“Ӕфсад-2021” байгом

0
393

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы хӕстӕ рӕстӕгмӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло архайдта ӕфсӕддон-техникон форум «Ӕфсад-2021» гом кӕныны кадджын мадзалы. Уый цӕуы Мӕскуыйы бынмӕ парк «Патриот»-ы, ӕмӕ ам ӕвӕрд ӕрцыдысты бӕстӕйы хъахъхъӕнӕн-промышленнон комплексы куыстуӕтты стыр экспозицитӕ. Йӕ гом кӕныны кадджын мадзалы раныхас кодта Уӕрӕсейы Федерацийы Президент Владимир Путин.

— Уӕрӕсейы ис, сӕрыстыр цӕмӕй уӕм, уый, ӕмӕ, нӕ цӕдисонтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕн цы бахъарӕм, уыдӕттӕ дӕр. Ӕппӕт фӕстаг азты дӕр ӕнӕкъуылымпыйӕ царды уагъд цӕуы хӕцӕнгӕрзтӕй ифтонг кӕныны паддзахадон программӕ ӕмӕ хъахъхъӕнӕн-промышленнон комплексы тыхджын сырӕзты даргъӕмгъуыдмӕйы программӕ дӕр. Не ‘фсад ӕмӕ флот иудадзыг ногдӕргонд цӕуынц, исынц фӕстаг фӕлтӕрты тӕккӕ хуыздӕр хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ техникӕ. Стратегион ядерон тыхты хай нырыккон хӕцӕнгӕрзтӕй ифтонг кӕныны ныридӕгӕн хӕццӕ кӕны 80 процентмӕ. Уый дзӕвгар фылдӕр у, дунейы ядерон бӕстӕты цас у, уымӕй. Ӕнтыстджынӕй уагъд цӕуынц хӕцӕнгӕрзтӕ ӕмӕ техникӕ ӕмӕ уыдоны фидӕны хуызӕгты хӕстхъомдзинад фӕуӕлдӕр кӕныны проекттӕ дӕр. Се ‘хсӕн ис уӕлдӕрмырон авиацион-ракетон комплекс «Кинжал», ӕнӕтӕхӕг дардмӕ тӕхӕн аппарат «Охотник». Ацы хӕцӕнгӕрзтӕй бирӕтӕн сӕ тактикон-техникон миниуджытӕм гӕсгӕ сӕ хуызӕттӕ нӕй дунейы, кӕцыдӕр хуызӕгтӕй та фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ дӕргъвӕтин рӕстӕг нӕ уыдзӕн, — бафиппайдта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Форум «Ӕфсад» цӕудзӕн 22-28 августы. УФ-йы Хъахъхъӕнынады министрад сарӕзта равдыстон мадзӕлттӕ бӕрзондтехнологон куыстады къабазы ног хъуыдытимӕ зонгӕ кӕныны тыххӕй ӕмӕ арӕзт цӕуынц ӕвдӕм хатт. Хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, форумы уыдзысты 97 бӕстӕйы делегацитӕ, ӕфсӕддон хъӕзтыты та архайдзысты 43 паддзахады ӕфсӕддонтӕ. Ӕввахсдӕр дыууӕ къуырийы уыдон сӕ арӕхстдзинад равдисдзысты танктыл, хӕдтӕхджытыл, наутӕ ӕмӕ сармадзантыл.

27-29 августы ӕвдӕм дунеон ӕфсӕддон-техникон форум «Ӕфсад» ацӕудзӕн Цӕгат Ирыстоны дӕр. Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министрады хъӕппӕрисӕй ӕмӕ УФ-йы Президент Владимир Путины амындӕй ӕфсӕддон намысы горӕт Дзӕуджыхъӕу ацы аз Хуссайраг ӕмӕ Цӕгат-Кавказаг федералон зылдтыты 15 субъекты, стӕй Абхазы, Сомих ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддон базӕты хуызӕн ссис ахсджиаг мадзал арвитыны фӕзуӕттӕй иу.

Цӕгат Ирыстоны цы форум арӕзт ӕрцӕудзӕн, уый кӕронбӕттӕны Дзӕуджыхъӕуӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг Цӕгат Ирыстон немыцаг фашисттӕй чи хъахъхъӕдта, уыцы ӕфсӕддон хӕйтты тырысатӕ. Уымӕй уӕлдай, ДОСААФ-ы полигоны Джызӕлы цы нырыккон техникӕйы равдыст арӕзт ӕрцӕудзӕн, уыимӕ сӕ бон базонгӕ уӕвын уыдзӕн республикӕйы цӕрджытӕн. Полигон та суыдзӕн ӕфсӕддон-патриотон клуб «Авангард»-ы иудадзыгон фӕзуат. Йӕ бындурыл пълангонд цӕуы сидтонты ӕфсӕддон наукӕтыл ахуыр кӕнын, фӕсивӕды спорты архайынмӕ разӕнгард кӕнын ӕмӕ патриотизмы ӕнкъарӕнтыл хъомыл кӕнын дӕр.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here