Ног ахуыры азмӕ бирӕ нал баззад. Нӕ республикӕйы скъолатӕ хӕрзцӕттӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц сӕ ахуырдзаутӕм. Фыццаг къласмӕ фыццаг хатт чи бахиздзӕн, уыцы гыццыл хъомылгӕнинӕгтӕм. Скъоламӕ Ирыстоны сывӕллӕттӕ цӕудзысты канд горӕты, районты нӕ, фӕлӕ хӕххон фӕзуӕтты дӕр.
Хӕхбӕсты скъолатӕ абоны горӕтаг бӕстыхӕйттӕй дӕлдӕр ницӕмӕй лӕууынц. Куыд раздӕр, афтӕ дзы ныр дӕр кусы фӕлтӕрдджын ахуыргӕнджытӕ. Ис сӕм ӕппӕт хъӕугӕ уавӕртӕ ӕмӕ фадӕттӕ дӕр нывыл ахуырӕн. Хӕххон скъолайы рауагъдонтӕ рагӕй дӕр уыдысты ӕмӕ сты курдиатджын фӕлтӕртӕ, сӕ ахуыры хорз бӕрӕггӕнӕнтӕ нӕ Фыдыбӕстӕйы хӕрзамондӕн дӕр ахъаз кӕмӕн фесты, ахӕм фӕсивӕд.
Уыдонӕй иу у Хъобаны 9-азон скъола дӕр. Бындур ын ӕвӕрд ӕрцыд 1939 азы, ӕмӕ уӕдӕй-абонмӕ ацы рухс галуаны къӕсӕрӕй царды стыр фӕндагмӕ бирӕ фӕлтӕрты афӕндараст кодта, сӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ сӕрызонды дунембарынады хуыздӕр миниуджытӕ сӕвзӕрдысты ацы скъолайы, сӕ фыццаг ахуыргӕнджытимӕ дамгъӕтӕ тетрады сыфтыл арӕхстджынӕй сныв кӕныныл кӕм архайдтой, ӕмӕ кӕсын, фыссын, нымайын кӕм базыдтой, ахӕм бӕстыхай. Хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр, уый куы бамбӕрстой, уӕд та сӕ рауад ӕхсӕнадӕн фӕзминаг адӕм.
Хъобаны скъола бирӕ зынтӕн ныффӕрӕзта. Ног царды домӕнтӕ сӕ кӕнон кӕнынц. Ӕхсӕнад дӕр аивта. Хӕххон хъӕутӕй адӕм быдырмӕ, горӕтмӕ, куы ныххӕррӕтт кодтой, уӕд хӕхбӕсты скъолатӕн сӕ хъысмӕт сагъӕссаг сси. Сӕ уавӕр дыууӕйыл уыд: кӕнӕ куыстаиккой, кӕнӕ ӕхгӕд ӕрцыдаиккой. Уӕлдай уӕззаудӕр рӕстӕджытӕ сын 2000-ӕм азты уыдысты — оптимизацийы дуг сӕм «бахоста».
Нал хъӕуынц фӕсвӕд скъолатӕ, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды дӕр иу рӕстӕг ахуырады системӕйы фӕзынд. Фӕлӕ фыддуг ӕмӕ фыдлӕг бирӕ нӕ хӕссынц, дзырдтой нӕ хистӕртӕ. Хъобаны скъолайыл дӕр уӕд зын рӕстӕджытӕ скодта, сӕхгӕныныл уыдис йӕ фарста. Нал дзы фаг кодта сывӕллӕттӕ, хистӕр кълӕстӕ та дзы ӕппын нал уыд. Ӕмӕ ацы ран ахуыргӕнджытӕ цы сгуыхтдзинад равдыстой, уый хуымӕтӕг ныхӕстӕй радзурӕн нӕй.
