Сидзӕр лӕппынтӕ

0
278

Радзырд

Чысыл Алан, зӕрватыччыты ахстон цы сырддонцъиу байста, уымӕн цы нӕ фӕкодта, фӕлӕ, марадз зӕгъай, кӕд сын сӕ бынат суӕгъд кӕна. Йӕхи къуырттон каркау схъуынджынтӕ кодта, афтӕмӕй кӕйдӕр хъарм ахстоны нынныгъуылди. Хӕдзары хицӕуттӕ — дыууӕ зӕрватыччы-иу, мӕгуыр, ахстоны цур сбадтысты ӕмӕ-иу тӕригъӕддаг хъӕлӕсӕй сӕ хъарджытӕ кодтой.

Алан цалдӕр хатты ахъавыд, ӕгоммӕгӕс сырддонцъиуы кӕйдӕр ахстонӕй раппарынмӕ, фӕлӕ-иу уый йӕ гӕндзӕхтӕ сцагъта.

— Хиуарзон, магусайӕ цӕлуарзаг!..— ӕмӕ йӕ цы нӕ схуыдта Алан. Зӕрватыччытӕ дӕр бамбӕрстой хивӕнд сырддонцъиуы ӕгоммӕгӕсдзинад ӕмӕ йӕ ныхъхъуыдты уагътой. Цары иннӕ хъайваныл ног ахстон аразын байдыдтой. Афтӕ цырд февнӕлдтой, ӕмӕ сыл цӕст дӕр нӕ хӕцыд.

Ӕхсызгон уыд Аланӕн, зӕрватыччытӕ ӕндӕр ранмӕ кӕй нӕ атахтысты, уый. Сӕ ног «хӕдзар» рӕзт бонӕй-бонмӕ. Хъуыды дӕр нал кодтой сӕ фыццаг ахстоныл. Сырддонцъиу сӕм-иу хатгай сусӕгӕй рагудзи кодта. Цъӕхснаг хъӕлӕсӕй-иу сцъипп-цъипп кодта:

— Ничи… Ничи… Сӕм… сӕм… кӕс-кӕсы… Ахс-т-ахстон ацӕ… цӕттӕ… кодтой…

Хинӕйдзаг сырддонцъиу тынг къӕрцхъусӕй хъахъхъӕдта йӕ ахстон. Зӕрватыччытӕ-иу цъыф хӕссынмӕ куы фесты, уӕд-иу уый дӕр сусӕгӕй йӕ ахстонӕй ратахт.

Аланы мад, кӕрчытӕн хӕринаг кӕм ӕркалы, уырдӕм-иу йӕхи ныйиста, хорз-иу фӕминас кодта ӕмӕ та-иу фӕстӕмӕ йӕ хъарм ахстоны ныббырыд.

Сцӕттӕ зӕрватыччытӕн дӕр сӕ ахстон. Райхъуыст сӕ цъӕхснаг хъӕлӕс. Фӕзынд сын лӕппынтӕ. Сӕ цинӕн ма кӕрон кӕм уыд дыууӕ зӕрватыккӕн. Иу бон сырддонцъиуы ахстонӕй дӕр райхъуыст лӕппынты цъипп-цъипп.

… Цыд рӕстӕг. Сырддонцъиу ӕмӕ зӕрватыччытӕ зӕрдиагӕй зылдысты сӕ лӕппынтӕм. Фӕлӕ иу райсом сырддонцъиуы лӕппынтӕ сидзӕрӕй аззадысты. Сӕ мад кӕрчыты хӕринагмӕ куыд фӕцӕйхъуызыд, афтӕ йыл фӕстӕты ӕнӕнхъӕлӕджы йӕхи андзӕрста Аланы сау гӕды. Дӕ фыдгул дӕр афтӕ. Иу цъипп дӕр нал райхъуыст сырддонцъиуӕй, гӕды йӕ йӕ дӕндӕгты ӕхсӕн нылхъывта ӕмӕ цӕхӕрадонмӕ агӕпп кодта.

Сырддонцъиуы ахстон баззад дзӕгъӕлӕй. Аланӕн йӕ бон нал уыд сидзӕр лӕппынты тӕригъӕдмӕ кӕсын. Йӕ тыппыр рустыл ӕрызгъордтой цӕссыгтӕ. Ризгӕ хъӕлӕсӕй сӕ гӕдымӕ ныртхъирӕн кодта:

— Мӕнӕ хӕдзармӕ фӕзынай, ӕз…ӕз дын, лӕг цы у, уый фенын кӕндзынӕн…

Цы сын акӕна, куыдӕй фервӕзын кӕна сидзӕр лӕппынты, уый нӕ зоны Алан. Лӕппынты тӕригъӕддаг цъипп-цъипмӕ хъусын йӕ бон нал уыд. Нал ӕй ахста хуыссӕг дӕр. Фӕлӕ мӕнӕ райсомӕй ӕвиппайды федта диссаг: сырддонцъиу сӕ ахстон кӕмӕн байста, уыцы зӕрватыччытӕй иу фӕуагъта йӕхи лӕппынты ӕмӕ йӕ хъарм базырты бын ӕрбанорста сидзӕр лӕппынты. Куы схъарм сты, уӕд атахт. Чысыл фӕстӕдӕр та фӕзынд, сидзӕр лӕппынтӕн ӕрбаскъӕфта хӕринаг. Уыдон, мӕгуыр, сӕ чысыл дзыхтӕ ныхъхъил кодтой, сцъипп-цъипп кодтой, ӕмӕ зыдӕй фӕлӕбурдтой хӕрынмӕ.

Аланы цинӕн ма кӕрон кӕм уыди. Масты цӕссыгтӕ раивта цины цӕссыгтӕм. Хӕрзӕггурӕггаг фӕцис йӕ мадмӕ:

— Ӕна!… Ӕна!… Зӕрватыччытӕ сидзӕрӕй нӕ ныууагътой сырддонцъиуы лӕппынты…

Уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕрватыччытӕ сӕхи лӕппынтӕй уӕлдай зилын байдыдтой сырддонцъиуы сидзӕртӕм дӕр. Хӕринаг сын лӕвӕрдтой ӕмхуызон, хъарм сӕ кодтой радыгай.

… Ӕрхӕццӕ фӕззӕг. Сидзӕр лӕппынтӕ фӕсӕрӕн сты, фесты тӕхынхъом. Иу райсом хӕрзбон загътой сӕ ахстонӕн ӕмӕ цингӕнгӕ фыццаг хатт стахтысты цъӕх-цъӕхид арвмӕ. Се схъомылгӕнджытӕ, хӕларзӕрдӕ дыууӕ зӕрватыччы ӕд лӕппынтӕ сӕхи хъарм бӕстӕм тӕхынмӕ ӕрцӕттӕ кодтой, дӕргъӕй-дӕргъмӕ телыл рарӕгъ сты ӕмӕ ӕхсызгонӕй кастысты, сӕ сыхаг сырддонцъиуы лӕппынтӕ цингӕнгӕ се ‘мбӕлттимӕ сӕууон рог уӕлдӕфы куыд ратӕх-батӕх кодтой, уымӕ.

Черчесты Хъасболат

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here