӕй ӕндӕр ӕхсӕнадон организацитӕ ӕмӕ муниципалон кусӕндӕтты минӕвӕрттӕ горӕтмӕ ‘ввахс Терчы былгӕрӕттӕ хӕдтулгӕты цӕлхыты рӕзинӕ агъудты цӕндтӕй расыгъдӕг кодтой.

Афӕдзы дӕргъы цӕугӕдоны былгӕрӕттӕм ӕввахс цӕрӕг адӕм амынд цӕндтӕй хъаст кодтой. Арӕх-иу ӕбӕрӕг адӕймӕгтӕ цӕлхыты резинӕ агъудтыл арт кӕй бандзӕрстой, уый аххосӕй-иу бӕстӕ фӕздӕгӕй байдзаг, хӕдзӕртты рудзгуытӕ байгом кӕнын ӕмӕ Терчы былгӕрӕтты атезгъо кӕныны фадат нӕ уыд.

Зиууӕттӕ уӕзласӕн хӕдтулгӕйы гуыффӕты кӕй бавгӕдтой, уыцы амынд агъудтӕ сӕрмагонд полигонмӕ ласт ӕрцыдысты.

Зиууӕттӕ ӕдӕппӕт ӕрӕмбырд кодтой 2,5 тонннӕйӕ фылдӕр цӕлхыты резинӕ агъудтӕ. Амӕй размӕ ӕхсӕнадон организацийы уӕнгтӕ, ӕппӕтуӕрӕсеон экологон акци «Уӕрӕсейы дон»-ы архайгӕйӕ, алыхуызон кусӕндӕттӕй бархионтимӕ иумӕ Терчы 8 километры дӕргъӕн былгӕрӕттӕ бырӕттӕй расыгъдӕг кодтой.

Бӕдтиаты Оксанӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here