Скъолайы разамонӕг, фӕлтӕрдджын ахуыргӕнӕг Битарты Зинаидӕ ахуыргӕрджытимӕ сӕ уарзон скъола бахъахъхъӕныныл бацархайдтой ӕмӕ сын бантыст.
— Мах иугай минтӕ мызд исыныл дӕр разы стӕм, уӕддӕр скъола ӕхгӕд ма ‘рцӕуӕд, — дзырдта Битарты Зинаидӕ. — Джызӕлы 2-ӕм астӕуккаг скъолайы дӕлхайад стӕм. Ӕз университеты фӕстӕ 1979 азы ардӕм кусынмӕ ӕрбацыдтӕн хими ӕмӕ биологийы ахуыргӕнӕгӕй. Уӕдӕй абонмӕ кусын ам. Ис нӕм ацы аз 15 скъоладзауы. Уыдонӕй 1-ӕм къласы — 2 сывӕллоны; 2-ӕм къласы — 2 сывӕллоны, 3-ӕм къласы — 1 сывӕллон; 4-ӕм къласы — 3, 5-ӕм къласы — 3, 8-ӕм къласы — 1 ӕмӕ 9-ӕм къласы — 3. Нӕй нӕм 6-7 кълӕстӕ. Алы аз дӕр, судзинтыл бадӕгау, уыдыстӕм, уӕд нӕ сӕхгӕндзысты, зӕгъгӕ. Нӕ зӕрдӕтӕ рыстысты уыцы хъуыддагыл. Фӕлӕ та уавӕр фӕнывылдӕр, Хъобаны цӕрджытӕ фылдӕр кӕнынц, ӕмӕ дзы фӕзынд сабитӕ дӕр.
Хъобаны скъола ӕмӕ йӕ уавӕртӕ бындуронӕй ивд ӕрцыдысты. Кӕддӕр хӕххон дурӕй амад бӕстыхай базонӕн нал ис, афтӕ йӕ хуыз скалдта. Ӕмӕ ууыл бацархайдтой Хъобаны цӕрӕг Дзуццаты ӕфсымӕртӕ Таймураз ӕмӕ Игор. Горӕтаг скъолайӕ хъауджыдӕр нал у ацы бӕстыхай. Ӕфсымӕртӕ дзы сарӕзтой ӕппӕт уавӕртӕ дӕр. Скъола ӕддӕрдыгӕй рацарӕзтой нырыккон ӕрмӕгӕй, раивтой йын йӕ сӕр, дуӕрттӕ, рудзгуытӕ, асинтӕ, кӕрт асфальтӕй бамбӕрзтой. Мидӕгӕй кълӕстӕ ног хуызы хъӕугӕ мадзӕлттӕй сифтонг кодтой. Бауагътой Интернеты бастдзинад дӕр, хъармгӕнӕн ног системӕ. Сывӕллӕтты гигиенӕйӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр ис мидӕгӕй. Районы ахуырады разамынд сын барвыста ног партӕтӕ, бандӕттӕ, скъӕппытӕ. Алы кабинеты дӕр ис ифтонггӕрзтӕ. Скъолайы хӕрӕндон дӕр сарӕзтой, ӕмӕ дзы хӕринаггӕнӕгӕй кусы Касаты Фатимӕ.
Скъоладзаутимӕ кусынц тынг хорз ахуыргӕнджытӕ. Фӕлтӕрдджын ӕмӕ хъӕздыг, ӕрмӕст зонындзинӕдтӕй нӕ, фӕлӕ зӕрдӕйӕ, удӕй. Уыдон алы сывӕллонмӕ дӕр хи хъӕбулы каст кӕнынц. Бӕлвырд, биноныг цӕстдард сӕм цӕуы, куыд ахуыры, афтӕ иннӕ хъомыладон фарстаты дӕр. Ахуыргӕнджытӕ та дзы ис 12 адӕймаджы ӕппӕт предметтӕй дӕр. Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Къомайты Маргаритӕ сывӕллӕттӕн дӕтты фӕллой кӕныны уроктӕ. Къухӕй ми кӕныныл сӕ ахуыр кӕны, кӕддӕр йӕхӕдӕг ӕвзонгӕй цӕуыл ахуыр кодта, уыцы дӕсныйӕдтыл. Чызджытӕ зӕрдиагӕй ахуыр кӕнынц фӕсмын ӕндахӕй алы дзаумӕттӕ бийыныл, лӕппутӕ та ӕрдзон ӕрмӕгӕй, алыхуызон лыстӕг дуртӕ, къӕцӕлтӕ, сыфтӕ ӕмӕ суанг къафетты цъӕрттӕй аразынц хӕххон цардӕй ист нывтӕ, скъуыддзӕгтӕ Нарты кадджытӕй, ирон хӕдзары дзаумӕтты хуызтӕ. Скъолайы ис, кӕддӕр советон цардарӕзты кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм библиотекӕ. Сывӕллӕттӕ зӕрдиагӕй уайынц ардӕм ӕмӕ кӕсынц чингуытӕ. Уымӕй хуыздӕр ма адӕймаг цы фена? Чиныг дӕ къухтӕм райс, рафӕлдах ын йӕ сыфтӕ, ӕркӕс ын йӕ нывтӕм. Бирӕ ӕндӕр скъолаты сывӕллӕттӕн чиныг цымыдисаг нал у Интернеты разӕй. Хъобайнаг скъоладзаутӕн дӕр ис Интернет, фӕлӕ дзы пайда кӕнынц цӕстуынгӕ ӕрмӕджытӕм ӕркӕсыны тыххӕй.
Скъолайы зынгхуыссынгӕнӕн, электрон ӕмӕ хъармдӕттӕн тыхы системӕтӕ сты ногарӕзт ӕмӕ бӕлвырд. Бӕстыхай бындуронӕй цалцӕггонд ӕрцыд 2015 азы.
Ӕрыгон режиссер Мӕхъиты Сослан йӕ киноныв «Фотография до и после»-йы скъуыддзӕгтӕй иу ацы скъолайы систа. Режиссер мидисӕн равзӕрста Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты темӕ, сӕ сабыр дуг, се ‘нӕмӕты цард сын хӕст дыууӕ дихы куыд фӕкодта. Кинонывы архайдтой ЦИПУ-йы аивӕдты факультеты студенттӕ, ирон, уырыссаг театртӕ ӕмӕ бӕхты театр «Нарт»-ы артисттӕ. Фӕлӕ скъолайы хъалагъурӕй кусӕг Касаты Иосифӕн дӕр режиссер чысыл рол бахӕс кодта, ӕмӕ тынг хорз сарӕхстис. Иу ныхасӕй, Хъобаны скъола кӕд кусы ног ӕмӕ нырыккон уавӕрты, хорз фадӕттӕ дзы фӕзындис, уӕддӕр йӕ советон хуыз ӕмӕ фӕтк нӕ фесӕфта, ӕмӕ уый зӕрдӕйӕн ноджы фылдӕр ӕхцондзинад дӕтты. Цыма дзы ивгъуыд ӕмӕ ныры рӕстӕджытӕ баиу сты, ӕмӕ дзы алкӕцыдӕр йӕ хъӕздыг зонындзинӕдтӕ ерысӕй тауыныл архайы, афтӕ кӕсы адӕймагмӕ. Хъобаны цӕрджыты ныр сагъӕс кӕнын нал хъӕуы хуыздӕр скъола агурыныл. Нырыккон цард ӕмӕ ахуырады домӕнтӕн ӕппӕт дзуаппытӕ дӕр чи дӕтты, уыцы ног хуызмӕ рацарӕзта йӕхи хъӕуы скъола, ӕмӕ уый стыр амонд у хохӕгтӕн.
Саутӕты Тамилӕ
Къамтӕ систа Хъайырты Дианӕ


















